Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Колоссӕгтӕм 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Павелӕй, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостолӕй, ӕмӕ не ’фсымӕр Тимофейӕ —

2 Чырыстиимӕ иу чи у, Колоссы уыцы сыгъдӕг ӕмӕ иузӕрдион ӕфсымӕртӕм.


Бузныджы куывд

3 Хорзӕх ӕмӕ уын фарн — Хуыцауӕй, нӕ Фыдӕй, ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ. Мах иудадзыг кувӕм сымах тыххӕй ӕмӕ арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн — нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Фыдӕн,

4 уымӕн ӕмӕ фехъуыстам: сымах ӕууӕндут Йесо Чырыстийыл ӕмӕ уарзут ӕппӕт сыгъдӕджыты.

5 Уӕ уырнындзинад ӕмӕ уарзты бындур — уӕлӕрвты уӕм цы зӕрдӕдарӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Сымах ын йӕ кой фехъуыстат ӕцӕгады ныхасы — Фарны Уацы.

6 Уыцы Уац ӕрхӕццӕ ис сымахмӕ, ӕмӕ, ӕппӕт дунейы куыд ӕнтыстджын у ӕмӕ парахат кӕны, афтӕ йын ӕнтысы сымахмӕ дӕр, Хуыцауы хорзӕх ӕцӕгӕйдӕр цавӕр у, ахӕмӕй йӕ куы фехъуыстат ӕмӕ куы базыдтат, уӕдӕй фӕстӕмӕ.

7 Фарны уац сымах базыдтат нӕ уарзон ӕмкусӕг Эпафрасӕй — уый уӕ сӕраппонд ӕнувыдӕй кусы Чырыстийӕн.

8 Эпафрас нын радзырдта, Сыгъдӕг Уд уӕм цы уарзондзинад райхъал кодта, уый тыххӕй.

9 Уымӕ гӕсгӕ, уый цы бон фехъуыстам, уӕдӕй фӕстӕмӕ уын мах дӕр иудадзыг кувӕм ӕмӕ лӕгъстӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, цӕмӕй уын Уый Йӕ фӕндон базонын кӕна, уӕлзонд ӕмӕ уын монон ӕмбарынад ратта.

10 Мах кувӕм, цӕмӕй уӕ цардӕй кад кӕнат Бардарӕгӕн ӕмӕ алцы дӕр, Уымӕн ӕхцон куыд уа, афтӕ кӕныныл архайат, уӕ алы хорз хъуыддаг дӕр пайда куыд хӕсса ӕмӕ Хуыцауы фылдӕрӕй-фылдӕр куыд зонат,

11 цӕмӕй Йе стыр хъомысы фӕрцы фидар кӕнат, быхсаг ӕмӕ фӕразон суат.

12 Ӕмӕ цингӕнгӕйӕ арфӕ кӕнут Фыдӕн — Уый уын Йӕ сыгъдӕджыты бынтӕй хай райсын саккаг кодта Йӕ рухс Паддзахады.

13 Уый мах фервӕзын кодта талынджы уацарӕй ӕмӕ нӕ бакодта Йӕ уарзон Фырты Паддзахадмӕ —

14 Фырт не ссӕрибары аргъ бафыста Йӕ Тугӕй, ӕмӕ нын хатыргонд сты нӕ тӕригъӕдтӕ.

15 Уый райгуырд ӕппӕт сфӕлдисыны размӕ, Уый у, цӕстӕй Кӕй нӕ уынӕм, уыцы Хуыцауы цӕстуынгӕ фӕлгонц.

16 Уымӕн ӕмӕ, арвыл ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, цӕстӕй цы уынӕм ӕмӕ цы нӕ уынӕм, ӕппӕт уыдӕттӕ Уый фӕрцы сфӕлдыстӕуыд: паддзахы бадӕнтӕ ӕмӕ ӕлдарадтӕ, хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕ — ӕппӕт дӕр Йӕ фӕрцы ӕмӕ Уымӕн сфӕлдыстӕуыд.

17 Ӕппӕт сфӕлдысты размӕ дӕр Уый ис, ӕмӕ ӕппӕтыл дӕр Уый хӕцы.

18 Уый у Йӕ буары, Аргъуаны, Сӕргълӕууӕг. Уый у Сӕрӕвӕрӕн, мӕрдтӕй фыццаг Уый райгас, цӕмӕй ӕппӕт дӕр уа Йӕ дӕлбар.

19 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы бафӕндыд, цӕмӕй Йе ’ппӕт миниуджытӕ уой Чырыстимӕ

20 ӕмӕ Чырыстийы фӕрцы ӕппӕт дӕр бафидауын кӕна Йемӕ. Чырысти дзуарыл цы Туг ныккалдта, уымӕй Хуыцау бафидауын кодта уӕларвонты ӕмӕ зӕххонты.

21 Кӕддӕр сымах дӕр Хуыцауӕн уыдыстут ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ Йе знӕгтӕ, ӕмӕ уый ӕвдыстат уе ’взӕр хъуыддӕгтӕй.

22 Ныр та уӕ бафидауын кодта Йемӕ, Чырысти адӕймаджы буары кӕй амард, уый фӕрцы, цӕмӕй Хуыцауы раз уат сыгъдӕг, ӕнаипп ӕмӕ ӕнӕфау.

23 Ӕрмӕст уӕ уырнындзинад иудадзыг хъуамӕ лӕууа фидар бындурыл, уа ӕнӕфӕцудгӕ ӕмӕ хъуамӕ ма адард уат, цы Фарны Уац фехъуыстат, уый уын цы ныфс дӕтты, уымӕй. Уыцы Фарны Уац фехъусын чындӕуыд дунейы ӕппӕт адӕмӕн, ӕмӕ ӕз, Павел, сдӕн йӕ кусӕг.


Апостол Павелы лӕггад Аргъуанӕн

24 Ныртӕккӕ амондджын дӕн, уӕ сӕраппонд кӕй ӕвзарын, уыцы хъизӕмӕрттӕй. Мӕ буары мидӕг ӕз архайын, Чырыстийы сӕрвӕлтау мӕ цы хъизӕмӕртты кӕхц бануазын хъӕуы, уый баххӕст кӕныныл — Йӕ Буары, Аргъуаны, сӕраппонд.

25 Ӕз сдӕн Йӕ уыцы Аргъуаны кусӕг, цӕмӕй саразон, уӕ пайдайӕн мын Хуыцау цы бафӕдзӕхста, уый — сымахӕн Хуыцауы ныхас фехъусын кӕнон ӕххӕстӕй.

26 Ӕз хъуамӕ адӕммӕ фӕхӕссон, рагзаманӕй ӕппӕт фӕлтӕртӕ кӕй нӕ зыдтой, ныр та Хуыцау сыгъдӕджытӕн кӕй раргом кодта, Йӕ уыцы сусӕгдзинад.

27 Хуыцауы бафӕндыди уыцы сусӕгдзинадӕн йӕ кады хъӕздыгад ӕмӕ йе стырад адӕмтӕн раргом кӕнын. Уыцы сусӕгдзинад ис, Чырысти уӕ зӕрдӕты кӕй цӕры, уый мидӕг. Сымах Уый фӕрцы уӕ зӕрдӕ дарут, уӕ фидӕн намысджын кӕй уыдзӕнис, ууыл.

28 Мах хъусын кӕнӕм Чырыстийы тыххӕй; ӕппӕт зонынадӕй дӕр пайда кӕнгӕйӕ, алы адӕймагӕн дӕр зонд амонӕм ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнӕм, цӕмӕй алы адӕймаг дӕр, Чырыстиимӕ кӕй ис, уый фӕрцы Хуыцауы раз ӕнаиппӕй ӕрлӕууа.

29 Чырыстийы хъомысджын тыхӕй ӕз уый сӕраппонд кусыныл мӕхи хъарын.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan