Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Колоссӕгтӕм 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Хицӕуттӕ, уӕ цагъартимӕ ут рӕстзӕрдӕ, кӕсут сӕм хорз цӕстӕй. Сымахӕн дӕр уӕларвы Бардарӕг кӕй ис, уый уӕ рох ма уӕд.


Зондамонӕн ныхӕстӕ

2 Кувут ӕнувыдӕй, зӕрдиагӕй ӕмӕ Хуыцауӕй бузныгӕй.

3 Кувут мах тыххӕй дӕр, цӕмӕй нын Хуыцау ратта фадат, ӕз ахӕстоны кӕй сӕраппонд дӕн, Чырыстийы уыцы сусӕгдзинадыл дзурынӕн.

4 Кувут, цӕмӕй уыцы сусӕгдзинад ӕз раргом кӕнон, куыд мын ӕмбӕлы, афтӕ.

5 Ӕнӕуырнджытимӕ уӕхи дарут зондджынӕй, алы фадатӕй дӕр пайда кӕнгӕйӕ.

6 Уӕ ныхас кӕддӕриддӕр уӕд зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ нывыл: зонут, кӕмӕн цы дзуапп дӕттын хъӕуы, уый.


Кӕронбӕттӕн

7 Мӕн тыххӕй уын ӕппӕт дӕр радзурдзӕн нӕ уарзон ӕфсымӕр Тихик, Бардарӕгӕн мемӕ чи кусы, мӕ уыцы иузӕрдион ӕххуысгӕнӕг.

8 Ӕз уӕм ӕй уымӕн ӕрвитын, цӕмӕй уын радзура нӕ уавӕрты тыххӕй ӕмӕ уын барӕвдауа уӕ зӕрдӕтӕ.

9 Ӕрвитын уӕм ӕй, сымахӕрдыгон чи у, нӕ уыцы иузӕрдион ӕмӕ уарзон ӕфсымӕр Онисимимӕ. Уыдон уын радзурдзысты амы ӕппӕт хабӕрттӕ.

10 Салам уын дӕттынц, мемӕ ахст чи у, уыцы Аристарх, Марк — Варнавӕйы хӕстӕг (куы уӕм ӕрцӕуа, уӕд ыл баузӕлут, зӕгъгӕ, уын кӕй тыххӕй бафӕдзӕхстӕуыд, уый)

11 ӕмӕ Иуст кӕй хонынц, уыцы Йесо. Сунӕтгӕндтӕй ӕрмӕст уыдон кусынц мемӕ Хуыцауы Паддзахадӕн; стыр ныфс мын сты.

12 Салам уын ӕрвиты уӕхи Эпафрас, Йесо Чырыстийы цагъар. Уый иудадзыг сымах тыххӕй кувы ӕнувыдӕй, цӕмӕй уат ӕнӕфӕцудгӕ, ӕнӕгуырысхойӕ ӕууӕндат Хуыцауыл ӕмӕ алцӕмӕй дӕр Йӕ коммӕ кӕсат.

13 Ӕз ӕвдисӕн дӕн уӕ сӕраппонд, стӕй, Лаодикийы ӕмӕ Иераполы чи ис, уыдоны сӕраппонд, Эпафрас куыд бирӕ кусы, уымӕн.

14 Салам уын ӕрвитынц нӕ уарзон дохтыр Лука ӕмӕ Димас.

15 Салам раттут лаодикиаг ӕфсымӕртӕн, стӕй Нимфӕйӕн ӕмӕ, йӕ хӕдзары цы аргъуан ӕмбырд кӕны, уымӕн.

16 Ацы фыстӕг уӕ аргъуаны куы бакӕсат, уӕд бакӕнут афтӕ, цӕмӕй йӕ бакӕсой Лаодикийы аргъуаны дӕр; Лаодикийӕ цы фыстӕг райсат, уый та сымах бакӕсут.

17 Зӕгъут Архиппӕн: «Бардарӕг дын дӕ бӕрны цы куыст бакодта, ууыл у ӕнувыд — кӕронмӕ йӕ ахӕццӕ кӕн».

18 Ӕз, Павел, мӕ салам ныффыстон мӕхи къухӕй. Ӕз рӕхыстӕй баст кӕй дӕн, уый уӕ рох ма уӕд. Хуыцауы хорзӕх уӕ уӕд.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan