Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Левит 12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Фӕсӕвгъӕд сылгоймаджы ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау

1 Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъа:

2 «Сылгоймаг лӕппу куы ныййара, уӕд авд боны дӕргъы уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг, ӕрвылмӕйон низӕй куы фӕтыхсы, уӕд куыд фӕчъизи вӕййы, афтӕ.

3 Ӕстӕм бон-иу лӕппу сунӕтгонд ӕрцӕуӕд.

4 Сылгоймаг ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз бонмӕ йӕ тугӕй не ссыгъдӕг уыдзӕн, ӕмӕ уӕдмӕ, уаз цы у, ахӕмӕй мацӕмӕ бавналӕд, Уаз Цӕрӕны цурмӕ дӕр ма бацӕуӕд.

5 Ӕвгъӕды бадӕг сылгоймаг чызг куы ныййара, уӕд дыууӕ къуырийы дӕргъы уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг, ӕрвылмӕйон низӕй куы фӕтыхсы, уӕд куыд вӕййы, афтӕ. Уый фӕстӕ ма ӕхсӕз ӕмӕ ӕртиссӕдз боны йӕ тугӕй не ссыгъдӕг уыдзӕн.

6 Лӕппу кӕнӕ чызджы райгуырды фӕстӕ йе ссыгъдӕджы бонтӕ куы ахицӕн уой, уӕд Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ, сауджынмӕ, ӕрбакӕнӕд фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн. Ноджы ма ӕрбахӕссӕд бӕдул бӕлон кӕнӕ ӕхсинӕг — тӕригъӕды нывондӕн.

7 Сауджын Дунедарӕджы раз уыцы нывӕндтӕ ӕрхӕсдзӕн ӕмӕ йын афтӕмӕй йе ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ сылгоймаг ссыгъдӕг уыдзӕн, цы туг дзы рацыди, уымӕй. Ахӕм у, лӕппу кӕнӕ чызг чи ныййардта, уыцы сылгоймаджы тыххӕй ӕгъдау.

8 Кӕд сылгоймагӕн нывондӕн фыргуист ӕрхӕссын йӕ къух нӕ амона, уӕд райсӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны, сӕ иу — иууылсудзинаг нывондӕн, иннӕ та — тӕригъӕды нывондӕн. Сауджын ын йе ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ уӕд ссыгъдӕг уыдзӕн».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan