Левит 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстИууылсудзинаг нывӕндтӕ 1 Дунедарӕг фӕсидти Моисеймӕ Фембӕлды Цатырӕй ӕмӕ йын загъта: 2 «Израилӕгтӕн фехъусын кӕн: Дунедарӕгӕн уӕ йӕ фосӕй нывондӕн чи цы хӕсса, стур уа ӕви лыстӕг фос, уый йӕхи бар у. 3 Йе стурвосӕй иууылсудзинаг нывонд куы хӕсса, уӕд хъуамӕ равзара ӕнӕсахъат гал. Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ йӕ ӕрбакӕнӕд, цӕмӕй йӕ нывонд Дунедарӕгӕн ӕхцон уа. 4 Иууылсудзинаг нывонды сӕрыл йӕ къух ӕрӕвӕрӕд, цӕмӕй йын ӕй айстӕуа ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой. 5 Галы Дунедарӕджы раз аргӕвдӕд, Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ та йын йӕ туг, Фембӕлды Цатыры раз цы нывондхӕссӕн ис, ууыл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт. 6 Нывондхӕссӕг иууылсудзинагӕн йӕ царм бастигъӕд ӕмӕ йӕ суӕнгтӕ кӕнӕд. 7 Сауджын Аароны байзӕддӕгтӕ нывондхӕссӕныл арт скӕнӕнт ӕмӕ йыл сугтӕ ӕрӕвӕрӕнт. 8 Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ, сугты сӕрыл кусарты уӕнгтӕ равӕрӕнт, йӕ сӕр ӕмӕ йӕ фиу дӕр семӕ куыд уой, афтӕ. 9 Кусартӕн йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ хъӕуы доны ныхсын. Уый фӕстӕ сауджын кусарт ӕнӕхъӕнӕй нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уый у иууылсудзинаг нывонд, ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн. 10 Искӕмӕн йӕ иууылсудзинаг нывонд лыстӕг фосӕй куы уа, фыс кӕнӕ сӕгъ, уӕд нывондӕн хъуамӕ ӕрхӕсса ӕнӕсахъат фыр кӕнӕ ӕнӕсахъат цӕу. 11 Аргӕвдӕд ӕй Дунедарӕджы раз, нывондхӕссӕны цӕгатварс, ӕмӕ йын Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ, йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт. 12 Кусарт хъӕуы суӕнгтӕ кӕнын, ӕмӕ сауджын кусарты уӕнгтӕ сӕр ӕмӕ фиутимӕ равӕрӕд нывондхӕссӕныл, судзгӕ сугты сӕрыл. 13 Кусарты хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ къӕхтӕ хъӕуы доны ныхсын, уый фӕстӕ сӕ сауджын нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уый у иууылсудзинаг нывонд, ӕхцон хӕрздӕфӕн, арты нывонд Дунедарӕгӕн. 14 Исчи Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн маргъ куы хӕсса, уӕд равзарӕд ӕхсинӕг кӕнӕ бӕдул бӕлон. 15 Сауджын маргъы нывондхӕссӕнмӕ бахӕссӕд, йӕ къубал ын фездухӕд ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд, йӕ туг та йын нывондхӕссӕны фарсыл бакалӕд. 16 Йӕ гуцъа йын йӕ пакъуытимӕ стонӕд ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны скӕсӕнварс, фӕнык кӕдӕм фӕкалынц, уырдӕм аппарӕд. 17 Йӕ базыртыл ын, скъуынӕгау, фӕйнӕрдӕм ахӕцӕд, фӕлӕ йӕ дыууӕ дихы ма фӕкӕнӕд, нывондхӕссӕныл ӕй сугӕй арты басудзӕд. Уый у иууылсудзинаг нывонд, ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia