Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Левит 15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Нӕлгоймаджы низты тыххӕй

1 Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн бафӕдзӕхста,

2 цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъой: «Йе ’рдон буарӕй цъӕй кӕмӕн цӕуа, уыцы нӕлгоймаг ӕнӕсыгъдӕг у.

3 Фӕнды ӕнӕсцухӕй лӕдӕрсӕд, фӕнды рӕстӕггай — нӕлгоймаг фӕчъизи уыдзӕн.

4 Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый кӕм схуысса, уыцы хуыссӕн ӕнӕсыгъдӕг у; цӕуылдӕриддӕр ӕрбада, уый дӕр ӕнӕсыгъдӕг у.

5 Йӕ хуыссӕныл ын чи бандзӕва, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.

6 Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый цӕуыл бадти, ууыл чи ӕрбада, уый дӕр-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.

7 Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уымӕн йӕ буарыл чи бандзӕва, уый дӕр-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.

8 Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый, сыгъдӕг чи у, ахӕм адӕймагыл куы бату кӕна, уӕд-иу уыцы адӕймаг йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.

9 Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, ахӕм нӕлгоймаг цы саргъыл бадти, уый ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.

10 Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уымӕн йӕ быны цы уыд, ахӕм истӕуыл чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Йӕ къухмӕ йӕ чи сиса, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.

11 Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый, йӕ къухтӕ нӕ цӕхсадта, афтӕмӕй кӕуыл бандзӕва, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.

12 Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый дурын мигӕнӕныл куы бандзӕва, уӕд ӕй асӕттын хъӕуы, хъӕдын дзаума куы уа, уӕд та йӕ хъӕуы ныхсын.

13 Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый йӕ низӕй куы сдзӕбӕх уа, уӕд авд боны анымайӕд, стӕй-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд суадоны доны, ӕмӕ уӕд уыдзӕни сыгъдӕг.

14 Ӕстӕм бон райсӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны ӕмӕ-иу ӕрбацӕуӕд Дунедарӕджы размӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ, сауджынмӕ-иу сӕ раттӕд.

15 Сауджын мӕргътӕй иу ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ та — иууылсудзинаг нывондӕн ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз сӕххӕст кӕнӕд уыцы адӕймаджы йӕ цъӕй цӕуынӕй ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау.

16 Нӕлгоймагӕн йӕ мыг йӕхи ’гъдауӕй куы акӕла, уӕд-иу йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй цӕхсӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.

17 Йӕ мыг цыфӕнды хъуымацыл кӕнӕ сӕрак дзаумайыл куы аззайа, уӕд ӕй хъӕудзӕн доны ныхсын. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.

18 Нӕлгоймаг сылгоймагимӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд-иу сӕхи цынайӕнт. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзысты.


Сылгоймаджы тыххӕй

19 Сылгоймагӕн йе ’рвылмӕйон туг куы цӕуа, уӕд авд боны дӕргъы уыдзӕни ӕнӕсыгъдӕг. Чи йыл бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.

20 Йе ’рвылмӕйон тугцыды рӕстӕг цӕуыл ӕрхуысса, уый фӕчъизи уыдзӕн; цӕуыл ӕрбада, уый дӕр афтӕ.

21 Йӕ хуыссӕныл ын чи бандзӕва, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.

22 Цӕуыл бадти, ууыл чи бандзӕва, уый дӕр-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.

23 Ахӕм сылгоймагӕн йӕ хуыссӕны кӕнӕ, кӕм бадти, уый уӕлӕ цы дзаума уа, ууыл чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.

24 Нӕлгоймаг йемӕ ӕмуат ӕрцыди ӕмӕ йӕ сылгоймаг, ӕнӕсыгъдӕг цӕмӕй у, уымӕй самӕста, зӕгъгӕ, уӕд нӕлгоймаг авд боны дӕргъы ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн, кӕм схуысса, уыцы хуыссӕн дӕр афтӕ.

25 Сылгоймагӕн йе ’рвылмӕйон тугцыды рӕстӕг нӕ, фӕлӕ ӕндӕр исты афон йӕ туг дзӕвгар куы фӕцӕуа кӕнӕ йе ’рвылмӕйон тугцыды бонтӕ дӕргъвӕтиндӕр куы ахӕссой, уӕд, цалынмӕ йӕ туг цӕуа, уӕдмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн, йе ’рвылмӕйон тугцыды рӕстӕг куыд вӕййы, афтӕ.

26 Уыцы бонты цы хуыссӕны схуысса, уый фӕчъизи уыдзӕн, йе ’рвылмӕйон тугцыды рӕстӕг куыд вӕййы, афтӕ. Цӕуылдӕриддӕр ӕрбада, уый дӕр уыдзӕни ӕнӕсыгъдӕг, йе ’рвылмӕйон тугцыды рӕстӕг куыд вӕййы, афтӕ.

27 Чи сыл бандзӕва, уый дӕр ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Йӕ дарӕс-иу ныхсӕд ӕмӕ-иу йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг.

28 Сылгоймаг йӕ тугцыдӕй куы сдзӕбӕх уа, уӕд авд боны анымайӕд, ӕмӕ уый фӕстӕ уыдзӕни сыгъдӕг.

29 Ӕстӕм бон-иу райсӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны ӕмӕ сӕ ӕрбахӕссӕд сауджынмӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ.

30 Сауджын мӕргътӕй иу ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ та — иууылсудзинаг нывондӕн ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз сӕххӕст кӕнӕд уыцы сылгоймаджы йӕ тугцыдӕй ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау.

31 Израилӕгты-иу, ӕнӕсыгъдӕг цы у, уыдӕттӕй бахизут, цӕмӕй сӕхи ма фӕчъизи кӕной ӕмӕ афтӕмӕй, се ’хсӕн Мын цы цӕрӕн ис, уый дӕр ма фӕчъизи уа, науӕд амӕлдзысты.

32 Уыдон сты, йӕ цъӕй цы нӕлгоймагӕн фӕцӕуы, йӕ мыг йӕхи ’гъдауӕй кӕмӕн акӕлы ӕмӕ уымӕй чи фӕчъизи вӕййы,

33 стӕй ӕрвылмӕйон тугцыд цы сылгоймагмӕ фӕзыны — алы ӕнӕсыгъдӕгдзинад цы нӕлгоймагӕй кӕнӕ сылгоймагӕй рацӕуы, стӕй, ӕнӕсыгъдӕг сылгоймагимӕ ӕмуат цы нӕлгоймаг ӕрцӕуы, уыдоны тыххӕй ӕгъдӕуттӕ».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan