Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Хъарӕг 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уӕ, додойаг куыд фӕдӕн! Йӕ мастисӕн лӕдзӕгӕй мӕ фӕсырдта Дунедарӕг!

2 Уӕ, саудалынгмӕ мӕ куы ’ркодта!

3 Ӕрвылбон мӕ куы ’фхӕры,

4 куы мӕ ’ргӕвды, куы мын ныззыгуым кодта ме стджытӕ!

5 Куы ’ртыхст мӕ алыварс, уӕ, удхарӕй мӕ мары!

6 Куы мӕ ныппӕрста талынгмӕ ӕнусмӕ, цыма ингӕны дӕн мардау!

7 Мӕ алыварс куы самадта быру, — нӕй рацӕуӕн, рӕхыстӕй мӕ куы сбаста!

8 Ӕз хъӕр кӕнын ӕмӕ дзыназын: мӕ куывд Ӕй фехъусын нӕ фӕнды.

9 Уӕ, дуртӕ мын куы самадта мӕ размӕ, ныссуйтӕ мын кодта мӕ фӕндӕгтӕ!

10 Тӕссаг у, цыма арс, йе та домбай йӕ амӕттаджы хъахъхъӕны!

11 Уӕ, дунетыл Йӕ фӕндонӕй куы хӕтын, куы сдзӕгъӕл кодта, иунӕгӕй мӕ куы ныууагъта!

12 Нылвӕста Йе ’рдын, сарӕзта мӕ мил,

13 Йӕ фӕттӕ мын куы ныссагъта мӕ уыргты!

14 Мӕ адӕмӕн ӕз хъазинаг куы сдӕн, куы кӕнынц алы бон мӕ фыдгой!

15 Уӕ, мастӕй мӕ куы бафсӕста, куы мӕ бафсӕста скъӕлдзойӕ!

16 Куы мын фӕхӕрын кодта дуртӕ, мӕ дзых мын байдзаг кодта рыгӕй!

17 Уӕ, амонд байстай Ды мӕ цардӕй, ӕз ферох кодтон циндзинад!

18 Уӕд загътон ӕз: «О, фесӕфти мӕ хъару, мӕ зӕрдӕдарӕн Дунедарӕг нал у!»

19 О, ӕркӕс мӕ саубонмӕ, куыд рафт-бафт кӕнын, уымӕ! Мӕ фӕндӕгтӕ ныссуйтӕ сты, ӕркӕс мӕм! Куы байдзаг дӕн скъӕлдзо ӕмӕ мастӕй!

20 Мӕ хъизӕмар мӕ удӕй рох нӕма у,

21 фӕлӕ мын ис зӕрдӕдарӕн, ӕмӕ мӕхицӕн раттын дзуапп:

22 «Дунедарӕгӕн Йӕ хӕрзаудӕн нӕ сысы, Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы —

23 ӕрвылбон ногӕй суадзынц талатӕ».

24 Дунедарӕг — мӕ исбон, мӕ зӕрдӕ Йыл дардзынӕн.

25-26 Дунедарӕг кӕмӕн у йӕ ныфс, кӕй йӕ фервӕзын кӕндзӕн, ууыл ӕмырӕй чи дары йӕ зӕрдӕ, Йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕндзӕн уый!

27 Ӕвзонджы бонтӕй чи хӕссы йӕ уаргъ, уый Дунедарӕгӕн Йӕ хорзӕх айсдзӕн.

28 Ӕдзӕмӕй бады иунӕгӕй: йӕ уаргъ ыл Дунедарӕг сӕвӕрдта.

29 Ныддӕлгом ис зӕххыл: «Кӕд ис нырма, мыййаг, зӕрдӕ дарӕн?»

30 Йӕ ныццӕвӕгмӕ бадардта йӕ рус. О, худинаджы бын куы фӕци!

31 Дунедарӕг Йе ’ргом ӕнусмӕ нӕ аздӕхта!

32 Хъизӕмар нын бавзарын кодта, фӕлӕ та ныббардзӕнис: ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх!

33 Ӕвӕндонӕй Уый адӕймаджы бафхӕры, фӕриссын ын кӕны йӕ зӕрдӕ.

34 Уацайрӕгты къӕхты бын куы бассӕндынц,

35 Иууылбӕрзонды раз раст тӕрхон куынӕуал фӕкӕнынц,

36 тӕрхондоны куы асайынц лӕджы, уӕд Дунедарӕг уыдӕттӕ нӕ зоны?

37 Кӕй бон ма у ӕрмӕст зӕгъын, цӕмӕй Йӕ ныхас сӕххӕст уа? Йӕ бар нӕ цӕуы алцӕуыл?

38 Фарн дӕр ӕмӕ бӕллӕх дӕр Стыр Хуыцауы ныхасӕй не ’рцӕуынц?

39 Сӕ тӕригъӕд куы бафидынц ӕфхӕрдӕй, уӕд ма куыд хъуамӕ рахъаст кӕной адӕм?!

40 Фӕндаг ссарӕм, Дунедарӕгмӕ раздӕхӕм,

41 нӕ къухтӕ ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ уӕларвы Хуыцаумӕ сивазӕм!

42 Тӕригъӕдтӕ фӕкодтам, нӕ Дӕм хъуыстам, — Ды нын нӕ ныббарстай!

43 Дӕ маст ссыгъд, ӕмӕ нӕ сурыс, ӕгъатырӕй нӕ сафыс!

44 Ӕврӕгъты сӕрмӕ бамбӕхстӕ, нӕ нын хъусыс нӕ куывд!

45 Ныр адӕмты ’хсӕн — чъизи ӕмӕ ’лгъаг,

46 ныххӕлиу кодтой не знӕгтӕ сӕ дзыхтӕ, цӕмӕй нӕ аскъуыдтӕ кӕной!

47 Хъоргъ ӕмӕ ӕвирхъау тас — нӕ хал. О, сӕфт, бӕллӕх!

48 Мӕ цӕссыг ранхъӕвзы донау — мӕ адӕмы чызг сӕфы!

49 Кӕлы мӕ цӕстысыг, о, нӕй йын байсысӕн,

50 куы не ’ркӕса уӕларвӕй Дунедарӕг, мӕ хъизӕмар мын цалынмӕ нӕ фена!

51 Мӕ зӕрдӕ фыр рыстӕй фӕцӕйтоны, куы бакӕсын мӕ сахары чызджытӕм!

52 Ӕнаххос маргъы фӕдыл зилӕгау мӕ фӕдыл зилы знаг!

53 Удӕгасӕй мӕ дзыхъмӕ ныппӕрстой, йӕ сӕр ын дурӕй сӕхгӕдтой!

54 Цӕугӕдӕттӕ мӕ сӕрмӕ схӕццӕ сты, ныцъцъӕхахст кодтон: «Уӕ, ӕрцыди ме сӕфт!»

55 О Дунедарӕг, арф дзыхъхъӕй Дӕм кувын!

56 Мӕ хъӕлӕс мын куы хъусыс, о, фехъус мын мӕ куывд ӕмӕ мӕ хъӕрзын!

57 О, дзуапп куы раттис ды мӕнӕн, куы зӕгъис: «Ма тӕрс!»

58 О Дунедарӕг, раст тӕрхон мын рахӕсс! О, фервӕзын мӕ кӕн!

59 О Дунедарӕг, ме ’фхӕрд мын куы уыныс! Тӕрхонгӕнӕг мын у!

60 Ды уыныс, куыд саузӕрдӕ сты ме знӕгтӕ, зоныс сын сӕ сау фӕндтӕ.

61 Дунедарӕг, хынджылӕг мӕ куыд кӕнынц, уый куы хъусыс, сӕ фыдвӕндтӕ сын зоныс.

62 Сӕхи мыл худӕгӕй хӕссынц, кӕнынц мӕ фыдгой алы бон.

63 Ӕркӕс-ма: бадгӕ кӕной ӕви сыстой — мӕныл худынц ӕдзухдӕр!

64 О Дунедарӕг! Стӕрхон сын кӕн, курын, сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ сӕ бафхӕр!

65 О, сӕрра уӕнт, ӕлгъыстаг сӕ фӕкӕн!

66 О Дунедарӕг, зил сӕ фӕдыл, бынысӕфт сӕ фӕкӕн! Сӕ кой дӕр мауал уӕд Дӕ арвы бын!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan