Хъарӕг 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 О, додой! Адӕмарӕх сахар куы сафтид ис, идӕдзау иунӕгӕй куы аззади! Кӕддӕр куы уыдис адӕмты ’хсӕн номдзыд, бӕстӕты ус-паддзах куы сси цагъар! 2 Ӕхсӕвы тары сау цӕссыг куы згъалы, йӕ рагуарзӕттӕй иу куы нӕй йӕ цуры! Гадзрахатӕй йыл рацыдысты ’рдхӕрдтӕ, уӕ, систы йе знӕгтӕ! 3 Уӕ, сурынц иудейӕгты сӕ зӕххӕй! Цагъартӕ сты, о, сау бон сыл куы ’ркодта! Ӕцӕгӕлӕтты ’хсӕн ӕмбӕхсынц, ӕнцой нӕ арынц, баййӕфтой сӕ знӕгтӕ! Уӕ, додойаг куы фесты! 4 Хъынцъым куы кӕнынц фӕндӕгтӕ Сионы, — бӕрӕгбонарӕзт иунӕг дӕр куынӕуал у. Уӕ, сафтид сты сахарӕн йӕ кулдуӕрттӕ, хъӕрзынц йӕ сауджынтӕ, хъӕр кӕнынц фыр рыстӕй йӕ чызджытӕ! О, додойаг куы фӕци! 5 Фӕуӕлахиз ыл йе знаг, сӕ цины хъӕр фыдгултӕн хъуысы, — о, Дунедарӕг бафхӕрдта Йӕ сахар; йӕ тӕригъӕдтӕ хъизӕмарӕй фиды! Йӕ сабиты йын уацары фӕкӕнынц, тӕрынц сӕ се знӕгтӕ сӕ разӕй. 6 Сионы чызгӕн фесӕфти йӕ фидауц, йӕ уӕздӕттӕ сдзӕгъӕл сты сагтау, ӕмӕ сӕхицӕн хизӕнуат нӕ арынц; сӕ хъару басаст, фӕлӕ лидзынц. О, додой, баййӕфта сӕ цуанон! 7 Ӕрымысыд йӕ хъизӕмӕртты заман Йерусалим йӕ раздӕры хӕзнатӕ. Ныр саст ӕрцыд, ӕххуысгӕнӕг нӕ зыны, кӕсынц ӕм знӕгтӕ ӕмӕ худынц, кӕй фесӕфти йӕ хъару, ууыл. 8 Йерусалимӕн йӕ тӕригъӕд уӕззау у, фӕчъизи ис, ныр йе стауджытӕн сӕлгъаг, — уӕ, федтой йын йӕ худинаг! Йӕ цӕссыг калы, азылдта йӕ цӕсгом, — 9 фӕчъизи ис йӕ фӕччи! Нӕ хъуыды кодта фидӕныл, ӕмӕ ӕвиппайды фӕкалди, — йӕ разы сабыргӕнӕг нӕй! О Дунедарӕг! ӕркӕс-ма мын мӕ хъизӕмармӕ! Мӕ фыдгултӕн сӕ цины хъӕртӕ хъуысынц! 10 Ныр йе знаг у йӕ хӕзнатӕн сӕ хицау. О, додой! Кувӕндонмӕ бацыдысты адӕмтӕ, — Ды Де ’мбырдмӕ цӕуыны бар кӕмӕн нӕ радтай, уыдон! 11 Хъӕрзынц йӕ адӕм, агурынц къӕбӕр. Сӕ хӕзнатӕ хӕринагыл куы ивынц, цӕмӕй мӕлӕтӕй фервӕзой! О Дунедарӕг! Ӕркӕс-ма мын мӕ худинагмӕ! 12 Фӕндаггӕттӕ! Цӕут мӕ рӕзты, фӕлӕ-ма ӕрбакӕсут: ӕз цы хъизӕмар ӕвзарын, ахӕм ма искуы фендӕуыд? Уӕ, Дунедарӕг ӕй мӕныл йӕ судзгӕ масты бон куы бафтыдта! 13 Уӕларвӕй мыл ӕруагъта арт. Уӕ, судзы мӕ! Мӕ размӕ мын къӕппӕджытӕ сӕвӕрдта. Уӕ, лидзӕг мӕ фӕкодта! Уӕ, мӕнӕ фыр тӕссӕй куы бандзыг дӕн, куы кӕлы алы бон мӕ туг! 14 Мӕ тӕригъӕдтӕй сарӕзта ӕфсондз, — Йӕхи къухӕй йӕ сбыдта! Мӕ бӕрзӕйыл мын уӕз кӕны, ӕмӕ фӕкӕлын ӕз ӕдыхӕй. Кӕй къухтӕм радта Дунедарӕг мӕн, ӕз уыдонӕй куыд ратонон мӕхи? 15 Уӕ, Дунедарӕг басаста мӕ тыхджынты! Мӕ ныхмӕ мын, бӕрӕгбонмӕ сӕ хонӕгау, ӕрӕмбырд кодта ме знӕгты, — ныццӕгъдой мын мӕ лӕппуты! Сӕнӕфсир сӕндуцӕны ссӕндӕгау, Иудӕйы чызджы Дунедарӕг бассӕста! 16 О, уый тыххӕй куы кӕуын ӕз, мӕ цӕссыг цӕстытӕй куы ранхъӕвзы! Мӕ Сабыргӕнӕг, мӕлӕтӕй Ирвӕзынгӕнӕг, о, дард куы у мӕнӕй! Фӕуӕлахиз мыл, басаста мӕ ме знаг, мӕ хъӕбултӕ, мӕ сабитӕ куы сӕфынц! 17 Сион ӕххуысмӕ сиды, фӕлӕ йын баххуысгӕнӕг нӕй! Уӕ, Дунедарӕг бардзырд радта, — Йаковыл ӕрхъула кодтой знӕгтӕ! Йерусалим ныр се ’хсӕн куы сси ӕлгъаг! 18 О, Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхон раст у, — нӕ Йӕм хъуыстон! О, байхъусут-ма, адӕмтӕ! Мӕ хъизӕмармӕ мын ӕрбакӕсут: мӕ чызджытӕ, мӕ лӕппутӕ, уӕ, уацары куы фӕцӕуынц! 19 Хӕзгултӕм сидтӕн — сивтой мыл сӕ зӕрдӕтӕ! Уӕ, сӕфынц сахары Мӕ сауджынтӕ, мӕ хистӕртӕ! Къӕбӕргур зилынц — фервӕзой мӕлӕтӕй! 20 О Дунедарӕг, ӕркӕс-ма мын мӕ хъизӕмармӕ! Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны, ӕнцой нӕ ары мӕ уд — нӕ Дӕм хъуыстон! Мӕ хӕдзӕртты куы бабадти мӕлӕт, мӕ сабиты мын уынгты кардӕй марынц! 21 Мӕ хъӕрзын хъуысы ме знӕгтӕм дӕр, хъуысы, нӕй сабыргӕнӕг, знӕгтӕ цин кӕнынц, цы мын бакуыстай, ууыл! Дӕ тӕрхоны бон ралӕууӕд! Мӕ фыдгултӕ мӕ фӕндӕгтыл фӕцӕуӕнт! 22 Сӕ фыдракӕндтӕм сын ӕркӕс, ӕгъатырӕй сӕ бафхӕр, мӕнӕн куыд нӕ ныббарстай, афтӕ! Уӕ, не ’нцайы мӕ хъӕрзын! Уӕ, байсысти мӕ туг! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia