Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Левит 13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Буарнизтӕ

1 Дунедарӕг загъта Моисей ӕмӕ Ааронӕн:

2 «Искӕмӕн йӕ буарыл тӕппӕлттӕ, цъутхӕлттӕ кӕнӕ урс стъӕлфытӕ куы фӕзына, уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ йыл хъотыр фӕзынди. Уыцы адӕймаджы хъӕуы ӕрбакӕнын сауджын Ааронмӕ кӕнӕ йӕ байзӕддӕгтӕй, сауджынтӕй, искӕмӕ.

3 Сауджын ын йӕ буары ӕфхӕлдмӕ ӕркӕсӕд, ӕмӕ, кӕд ӕфхӕлдыл цы хъуынтӕ ис, уыдон сурс сты, ӕфхӕлд йӕхӕдӕг та буары арф ныххызти, уӕд уый хъотыр у. Сауджын уый куы фена, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл.

4 Кӕд стъӕлф урс у, буары нӕ ныххызти ӕмӕ хъуынтӕ дӕр не сурс сты, уӕд сауджын рынчыны авд бонмӕ адӕмӕй фӕхицӕн кӕнӕд.

5 Ӕвдӕм бон сауджын ӕфхӕлдмӕ ногӕй ӕркӕсӕд. Кӕд йӕ хуыз нӕ аивта ӕмӕ буарыл нӕ ахӕлиу ис, уӕд ма йӕ ноджыдӕр авд бонмӕ фӕхицӕн кӕнӕд.

6 Ӕвдӕм бон та сауджын ногӕй ӕркӕсӕд ӕфхӕлдмӕ. Кӕд фӕфӕлурсдӕр ис ӕмӕ буарыл нӕ ахӕлиу ис, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл: йӕ буар ӕнӕуи рафаста. Йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ уыдзӕни сыгъдӕг.

7 Фӕлӕ йӕ сауджын куы федта ӕмӕ йӕ сыгъдӕгыл куы банымадта, уый фӕстӕ йӕ буар тынгдӕр рафаста, зӕгъгӕ, уӕд та ногӕй йӕхи сауджынӕн фенын кӕнӕд.

8 Сауджын, йӕ буар тынгдӕр кӕй рафаста, уый куы фена, уӕд ӕй адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: хъотыр ыл ис.

9 Искӕуыл хъотыр куы фӕзына, уӕд-иу ӕй сауджынмӕ ӕрбакӕнӕнт.

10 Сауджын ӕм ӕркӕсдзӕн, ӕмӕ йӕ буарыл урс тӕппал куы фӕзына, тӕппалыл цы хъуынтӕ ис, уыдон куы сурс уой, йӕ хъӕдгом та уыцы ран куы фегом уа,

11 уӕд уый нысан кӕны, хъотыр йӕ буары арф кӕй ахызти. Сауджын рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл. Адӕмӕй йӕ ма фӕхицӕн кӕнӕд, уымӕн ӕмӕ сбӕлвырд ис: ӕнӕсыгъдӕг у.

12 Фӕлӕ хъотыр рынчыны буарыл къахӕй сӕрмӕ, сауджынӕн дзы йӕ бон цас фенын у, уый бӕрц куы ахӕлиу уа,

13 уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл. Йӕ буар иууылдӕр кӕмӕн сурс ис, уый сыгъдӕг у.

14 Фӕлӕ рынчыны буарыл гом тӕппӕлттӕ цы бон фӕзына, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг.

15 Сауджын ын йӕ гом хъӕдгом куы фена, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл. Гом хъӕдгом ӕнӕсыгъдӕг у — хъотыры нысан.

16 Уыцы хъӕдгом куы байгас уа ӕмӕ ногӕй куы сурс уа, уӕд-иу рынчын сауджынмӕ ӕрбацӕуӕд.

17 Сауджын ӕм ӕркӕсӕд ӕмӕ, йӕ хъӕдгом сурс ис, зӕгъгӕ, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл. Уыцы адӕймаг сыгъдӕг у.

18 Искӕмӕн йӕ буарыл сынкъ куы уа ӕмӕ йын куы сдзӕбӕх уа,

19 сынчъы бынаты та урс тӕппал кӕнӕ сырхбын урс стъӕлф куы фӕзына, уӕд рынчын йӕхи сауджынӕн фенын кӕнӕд.

20 Сауджын ӕфхӕлдмӕ ӕркӕсӕд ӕмӕ, кӕд буары арф ныххызти, хъуынтӕ та сурс сты, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: сынчъы бынаты хъотыр фӕзынди.

21 Фӕлӕ сауджын, хъуынтӕ урс не сты, ӕфхӕлд дӕр буары нӕ ныххызти ӕмӕ фӕфӕлурсдӕр ис, уый куы фена, уӕд рынчыны авд бонмӕ адӕмӕй фӕхицӕн кӕнӕд.

22 Буарыл куы ахӕлиу уа, уӕд сауджын рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: хъотыр ыл ис.

23 Стъӕлф йӕ бынаты куы баззайа ӕмӕ буарыл куынӕ ахӕлиу уа, уӕд уый та ӕрмӕст сынчъы нос у, ӕмӕ сауджын рынчыны адӕмы раз сыгъдӕгыл банымайӕд.

24 Искӕмӕн йӕ буар куы басудза, стӕй сыгъды бынаты сырхбын урс кӕнӕ урс стъӕлф куы фӕзына,

25 уӕд ӕм сауджын ӕркӕсӕд, ӕмӕ, кӕд, стъӕлфыл цы хъуынтӕ ис, уыдон сурс сты, стъӕлф йӕхӕдӕг та буары арф ныххызти, уӕд уый хъотыр у, сыгъды бынаты фӕзынди. Сауджын рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: хъотыр ыл ис.

26 Фӕлӕ сауджын, хъуынтӕ урс не сты, стъӕлф дӕр буары арф нӕ ныххызти ӕмӕ фӕфӕлурсдӕр ис, уый куы фена, уӕд рынчыны авд бонмӕ адӕмӕй фӕхицӕн кӕнӕд.

27 Ӕвдӕм бон ӕм сауджын ногӕй ӕркӕсӕд ӕмӕ, кӕд ӕфхӕлд буарыл ахӕлиу ис, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: хъотыр ыл ис.

28 Кӕд стъӕлф йӕ бынаты баззади, буарыл нӕ ахӕлиу ӕмӕ фӕфӕлурсдӕр ис, уӕд уый сыгъды рӕсыд уыд. Сауджын уыцы адӕймаджы банымайӕд сыгъдӕгыл, уымӕн ӕмӕ йын уый ӕрмӕст сыгъды нос у.

29 Нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймагӕн йӕ сӕры царм кӕнӕ йӕ роцъо куы фехӕла,

30 уӕд ӕм сауджын ӕркӕсӕд ӕмӕ, кӕд хъӕдгом буары арф ахызти, йӕ хъуынтӕ та сбур сты ӕмӕ ныттӕнӕг сты, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: уый гӕбӕрниз у, хъотыр ис йӕ сӕры царм кӕнӕ йӕ роцъойыл.

31 Сауджын гӕбӕрмӕ куы ӕркӕса ӕмӕ, буары арф нӕ ахызти, фӕлӕ хъуынтӕ сау нал сты, уый куы фена, уӕд ӕй авд бонмӕ адӕмӕй фӕхицӕн кӕнӕд.

32 Ӕвдӕм бон сауджын ӕфхӕлдмӕ ӕркӕсӕд ӕмӕ, гӕбӕр куынӕ ахӕлиу уа, бур хъуынтӕ дӕр ыл куынӕ фӕзына ӕмӕ буары дӕр куынӕ ныххиза,

33 уӕд-иу рынчын йӕхи адасӕд, ӕцӕг-иу йӕ гӕбӕры бынат ӕнӕдастӕй ныууадзӕд. Ӕмӕ ма йӕ сауджын ноджыдӕр авд бонмӕ адӕмӕй фӕхицӕн кӕнӕд.

34 Ӕвдӕм бон та сауджын гӕбӕрмӕ ӕркӕсӕд ӕмӕ, кӕд буарыл нӕ ахӕлиу ис, буары дӕр арф нӕ ныххызти, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл. Йӕ дарӕс-иу ныхсӕд ӕмӕ уыдзӕни сыгъдӕг.

35 Фӕлӕ, сыгъдӕгыл нымад куы ӕрцыд, уый фӕстӕ ма гӕбӕр йӕ буарыл ахӕлиу ис, зӕгъгӕ,

36 уӕд ӕм сауджын ногӕй ӕркӕсӕд ӕмӕ, буарыл ахӕлиу ис, уый куы фена, уӕд ыл бур хъуынтӕ мауал агурӕд, уымӕн ӕмӕ сбӕлвырд ис: ӕнӕсыгъдӕг у.

37 Гӕбӕр нӕ ахӕлиу ис ӕмӕ йыл сау хъуынтӕ фӕхӕцыд, зӕгъгӕ, уӕд рынчын йӕ гӕбӕрӕй сдзӕбӕх ӕмӕ сыгъдӕг у. Сауджын ӕй адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл.

38 Нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймагӕн йӕ буарыл урс стъӕлфытӕ куы фӕзына,

39 уӕд ӕм сауджын ӕркӕсӕд ӕмӕ, кӕд стъӕлфытӕ фӕлурс сты, уӕд буар ӕнӕуи рафаста, ахӕм рынчын сыгъдӕг у.

40-41 Искӕмӕн йӕ къӕбутыл кӕнӕ ныхы сӕрмӕ йӕ сӕрыхил куы бавзийа, уӕд уый цӕгӕрсӕр у. Ахӕм адӕймаг сыгъдӕг у.

42 Фӕлӕ йӕ цӕгӕрыл сырхбын урс ӕфхӕлд ис, зӕгъгӕ, уӕд цӕгӕрыл фӕзынди хъотыр.

43 Сауджын ӕм ӕркӕсӕд ӕмӕ, кӕд цӕгӕрыл сырхбын урс тӕппал ис, хъотырӕй куыд вӕййы, афтӕ,

44 уӕд уыцы адӕймаг хъотырӕй фӕрынчын ӕмӕ ӕнӕсыгъдӕг у. Сауджын-иу ӕй адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: хъотыр ис йӕ сӕрыл.

45 Хъотырӕй рынчын чи у, уый дарӕд скъуыдтӕ дарӕс, йӕ сӕрыхъуынтӕ йе уӕхсчытыл ӕркалӕд, йӕ зачъе та истӕмӕй бамбӕрзӕд ӕмӕ хъӕр кӕнӕд: „Ӕнӕсыгъдӕг дӕн! Ӕнӕсыгъдӕг дӕн!“

46 Цалынмӕ йыл ӕфхӕлд уа, уӕдмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Ӕнӕсыгъдӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ цӕра хибарӕй, рӕсӕнуаты ӕдде.


Дзаума ӕмӕ дарӕсы хъуына

47-48 Къуымбил кӕнӕ гӕн хъуымацӕй дарӕсыл, гӕн кӕнӕ къуымбил хъуымӕцтыл, сӕрак кӕнӕ цыфӕнды сӕрак дзаумайыл исты тӕпп куы фӕзына

49 ӕмӕ уыцы тӕпп дарӕс, сӕрак, хъуымац кӕнӕ цыфӕнды сӕрак дзаумайыл кӕрдӕгхуыз кӕнӕ сырхбын куы уа, уӕд уый хъуынайы нысан у; сауджынӕн ӕй равдисын хъӕуы.

50 Сауджын ӕм ӕркӕсӕд ӕмӕ бафӕдзӕхсӕд, цӕмӕй йӕм авд боны дӕргъы мачи бавнала.

51 Ӕвдӕм бон сауджын ӕркӕсдзӕн ӕмӕ, тӕпп дарӕс, хъуымац кӕнӕ цыфӕнды сӕрак дзаумайыл кӕй ахӕлиу ис, уый куы фена, уӕд уый тӕссаг хъуына у, ахӕм дзаума ӕнӕсыгъдӕг у.

52 Дарӕс, къуымбил кӕнӕ гӕн хъуымацыл, науӕд цыфӕнды сӕрак дзаумайыл ахӕм тӕпп куы уа, уӕд уый тӕссаг хъуына у. Ахӕм дзаума басудзын хъӕуы.

53 Фӕлӕ сауджын куы фена, уыцы тӕпп дарӕс, хъуымац кӕнӕ сӕрак дзаумайыл нӕ ахӕлиу ис, уый,

54 уӕд дзаума ныхсын кӕнӕд ӕмӕ бафӕдзӕхсӕд, ноджы ма йӕм авд боны куыд мачи бавнала.

55 Дзаума ныхсыны фӕстӕ сауджын ӕркӕсӕд ӕмӕ, тӕпп йӕ хуыз куынӕ аива, уӕд уыцы дзаума ӕнӕсыгъдӕг у, кӕд тӕпп дзаумайыл нӕ ахӕлиу ис, уӕддӕр. Ахӕм дзаума арты сыгъд ӕрцӕуӕд. Мидӕджырдыгӕй ӕви ӕддӕрдыгӕй уа хъуынахӕрд — дзаума сӕфт у.

56 Сауджын куы фена, дзаума ныхсыны фӕстӕ уыцы тӕпп фӕфӕлурсдӕр ис, уый, уӕд-иу ӕрмӕстдӕр хъуынахӕрд бынат ратонӕд — дарӕсӕй уа, хъуымацӕй ӕви сӕракӕй.

57 Фӕлӕ та тӕпп ногӕй дарӕсыл, хъуымацыл кӕнӕ цыфӕнды сӕрак дзаумайыл куы фӕзына, уӕд хӕлиу кӕны, ӕмӕ хъуынахӕрд дзаума арты сыгъд ӕрцӕуӕд.

58 Дарӕс, хъуымац кӕнӕ цыфӕнды сӕрак дзаумайӕн йӕ ныхсыны фӕстӕ йӕ тӕпп куы фесӕфа, уӕд уыцы дзаума дыккаг хатт ныхсын хъӕудзӕн, ӕмӕ уыдзӕни сыгъдӕг».

59 Гъе ахӕм у хъуынайы тыххӕй ӕгъдау. Уый фӕрцы хицӕнгонд цӕудзысты кӕрӕдзийӕ сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕсыгъдӕг — дарӕсыл, къуымбил кӕнӕ гӕн хъуымацыл, стӕй цыфӕнды сӕрак дзаумайыл исты тӕпп куы фӕзына, уӕд.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan