Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Левит 14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Буары низтӕй сдзӕбӕхы фӕстӕ ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау

1 Дунедарӕг Моисейӕн загъта:

2 «Мӕнӕ, йӕ хъотырӕй чи сдзӕбӕх вӕййы, уый ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау. Сауджынмӕ-иу ӕй ӕрбакӕнӕнт:

3 сауджын рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ рацӕуӕд ӕмӕ йӕм ӕркӕсӕд. Рынчын йӕ низӕй сдзӕбӕх ис, уый куы фена,

4 уӕд, ссыгъдӕг кӕнын кӕй хъӕуы, уыцы адӕймаджы тыххӕй ӕрбахӕссын кӕнӕд дыууӕ удӕгас маргъы — сыгъдӕг мӕргътӕ, стӕй кедры лыггаг, сырх-сырхид гӕппӕл ӕмӕ цӕвӕгхос.

5 Мӕргътӕй иу, суадоны дон кӕм ис, ахӕм дурын мигӕнӕны сӕрмӕ аргӕвдын кӕнӕд.

6 Удӕгас маргъы та райсӕд ӕмӕ йӕ кедры лыггаг, сырх гӕппӕл ӕмӕ цӕвӕгхосимӕ, доны сӕрмӕ кӕй аргӕвстой, уыцы маргъы туджы стулӕд.

7 Хъотырӕй чи сдзӕбӕх ис, ууыл уыцы тугӕй авд хатты бапырх кӕнӕд ӕмӕ йӕ адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл. Удӕгас маргъы та ауадзӕд.

8 Сыгъдӕггонд чи цӕуы, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕ хил иууылдӕр адасӕд, йӕхи цынайӕд ӕмӕ уӕд уыдзӕни сыгъдӕг. Уый фӕстӕ йӕ бон уыдзӕни рӕсӕнуатмӕ бацӕуын, ӕцӕг ма-иу авд боны дӕргъы баззайӕд йӕ цатыры ӕдде.

9 Ӕвдӕм бон та адасӕд йӕ сӕр, йӕ зачъетӕ ӕмӕ йе ’рфгуытӕ — йӕ хил иууылдӕр, ныхсӕд йӕ дарӕс, йӕхи цынайӕд, ӕмӕ уӕд ссыгъдӕг уыдзӕн.

10 Ӕстӕм бон ӕрбакӕнӕд дыууӕ ӕнӕсахъат фыргуисты ӕмӕ иу ӕнӕсахъат далыс, хойраджы хуынӕн ӕрбахӕссӕд сойамӕст ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссад — ефӕйы ӕртӕ дӕсӕймаг хайы, стӕй оливӕйы сойы кӕхц.

11 Ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау чи ӕххӕст кӕны, уыцы сауджын сыгъдӕггӕнинаджы йӕ хуынтимӕ ӕрлӕууын кӕнӕд Дунедарӕджы раз, Фембӕлды Цатыры къӕсӕры цур.

12 Сауджын фыргуисттӕй иуы ракӕнӕд ӕмӕ йӕ оливӕйы сойы кӕхцимӕ фиддоны нывондӕн ӕрхӕссӕд, уый фӕстӕ сӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисӕд.

13 Фыргуисты аргӕвдын хъӕуы Уаз бынаты, тӕригъӕды нывӕндтӕ ӕмӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ кӕм фергӕвдынц, уыцы ран. Фиддоны нывонд, тӕригъӕды нывондау, сауджыны хай у. Уый у иууылуаз.

14 Сауджын фиддоны нывонды тугӕй райсӕд ӕмӕ дзы сыгъдӕггӕнинагӕн ацахорӕд йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы хистӕр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы хистӕр ӕнгуылдз.

15 Стӕй сойы кӕхцӕй йӕ галиу армы дзыхъхъы ӕркӕнӕд

16 ӕмӕ дзы йӕ амонӕн ӕнгуылдзӕй Дунедарӕджы раз авд хатты бапырх кӕнӕд.

17 Йӕ армы дзыхъхъы ма дзы цы сой баззайа, уымӕй та сыгъдӕггӕнинагӕн ацахорӕд йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы хистӕр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы хистӕр ӕнгуылдз — фиддоны нывонды тугӕй кӕмыты ахуырст ӕрцыд, уым.

18 Сауджынӕн ма йӕ армы дзыхъхъы цы сой баззайа, уымӕй сыгъдӕггӕнинагӕн йӕ сӕр байсӕрдӕд, ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз йе ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн.

19 Уый фӕстӕ сауджын ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывонд, ӕмӕ афтӕмӕй уыцы адӕймаджы ссыгъдӕг кӕндзӕн. Стӕй аргӕвдӕд иууылсудзинаг нывонд

20 ӕмӕ йӕ хойраджы хуынимӕ нывондхӕссӕныл сӕвӕрӕд. Афтӕмӕй ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ уыцы адӕймаг уыдзӕни сыгъдӕг.

21 Кӕд сыгъдӕггӕнинаг мӕгуыр у, ӕмӕ ахӕм хуын ӕрбахӕссын йӕ къух нӕ амоны, уӕд фиддоны нывондӕн ӕрбакӕнӕд иу фыргуист, цӕмӕй йӕ сауджын хӕрдмӕ сиса Дунедарӕджы раз ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йе ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕна. Хойраджы хуынӕн та райсӕд сойамӕст ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссад — ефӕйы дӕсӕймаг хай, оливӕйы сойы кӕхц,

22 стӕй дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны, йӕ къухы цы бафта, уый, сӕ иу — тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ — иууылсудзинаг нывондӕн.

23 Ӕстӕм бон йе ссыгъдӕг кӕнынӕн уыдӕттӕ ӕрбахӕссӕд сауджынмӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ, Дунедарӕджы размӕ.

24 Фиддоны нывонд — фыргуист, стӕй оливӕйы сойы кӕхц — сауджын Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисӕд.

25 Фыргуисты аргӕвдӕд фиддоны нывондӕн, уый фӕстӕ йын йӕ тугӕй райсӕд ӕмӕ дзы, сыгъдӕг кӕй кӕны, уымӕн ацахорӕд йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы хистӕр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы хистӕр ӕнгуылдз.

26 Стӕй йӕ галиу къухы армы дзыхъхъы оливӕйы сой ӕркӕнӕд

27 ӕмӕ дзы йӕ амонӕн ӕнгуылдзӕй Дунедарӕджы раз авд хатты бапырх кӕнӕд.

28 Йӕ армы дзыхъхъы ма цы сой уа, уымӕй ма, сыгъдӕг кӕй кӕны, уымӕн ацахорӕд йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы хистӕр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы хистӕр ӕнгуылдз — фиддоны нывонды тугӕй кӕмыты ахуырст ӕрцыд, уым.

29 Сауджынӕн ма йӕ армы дзыхъхъы цы сой баззайа, уымӕй, сыгъдӕг кӕй кӕны, уымӕн йӕ сӕр дӕр байсӕрдӕд, ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз уыцы адӕймаджы ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕнӕд.

30 Уый фӕстӕ ӕхсинӕгтӕй кӕнӕ бӕлӕттӕй — сыгъдӕггӕнинагӕн йӕ къухы цы бафтыд, уыдонӕй —

31 сауджын иу ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ та — иууылсудзинаг нывондӕн, хойраджы хуынимӕ иумӕ, ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз сӕххӕст кӕнӕд уыцы адӕймаджы ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау.

32 Ахӕм у, хъотырӕй чи сдзӕбӕх ис, фӕлӕ мӕгуыр чи у, уыцы адӕймаджы ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау».


Хӕдзары къулты хъуына

33 Дунедарӕг загъта Моисей ӕмӕ Ааронӕн:

34 «Сымах, кӕй уын дӕттын, уыцы Ханааны зӕхмӕ куы бацӕуат, ӕмӕ уыцы ран Ӕз искӕцы хӕдзарыл хъуына куы бафтауон,

35 уӕд-иу хӕдзары хицау сауджынмӕ бацӕуӕд ӕмӕ йын-иу зӕгъӕд, мӕ хӕдзарыл хъуынайы хуызӕн цыдӕр фӕзынди, зӕгъгӕ.

36 Цалынмӕ йӕм фенынмӕ нӕма ацыди, уӕдмӕ-иу сауджын бафӕдзӕхсӕд, цӕмӕй, хӕдзары цыдӕриддӕр ис, уыдон ӕддӕмӕ рахӕссой, науӕд хӕдзары алцыдӕр нымад ӕрцӕудзӕн ӕнӕсыгъдӕгыл.

37 Сауджын, хӕдзары къултыл цы бурбын цъӕх кӕнӕ сырхбын хъуына тӕппытӕ фӕзынд, уыдон бадзыхъхъытӕ сты, уый куы фена,

38 уӕд уырдыгӕй рацӕуӕд ӕмӕ хӕдзары дуар авд боны ӕмгъуыдмӕ сӕхгӕнын кӕнӕд.

39 Ӕвдӕм бон сауджын ногӕй ӕрбацӕуӕд ӕмӕ та йӕм ӕркӕсӕд. Хӕдзары къултыл хъуына схӕцыди, зӕгъгӕ,

40 уӕд, цы дуртыл фӕзынди, уыдон ракалын кӕнӕд, фӕссахар сӕ ӕнӕсыгъдӕг бынаты аппарын кӕнӕд.

41 Хӕдзары къултӕ мидӕджырдыгӕй иууылдӕр хъӕуы ныххафын, сӕ хафӕнтӕ та фӕссахар ӕнӕсыгъдӕг бынаты акалын.

42 Уый фӕстӕ, кӕй ракалдтой, уыцы дурты бӕсты бавӕрӕнт ӕндӕр дуртӕ ӕмӕ хӕдзары къултӕ ногӕй байсӕрдӕнт.

43 Дуртӕ куы ракалой ӕмӕ хӕдзары къултӕ куы ныххафой, ногӕй сӕ куы байсӕрдой ӕмӕ та сыл уый фӕстӕ хъуына куы схӕца,

44 сауджын куы ӕрбацӕуа ӕмӕ та, хӕдзарыл хъуына схӕцыди, уый куы фена, уӕд уый фыдхъуына у. Уыцы хӕдзар ӕнӕсыгъдӕг у,

45 ӕмӕ йӕ фехалӕнт. Йӕ дуртӕ, йӕ хъӕдӕрмӕг ӕмӕ-иу ын йӕ къулсӕрстытӕ фӕссахармӕ, ӕнӕсыгъдӕг бынатмӕ, ахӕссӕнт.

46 Хӕдзармӕ йе ’хгӕды бонты чи бацӕуа, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.

47 Уыцы хӕдзары чи бахсӕвиуат кӕна, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд. Ахӕм хӕдзары чи бахӕра, уый дӕр-иу ныхсӕд йӕ дарӕс.

48 Фӕлӕ сауджын, сӕ байсӕрдыны фӕстӕ хӕдзары къултӕ нал схъуына сты, уый куы фена, уӕд уыцы хӕдзар адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл, уымӕн ӕмӕ йыл хъуына нал ис.

49 Хӕдзар ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй райсӕд дыууӕ маргъы, стӕй кедры лыггаг, сырх-сырхид гӕппӕл ӕмӕ цӕвӕгхос.

50 Мӕргътӕй иуы, суадоны дон кӕм ис, ахӕм дурын мигӕнӕны сӕрмӕ аргӕвдӕд.

51 Уый фӕстӕ райсӕд кедры лыггаг, цӕвӕгхос, сырх гӕппӕл ӕмӕ удӕгас маргъы. Се ’ппӕты дӕр ӕргӕвст маргъы туджы стулӕд, суадоны донимӕ йӕ схӕццӕ кӕнӕд, афтӕмӕй ӕмӕ уыцы тугӕй хӕдзар авд хатты бапырх кӕнӕд.

52 Маргъы туг, суадоны дон, удӕгас маргъ, кедры лыггаг, цӕвӕгхос ӕмӕ сырх-сырхид гӕппӕлӕй хӕдзар ссыгъдӕг кӕнӕд,

53 удӕгас маргъы та фӕссахар ауадзӕд. Афтӕмӕй хӕдзар ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ уӕд хӕдзар уыдзӕни сыгъдӕг.

54 Ахӕм ӕгъдау ис алы хъотыр ӕмӕ гӕбӕрнизӕн,

55 дарӕс ӕмӕ хӕдзары хъуынайӕн, тӕппӕлттӕ, цъутхӕлттӕ ӕмӕ урс стъӕлфытӕн,

56 цӕмӕй адӕм кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕной ӕнӕсыгъдӕг ӕмӕ сыгъдӕг. Ахӕм ӕгъдау ис хъотырӕн».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan