Левит 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстНадав ӕмӕ Авигуйы тӕригъӕд 1 Аароны фырттӕ Надав ӕмӕ Авигу сӕ будсудзӕнтӕ райстой, нывӕрдтой дзы судзгӕ ӕвзалытӕ ӕмӕ буд, ӕмӕ Дунедарӕджы размӕ нӕфӕтчиаг зынг бахастой, афтӕмӕй сын уый ахӕмӕй ницы бафӕдзӕхста. 2 Уӕд Дунедарӕджы цурӕй рацыди арт ӕмӕ сӕ басыгъта — Дунедарӕджы раз бабын сты сӕ дыууӕ дӕр. 3 Моисей Ааронӕн загъта: «Гъе уымӕн дзырдта Дунедарӕг: „Мӕ разы чи лӕууы, уыдоныл Ӕз равдисдзынӕн, уаз кӕй дӕн, уый, мӕ кад ӕппӕт адӕмы раз равдисдзынӕн“». Аарон хъусӕй лӕууыд. 4 Моисей фӕдзырдта Аароны фыды ’фсымӕр Уззиелы фырттӕм, Мишаел ӕмӕ Елцафанмӕ. Загъта сын: «Рацӕут ӕмӕ уӕ хӕстӕджыты мӕрдтӕ Уаз Цӕрӕнӕй рӕсӕнуаты ӕддемӕ ахӕссут». 5 Уыдон сын сӕ дарӕстыл ныххӕцыдысты ӕмӕ сӕ рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ рахастой, Моисей сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 6 Моисей загъта Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, Елеазар ӕмӕ Итамарӕн: «Уӕ сӕрыхъуынтӕ ма райхалут ӕмӕ уӕ дарӕстӕ фӕйнӕрдӕм ма арӕдувут, цӕмӕй ма амӕлат ӕмӕ Дунедарӕг ӕппӕт адӕммӕ дӕр ма смӕсты уа. Фӕлӕ уе ’рвадӕлтӕ, ӕппӕт Израил, кӕуӕнт, Дунедарӕг кӕй басыгъта, уыдоныл. 7 Сымах та Фембӕлды Цатыры къӕсӕрӕй ма ахизут, науӕд амӕлдзыстут, уымӕн ӕмӕ сӕрст ӕрцыдыстут, цӕмӕй суат Дунедарӕджы сауджынтӕ». Ӕмӕ бакодтой, Моисей куыд загъта, афтӕ. Фӕдзӕхстытӕ сӕн, нывонды фыд ӕмӕ хуынты тыххӕй 8 Дунедарӕг Ааронӕн бафӕдзӕхста: 9 «Фембӕлды Цатырмӕ цӕугӕйӕ, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ байзӕддаг дӕр сӕн ӕмӕ карз нозт ма нуазут, науӕд амӕлдзыстут. Уый уын уыдзӕни мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. 10 Кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнут уаз ӕмӕ хуымӕтӕг, ӕнӕсыгъдӕг ӕмӕ сыгъдӕг, 11 ӕмӕ израилӕгтӕн амонут, Дунедарӕг сын Моисейы уылты цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдон». 12 Моисей загъта Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, Елеазар ӕмӕ Итамарӕн: «Райсут, Дунедарӕджы номыл хаст хуынтӕй цы ссад баззади, уый, скӕнут дзы донгонд дзултӕ ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕны цур бахӕрут — уыдон сты иууылсыгъдӕг. 13 Бахӕрут сӕ уаз бынаты, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы номыл хаст хуынтӕй уыдон сты дӕу ӕмӕ дӕ фыртты хай. Афтӕ мын бафӕдзӕхстӕуыд. 14 Хӕрдмӕисгӕ кӕразимаг ӕмӕ хуыны сгуы та бахӕрут сыгъдӕг ран, дӕхӕдӕг дӕр, стӕй дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ уыдон израилӕгты фидыды нывӕндтӕй дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты хай сты. 15 Нывӕндты фиутимӕ-иу лӕварӕн ӕрбахӕссӕнт сгуы ӕмӕ кӕразимаг, цӕмӕй сӕ ды Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисай. Уыдон дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн сты мыггагмӕйы хай, Дунедарӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ». 16 Моисей бафарста, тӕригъӕды нывондӕн кӕй ӕрхастой, уыцы цӕу кӕм ис, зӕгъгӕ, ӕмӕ базыдта, ныридӕгӕн сыгъд кӕй ӕрцыди, уый. Моисей смӕсты ис Елеазар ӕмӕ Итамармӕ, Аароны фырттӕй ма удӕгасӕй чи баззади, уыдонмӕ. Загъта сын: 17 «Тӕригъӕды нывонды фыд уаз бынаты цӕуылнӕ бахордтат? Иууылсыгъдӕг у уый, ӕмӕ уын лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй Дунедарӕджы раз адӕмы тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау сӕххӕст кӕнат, ӕмӕ сын афтӕмӕй сӕ азым сисат. 18 Кӕд ацы нывонды туг Уаз Цӕрӕнмӕ нӕ бахастат, уӕд ын йӕ дзидза хъуамӕ бахордтаиккат уаз бынаты, ӕз уын куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ». 19 Аарон Моисейӕн дзуапп радта: «Абон Дунедарӕджы раз ӕрхастам тӕригъӕды нывонд ӕмӕ иууылсудзинаг нывонд, фӕлӕ ныл цы ’рцыди, уый ӕрцыд. Ӕмӕ ацы бон тӕригъӕды нывондӕй куы бахордтаин, уӕд уый, ау, Дунедарӕгмӕ хорз фӕкастаид?» 20 Моисей уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд сразы ис. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia