Колоссӕгтӕм 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Фӕнды мӕ, цӕмӕй зонат, уӕ сӕраппонд, стӕй лаодикиӕгты ӕмӕ, лӕгӕй-лӕгмӕ мӕ чи нӕ зоны, уыдоны сӕраппонд дӕр куыд бирӕ кусын, уый. 2 Ӕз тырнын, цӕмӕй уат ныфсджын, уарзондзинад уӕ бӕтта кӕрӕдзиуыл, хъӕздыг уат, ӕцӕгадыл ӕнӕгуырысхойӕ кӕй ӕууӕндут ӕмӕ йӕ ӕххӕстӕй кӕй ӕмбарут, уымӕй. Ӕмӕ уӕд зондзыстут Хуыцауы сусӕгдзинад — Чырыстийы. 3 Уӕлзонды ӕмӕ зонынады ӕппӕт арфӕвӕрд хӕзнатӕ Чырыстимӕ сты. 4 Ӕз уын уыдӕтты тыххӕй уымӕн зӕгъын, цӕмӕй уӕ мачи асайа къӕбӕлдзыг ныхӕстӕй. 5 Уымӕн ӕмӕ мӕхӕдӕг уемӕ нӕ дӕн, фӕлӕ мӕ зӕрдӕ уемӕ ис ӕмӕ цин кӕнын, уӕ цард нывыл кӕй у ӕмӕ Чырыстийыл фидарӕй кӕй ӕууӕндут, ууыл. Чырыстон цард 6 Уӕдӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийыл зӕрдиагӕй куыд баууӕндыдыстут, афтӕ ут Йемӕ ӕмӕ Йын уӕ цард уӕд фӕндон. 7 Куыд уын бацамындӕуыд, афтӕ Йӕ скӕнут уӕ царды бындур, рӕзӕд уӕ уырнындзинад, ӕмӕ кӕддӕриддӕр ут бузныг. 8 Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ мачи асайа ӕнӕпайда ӕмӕ гӕдыбыд ахуырӕдтӕй. Уыдонӕн сӕ бындур Чырысти нӕу, фӕлӕ дунейы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ адӕмы таурӕгътӕ. 9 Чырыстийы мидӕг баиу сты Хуыцауы ӕппӕт миниуджытӕ. 10 Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы сымах ӕххӕст стут ӕппӕтӕй дӕр. Уый лӕууы ӕппӕт хицӕуттӕ ӕмӕ барджынты сӕргъы. 11 Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы сымах ӕрцыдыстут сунӕтгонд. Уыцы сунӕт уын скодта адӕймаг нӕ, фӕлӕ Чырысти, ӕмӕ афтӕмӕй фервӕзтыстут тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй. 12 Аргъуыд исгӕйӕ, Чырыстиимӕ ӕрцыдыстут ныгӕд ӕмӕ, Йесойы мӕрдтӕй райгасгӕнӕг Хуыцауы тыхыл ӕууӕндгӕйӕ, райгас стут Йемӕ. 13 Сымах уӕ тӕригъӕдты ӕмӕ уӕ ӕнӕсунӕт ӕрдзыхъӕды аххосӕй уыдыстут мард, фӕлӕ уӕ Хуыцау райгас кодта Чырыстиимӕ. Хуыцау нын ныббарста не ’ппӕт тӕригъӕдтӕ дӕр, 14 аивта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ ныхмӕ чи уыди, нӕ хӕсты уыцы номхыгъд, скодта йын кӕрон — байтыгъта йӕ дзуарыл. 15 Хицӕуттӕн ӕмӕ барджынтӕн байста сӕ хотыхтӕ, фӕуӕлахиз сыл дзуарылтыгъдӕй, ӕмӕ афтӕмӕй сӕгад сты ӕппӕт дунейы раз. 16 Уӕдӕ уын мачи тӕрхон кӕнӕд, цы хӕрут ӕмӕ цы нуазут, стӕй исты бӕрӕгбон, мӕйноджы бӕрӕгбон кӕнӕ сабат кӕй нӕ бӕрӕг кӕнут, уый тыххӕй. 17 Уыдӕттӕ, фидӕны цы хъуамӕ ӕрцӕуа, уымӕн йӕ фӕлгонц йеддӕмӕ ницы сты, ӕцӕгдзинад та Чырысти у. 18 Се ’нӕхъуаджы сӕрныллӕгӕй ӕмӕ зӕдтӕн кувынӕй зӕрдӕрухс чи у, уыдонӕй уӕ мачи асайӕнт. Уыдонӕн сӕ дины бындур мӕнг цӕстылуайӕнтӕ сты. Ахӕмтӕ дзӕгъӕлы сӕрыстыр сты сӕ зӕххон зондӕй. 19 Уыдон Чырыстийыл, буары Сӕргълӕууӕгыл, фидар нӕ хӕцынц. Буарӕн ӕппӕт дӕр дӕтты Чырысти — буар кӕрӕдзиуыл ӕнгом хӕцы нуӕрттӕ ӕмӕ уӕнгбӕттӕнты фӕрцы ӕмӕ рӕзы Хуыцауӕн фӕндиагӕй. Ног цард 20 Кӕд сымах Чырыстиимӕ амардыстут ӕмӕ а дунейы ӕгъдӕуттӕй ссӕрибар стут, уӕд ма, цыма дунейы цӕрут, уыйау цӕмӕн кӕсут уыдоны коммӕ: 21 «Дӕ къухмӕ йӕ ма райс!», «Ма дзы бахӕр!», «Ма йыл бандзӕв!»? 22 Уыдон иууылдӕр сты адӕмы ӕрхъуыдыгонд фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ ахуырӕдтӕ. Уыцы уагӕвӕрдтӕ дзурынц се спайда кӕныны фӕстӕ аппарынӕй уӕлдай чи ницӕмӕнуал фӕбӕззы, уыцы дзауматыл. 23 Ахӕм уагӕвӕрдтӕ ӕрмӕстдӕр ӕддаг бакастӕй зынынц зондджын, сӕхи ӕрхъуыдыгонд лӕггадимӕ, сӕрныллӕгдзинадимӕ, буар ӕнӕхъуаджы хъизӕмаримӕ, ӕцӕгӕй та тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдыл сӕ бон нӕ цӕуы. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia