Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Хъарӕг 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 О Дунедарӕг! Ӕрымыс нӕ, ӕркӕс нӕм, нӕ худинаг нын фен!

2 Нӕ исбон не знӕгтӕм куы ’рхауди, нӕ хӕдзӕрттӕ — ӕцӕгӕлӕттӕм!

3 Куы баззадыстӕм сидзӕртӕй, ӕнӕ фыдӕй, нӕ мадӕлтӕ идӕдзтӕ систы!

4 Куы ’лхӕнӕм доны хъуыртт ӕхцайӕ, нӕхи сугӕн куы фидӕм!

5 Хӕстӕг у не знаг, басаста нын нӕ хъару. О, сулӕфын куынӕуал у нӕ бон!

6 Мысырӕгтӕй, ассириӕгтӕй ӕххуыс куы агурӕм, цӕмӕй къӕбӕрӕй бафсӕдӕм!

7 Нӕ фыдӕлтӕ тӕригъӕдтӕ фӕкодтой, ныр уыдон нал сты, фӕлӕ сӕ фидӕм мах!

8 Цагъайрӕгтӕ нын хицӕуттӕ куы систы, фервӕзын сӕ куынӕуал у нӕ бон!

9 Нӕ цардыл н’ ауӕрдгӕйӕ, агурӕм къӕбӕр: ӕдзӕрӕг быдыры нӕ фӕдыл зилы кард!

10 Цыма нӕ ’фсӕйнаг пецы басыгъдӕуыд, уыйау ӕххормагӕй нӕ царм ныссау ис!

11 Сионы худинаг кӕнынц нӕ устыты, иудейаг сахарты — нӕ чызджыты!

12 Фыдгултӕ нын ӕрцауыгътой нӕ фӕтӕгты, сӕгад сты нӕ хистӕртӕ!

13 Нӕ тырынтӕ куыройы фыдтӕ зилынц, фӕкӕлынц сугты бын нӕ лӕппутӕ!

14 Кулдуары раз нал бадынц нӕ зӕрӕдтӕ, нӕ зарынц лӕппутӕ!

15 Нӕ зӕрдӕты куы амард цин, нӕ кафт куы раивта кӕуынӕй!

16 Нӕ кады худтӕ куы ’рхаудысты нӕ сӕртӕй! О, додойаг куы фестӕм мах нӕ тӕригъӕды аххосӕй!

17 Нӕ зӕрдӕтӕ фӕйнӕрдӕм тонынц, нӕ цӕстыты рухс бамынӕг.

18 О, сафтид ис Сионы хох, хъӕддаг куыйтӕ йыл зилынц!

19 О Дунедарӕг! Ды паддзахиуӕг кӕныс ӕнусмӕ! Дӕ паддзахы бадӕн — мыггагӕй мыггагмӕ!

20 Цӕмӕн нӕ ныууагътай уый бӕрц рӕстӕгмӕ? Цӕуылнӕ нӕ ӕрымысыдтӕ ныронг?

21 О Дунедарӕг! Раздах нӕ Дӕхимӕ, ӕмӕ уӕд раздӕхдзыстӕм. О, ратт нын ногӕй рагзаманты цард!

22 Ау, бынтон нӕ аппӕрстай Дӕхицӕй? Дӕ мастӕн нӕй кӕрон?

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan