Хъарӕг 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 О, додой! Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд — Сионы Чызджы саудалынджы баппӕрста! Израилы кад арвӕй зӕхмӕ фехста! Тӕрхоны бон ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууагъта Йӕ къӕхты ’нцой! 2 Ӕгъатырӕй ныппырх кодта Йаковы хӕдзӕрттӕ, ныддӕрӕн кодта фыр мӕстӕй Иудӕйы фидӕрттӕ. Фӕчъизи кодта, афӕлдӕхта зӕххыл паддзах ӕмӕ уӕздӕтты. 3 Уӕ, мӕстӕй судзгӕйӕ, Израилӕн йӕ хъару басаста! Уӕ, нал ӕй хъахъхъӕны фыдгултӕй! Ӕхсидгӕ артау бандзӕрста Йаковыл, ӕнӕхъӕн бӕстӕ саусыгъд бакодта. 4 Йӕ фат нылвӕста Дунедарӕг знагау ӕмӕ Йӕ кардӕй бабын кодта ӕппӕт дӕр, — цыдӕриддӕр у цӕстытӕн ӕхцон! Сионы Чызджы хӕдзӕрттыл йӕ маст ныккалдта пиллон артау! 5 Дунедарӕг йе знаг фестади, фесӕфта Израилы! Ныддӕрӕн кодта галуантӕ ’мӕ фидӕрттӕ; байдзаг кодта Иудейы зӕхх хъарӕгӕй, кӕуынӕй. 6 Йӕ хӕдзар сафтид кодта мусонгау, ныззыгуым кодта Йе ’мбырдты бынат! Бӕрӕгбӕттӕ ’мӕ сабаты ӕгъдӕуттӕ Сионы рох ӕрцыдысты Йӕ фӕндонӕй. Фыр мӕстӕй Йе ’ргом аздӕхта паддзах ӕмӕ сауджынӕй. 7 Йӕ нывондхӕссӕн фехста, Йӕ Кувӕндонмӕ нал цӕуы ӕмгӕрон. Сионы галуантӕ фыдгулты къухтӕм радта, сӕ уынӕр хъуысы Дунедарӕджы хӕдзарӕй, — бӕрӕгбон сын у ныр! 8 Дунедарӕг сфӕнд кодта ныппырх кӕнын Сионы систӕ, зӕххимӕ сӕ сиу кодта, ӕвӕллайгӕйӕ сӕ дӕрӕн кӕны. Дзыназынц систӕ ’мӕ бырутӕ, уӕ, хъизӕмар куы кӕнынц! 9 Йӕ кулдуӕрттӕ йын афӕлдӕхта зӕххыл, куы ратыдта, куы срӕдывта ӕвдузӕнтӕ! Уӕ, тард куы ’рцыдысты сӕ зӕххӕй паддзах ӕмӕ уӕздӕттӕ! О, нал хъуысы Хуыцауы Ӕгъдау! О, пехуымпартӕн Дунедарӕг ныр нал ӕвдисы рагуацтӕ! 10 Сионы хистӕртӕ ӕмырӕй зӕххыл бадынц, сӕ сӕртыл рыг байзӕрстой, сӕ уӕлӕ скодтой сӕхъис; Йерусалимы чызджытӕ ныддӕлгом сты зӕххыл. 11 Тыхсы мӕ уд, о, бакуырм дӕн фыр куыдӕй! Мӕ зӕрдӕ скъуыны, уӕ, мӕ адӕм сӕфынц! Чысыл сабитӕ сахары уынгты сыдӕй мӕлынц! 12 Сӕ мадӕлтӕй куы курынц дон, къӕбӕр, уӕ, уынгты ӕрдӕгмӕрдтау куы лӕзӕрынц! Сӕ удтӕ сисынц мадӕлты хъӕбысы! 13 Йерусалим! Цӕуыл дӕ абарон, цы дын зӕгъон? Куыд дӕ ’рсабыр кӕнон, Сионы чызг!? Ӕнӕбын денджызау у арф дӕ рыст. Кӕй бон у сдзӕбӕх кӕнын дӕу? 14 Дӕ пехуымпартӕ дӕ фӕсайдтой: дӕ тӕригъӕдтӕм дын нӕ амыдтой! Уӕ, дӕу нӕ бахъахъхъӕдтой уацарӕй! Сӕ рагуацтӕ уыдысты мӕнг! 15 Фӕндаггон фыр дисӕй ныкъкъӕрцц кӕндзӕнис йе ’рмттӕ, ныкъкъуыззит кӕндзӕн, банкъусдзӕн йӕ сӕр ӕмӕ зӕгъдзӕн Йерусалимӕй: «Алӕмӕты рӕсугъд сахар дӕу хуыдтой? Ӕгас дунейы циндзинад ды уыдтӕ?» 16 О сахар! Де знӕгтӕн хынджылӕггаг куы фестадтӕ! Ӕхситт кӕнынц, сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс куы цӕуы, дзурынц: «Кӕдӕй-уӕдӕй йын федтам йе сӕфт! О, ’рцыди уыцы бон!» 17 Дунедарӕг сӕххӕст кодта Йӕ фӕндон, рагзаманы цы загъта, уый ӕрцыди, — ӕгъатырӕй дӕ ныр дӕрӕн кӕны, фыдгултӕн дӕ хынджылӕггаг скодта. О, радта сын уӕлахиз! 18 О, Дунедарӕгмӕ зӕрдиагӕй скув! Сионы Чызджы Сис, ӕхсӕвӕй-бонӕй ку! Дӕ цӕссыг иу уысммӕ дӕр ма ’рлӕууӕд! О, ферох кӕн ӕнцой! 19 Ӕрвылӕхсӕв-иу сыст ӕмӕ дзыназ, — уадз, Дунедарӕг фена, дӕ сау цӕссыг куыд згъалыс, куыд кӕуыс! Дӕ къухтӕ Йӕм лӕгъстӕгӕнгӕйӕ иваз дӕ сабиты сӕраппонд! Уӕ, алы тигътыл ӕххормагӕй куы мӕлынц! 20 О Дунедарӕг, ӕркӕс мӕм! О, уый бӕрц ӕгъатыр кӕд кӕимӕ уыдтӕ?! Ныййарӕг мад йӕ сабиты хӕрынмӕ ’рцыд! Уӕ, сауджынӕй, пехуымпарӕй куы сӕфынц, Дӕ Кувӕндоны сӕ куы марынц! 21 Зӕрондӕй, сабийӕ, лӕзӕрынц рыджы фӕндӕгтыл. Уӕ, кардӕй мын куы ныццагътой мӕ чызджыты, мӕ лӕппуты! Дӕ азары бон се ’ппӕты дӕр фесӕфтай, ӕгъатырӕй сӕ аргӕвстай! 22 Цыма бӕрӕгбон ралӕууыди, уыйау Ды алырдыгӕй ӕрбахуыдтай бӕллӕхтӕ. О, Дунедарӕджы азары бон, иунӕг дӕр куы нӕ фервӕзт! Кӕй фӕхастон, кӕй фӕрӕвдыдтон, — ныццагътой се ’ппӕты дӕр знӕгтӕ! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia