Левит 11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстСыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕсыгъдӕг цӕрӕгойтӕ 1-2 Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъой: «Мӕнӕ, зӕххон цӕрӕгойтӕй уын хӕрын кӕй фыд ӕмбӕлы, уыдон: 3 сӕфтӕгджын цӕрӕгойтӕй саджилсӕфтӕг ӕмӕ сынӕрцӕгъдӕг чи у, уыдоны фыд хӕрут. 4 Фӕлӕ сынӕр чи цӕгъды кӕнӕ сӕфтӕг кӕмӕн ис, уыцы цӕрӕгойтӕй ма хӕрут мӕнӕ ахӕмты фыд: теуайы фыд ма хӕрут, уымӕн ӕмӕ, кӕд сынӕр цӕгъды, уӕддӕр сӕфтӕгджын нӕу, ӕнӕсыгъдӕг у сымахӕн; 5 ма хӕрут даманы фыд, уымӕн ӕмӕ, кӕд сынӕр цӕгъды, уӕддӕр сӕфтӕгджын нӕу, ӕнӕсыгъдӕг у сымахӕн; 6 ма хӕрут тӕрхъусы фыд, уымӕн ӕмӕ, кӕд сынӕр цӕгъды, уӕддӕр сӕфтӕгджын нӕу, ӕнӕсыгъдӕг у сымахӕн. 7 Ма хӕрут хуыйы фыд, уымӕн ӕмӕ, кӕд сӕфтӕгджынтӕй у, стӕй саджилсӕфтӕг, уӕддӕр сынӕр нӕ цӕгъды, ӕнӕсыгъдӕг у сымахӕн. 8 Адонӕн мадӕр сӕ фыд хӕрут, мадӕр сын сӕ мардыл ӕндзӕвут; ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн. 9 Мӕнӕ уын, доны цӕрӕгойтӕй хӕрын кӕй фыд ӕмбӕлы, уыдон. Ленкгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл ис, уыцы доны цӕрӕгойты, денджызтӕ ӕмӕ цӕугӕдӕтты чи цӕры, уыдоны фыд хӕрут. 10 Ленкгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл нӕй, уыцы цӕрӕгойтӕ та, стырӕй, чысылӕй — денджызты ӕви цӕугӕдӕтты цӕрой — ӕлгъаг сты сымахӕн. 11 Ӕлгъагыл сӕ нымайут, сӕ фыд сын ма хӕрут. Сӕ мӕрдтыл сын ӕлгъ кӕнут. 12 Доны цӕрӕгойтӕй ленкгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл нӕй, уыдон иууылдӕр ӕлгъаг сты сымахӕн. 13 Мӕргътӕй та ӕлгъ кӕнут мӕнӕ адоныл (хӕрӕн сӕ нӕй, ӕлгъаг сты): цӕргӕс, саубоцъо цӕргӕс, сау гриф, 14 цъиусур, уарийы алы мыггаг, 15 сынты алы мыггаг, 16 страус, уыг, кӕсагдзау, хъӕрццыгъайы алы мыггаг, 17 сидахъхъ, дондзӕргӕс, стыр уыг, 18 урссӕр уыг, цъиах, хӕдмӕлхор, 19 къадз, кӕсаглас, дыгоппон, хӕлынбыттыр. 20 Базырджын уырынгонтӕ ӕмӕ цыппӕркъахыгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕлгъаг сты сымахӕн. 21 Уыцы уырынгонтӕй хӕрут, сӕ къӕхтыл зӕххыл гӕпп кӕнынӕн фӕтасӕнтӕ кӕмӕн ис, уыдоны фыд. 22 Уӕ бон хӕрын у: мӕтыхы алы мыггаг, цыфӕнды даргъсӕрджын мӕтыхты, цъысцъысаджы алы мыггаг ӕмӕ цъырцъыраджы алы мыггаг. 23 Алы ӕндӕр базырджын цыппӕркъахыг уырынгон та ӕлгъаг у сымахӕн. Цӕмӕй фӕчъизи вӕййы адӕймаг 24 Мӕнӕ, адӕймаг кӕмӕй фӕчъизи вӕййы, уыцы цӕрӕгойтӕ. Сӕ мардыл сын чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. 25 Ахӕм цӕрӕгойы мард чидӕриддӕр йӕ къухмӕ сиса, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕхӕдӕг та изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. 26 Сӕфтӕгджын цӕрӕгойтӕй саджилсӕфтӕг чи нӕу кӕнӕ сынӕр чи нӕ цӕгъды, уыдон иууылдӕр ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн. Сӕ мардыл сын чидӕриддӕр бандзӕва, уый фӕчъизи уыдзӕн. 27 Цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕй дзӕмбытӕ кӕуыл ис, уыдон иууылдӕр ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн. Сӕ мардыл сын чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. 28 Ахӕм цӕрӕгойы мард йӕ къухмӕ чи сиса, уый-иу ныхсӕд йӕ дарӕс, йӕхӕдӕг та изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Ахӕм цӕрӕгойтӕ ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн. 29 Ӕнӕсыгъдӕг уын сты хилӕг цӕрӕгойтӕ: мыстулӕг, мыст, сындздымӕг гӕккуырийы мыггаг, 30 геккон, варан, агамӕ, сцинк, хамелеон. 31 Ацы хилӕгойтӕ ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн. Сӕ мардыл сын чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. 32 Ахӕм цӕрӕгойы мард цӕуылдӕриддӕр ӕрхауа, уый фӕчъизи уыдзӕн — хъӕдӕй конд уа, хъуымацӕй, цармӕй ӕви кӕттагӕй — цавӕрфӕнды кусӕн дзаума уӕд. Доны йӕ ныхсын хъӕудзӕн. Уыцы дзаума изӕрмӕ баззайдзӕн ӕнӕсыгъдӕгӕй, уый фӕстӕ та ногӕй ссыгъдӕг уыдзӕн. 33 Ахӕм цӕрӕгойы мард исты дурын мигӕнӕны ныххауди, зӕгъгӕ, уӕд, йӕ хуылфы цы уа, уый фӕчъизи уыдзӕн, ӕмӕ-иу дурын асӕттут. 34 Уыцы дурыны цы дон уыди, уый, хӕрын цы не ’мбӕлы, ууыл куы ӕркӕла, уӕд уыцы хӕринаг фӕчъизи уыдзӕн. Ахӕм дурыны цы нуазинаг уа, уый дӕр фӕчъизи уыдзӕн. 35 Уыцы цӕрӕгойтӕй искӕцыйы мард цӕуылдӕриддӕр ӕрхауа, уый ӕнӕсыгъдӕг суыдзӕн. Дзулфыцӕн дурын кӕнӕ къона хъуамӕ хӕлд ӕрцӕуой. Фӕчъизи уыдзысты, ӕнӕсыгъдӕгыл сӕ нымайут. 36 Сыгъдӕгӕй баззайдзысты ӕрмӕстдӕр суадон кӕнӕ донуат. Ӕрмӕст, уырдыгӕй цӕрӕгойы мард чи сиса, уый уыдзӕни ӕнӕсыгъдӕг. 37 Цӕрӕгойы мард тауинаг нӕмгуытыл куы ӕрхауа, уӕд уыдон баззайдзысты сыгъдӕгӕй. 38 Фӕлӕ нӕмгуытыл дон конд ӕрцыд ӕмӕ йыл уый фӕстӕ цӕрӕгойы мард ӕрхауди, зӕгъгӕ, уӕд уыцы нӕмыг ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн сымахӕн. 39 Хӕрын уын цы цӕрӕгойы фыд ӕмбӕлы, ахӕм ныххӕдмӕл ис, зӕгъгӕ, уӕд, чи йыл бандзӕва, уый ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн изӕрмӕ. 40 Йӕ дзидзайӕ йын чи фӕхъӕстӕ уа, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕхӕдӕг изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Уыцы цӕрӕгойы мард йӕ къухмӕ чи сиса, уый дӕр-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕхӕдӕг изӕрмӕ уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг. 41 Алы хилӕгой дӕр ӕлгъаг у, йӕ фыд ын нӕй хӕрӕн. 42 Уыдонӕй кӕцыдӕриддӕр йӕ гуыбыны цъарыл быры, цыппар къахыл цӕуы кӕнӕ бирӕкъахджын у — сӕ фыдӕй сын ма фӕхъӕстӕ ут, ӕлгъаг сты. 43 Хилӕг цӕрӕгойтӕй макӕцыйы фыдӕй фӕхъӕстӕ ут, уӕхи дзы ма фӕчъизи кӕнут, 44 уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау. Уӕхи сыгъдӕг кӕнут ӕмӕ уаз ут, Ӕз уаз куыд дӕн, афтӕ. Хилӕг цӕрӕгойтӕй уӕхи макӕцыйы фыд хӕрынӕй фӕчъизи кӕнут, 45 уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн ӕмӕ уӕ ракодтон Мысыры зӕххӕй, цӕмӕй уон уӕ Хуыцау. Уӕдӕ ут сыгъдӕг, Ӕз сыгъдӕг куыд дӕн, афтӕ». 46 Ахӕм у фос, сырдтӕ ӕмӕ мӕргъты тыххӕй ӕгъдау, стӕй хилӕгойтӕ ӕмӕ, доны бын цы цӕрӕгойтӕ цӕры, уыдонӕн се ’ппӕты ӕгъдау дӕр, 47 цӕмӕй адӕм кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕной ӕнӕсыгъдӕг ӕмӕ сыгъдӕг, стӕй, хӕрын цы цӕрӕгойты фыд ӕмбӕлы, хӕрын кӕй не ’мбӕлы, уыдонӕй. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia