Иудӕ 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Йесо Чырыстийы цагъар Иудӕйӕ, Йаковы ӕфсымӕрӕй, — Фыд Хуыцауӕн уарзон ӕмӕ, Йесо Чырысти кӕй хъахъхъӕны, уыцы ӕвзӕрстытӕм. 2 Хуыцау уын ноджы фылдӕр бахай кӕнӕд Йӕ хорзӕхӕй, Йӕ фарн ӕмӕ уарзтӕй. Фыстӕгӕн йӕ ныхасы сӕр 3 Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд мӕ зӕрдиагӕй фӕндыди сымахмӕ нӕ иумӕйаг ирвӕзындзинады тыххӕй ныффыссын, уӕддӕр ӕнӕмӕнг бакӕнинагыл банымадтон сымахмӕ ныффыссын, сыгъдӕджытӕн иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ лӕвӕрд цы уырнындзинад ӕрцыди, мӕ фыстӕг уӕ ууыл тохмӕ куыд сразӕнгард кӕна, афтӕ. 4 Уымӕн ӕмӕ уӕм ӕрбаирвӕзтысты ӕнӕхуыцау чидӕртӕ. Уыдон нӕ Хуыцауы хорзӕхӕй сӕхицӕн сарӕзтой ӕлгъаг миты фӕрӕз, сӕхи тигъ кӕнынц нӕ иунӕг Паддзах ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийыл. Рагӕй-ӕрӕгмӕ фыст ис, уыдон аккаг ӕфхӕрд кӕй баййафдзысты, уый тыххӕй. Ӕнӕхуыцӕутты сӕфты тыххӕй рагагъоммӕ ныхас 5 Кӕд сымахӕн зындгонд у, уӕддӕр мӕ фӕнды уӕ зӕрдыл уын ӕй ӕрлӕууын кӕнын: Дунедарӕг Йӕ адӕмы Мысыры зӕххӕй куы раирвӕзын кодта, уӕд уый фӕстӕ фесӕфта, чи Йыл нӕ баууӕндыд, уыдоны. 6 Йӕ кад чи нӕ бахъахъхъӕдта ӕмӕ йӕ цӕрӕн бынат чи ныууагъта, уыцы зӕдты Уый стыр Тӕрхоны бонмӕ ӕнусон талынджы рӕхысбастӕй дары. 7 Уыдонау Содом ӕмӕ Гоморрӕ, стӕй сӕ алфамбылай сахартӕ дӕр кӕй хаттысты ӕмӕ фехӕлдысты, ӕмӕ уый тыххӕй мыггагмӕйы арты кӕй судзынц, уый алкӕмӕн дӕр у зонды хос. 8 Афтӕ уыцы сӕнттӕцӕгъдджытӕ дӕр: ӕлгъаг кӕнынц сӕ буар, Хуыцауы бартӕ ницӕмӕ дарынц ӕмӕ уӕларвон тыхты ныхмӕ дзурынц. 9 Стырзӕд Михаел Моисейы буары тыххӕй хӕйрӕгимӕ куы фӕбыцӕу ис, уӕд тӕрхоны бар йӕхимӕ нӕ райста, ӕфхӕрӕн ныхас ӕм не скодта, ӕрмӕстдӕр ын загъта: «Хуыцау дын Йӕхӕдӕг бауайдзӕф кӕнӕд!» 10 Адон та фауынц, цы нӕ зонынц, уый. Се ’рдзыхъӕдмӕ гӕсгӕ, ӕнӕзонд цӕрӕгойтау, цы зонынц, уымӕй сӕхи сафынц. 11 Сар сӕ сӕр! Уыдон цӕуынц Каины фӕндагыл, сӕ зӕрдӕтӕ сарӕзтой мулкмӕ ӕмӕ фӕсайды сты Балаамау, змӕнтынц Корейау ӕмӕ сӕфынц. 12 Ахӕмтӕ уӕ уарзты ӕхсӕвӕрты сты дӕлденджызон къуыбыртау, — ӕнӕфсармӕй цӕл кӕнынц уемӕ. Ӕрмӕстдӕр сӕхиуыл мӕт кӕнынц; уыдон сты, дымгӕ кӕй хӕссы, ахӕм ӕнӕкъӕвда мигътӕ, бындзарӕй кӕй срӕдывдӕуыд ӕмӕ дыууӕ марды чи акодта, ахӕм ӕнӕдыргъ фӕззыгон бӕлӕстӕ. 13 Уыдон сты, сӕ худинаджы фынк кӕмӕн абухы, уыцы денджызы знӕт уылӕнтау, мыггагмӕйы саудалынг кӕмӕ кӕсы, уыцы дзӕгъӕл стъалытау. 14 Уыдоны тыххӕй пехуымпариуӕг кодта Енох дӕр — Адамы байзӕддаджы ӕвдӕм фӕлтӕрӕй: «Мӕнӕ фӕцӕуы Дунедарӕг Йе ’нӕнымӕц сыгъдӕг зӕдтимӕ, 15 цӕмӕй ӕнӕхуыцӕуттӕй алкӕмӕн дӕр стӕрхон кӕна, хурмӕ сын рахӕсса се ’нӕхуыцау митӕ ӕмӕ, Йӕ ныхмӕ кӕй дзырдтой, ӕппӕт уыцы къӕйных ныхӕстӕ». 16 Уыдон сты хъуырхъуыргӕнджытӕ, райгонд ницӕмӕй сты, цӕрынц сӕ монцтӕм гӕсгӕ, ӕмхиц сты хиппӕлой ныхӕстӕ ӕмӕ козбау митӕм сӕхи пайдайы сӕраппонд. 17 Фӕлӕ сымахӕй, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, рох ма уӕд, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы апостолтӕ рагагъоммӕ цы загътой, уый. 18 Уыдон уын дзырдтой, зӕгъгӕ, рӕстӕджы кӕрон фӕзындзысты, сӕ ӕнӕхуыцау монцты дӕлбар чи уыдзӕн, ахӕм фауджытӕ. 19 Уыдон фӕхицӕнтӕ кӕнынц уырнджыты, кӕсынц сӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды коммӕ, Сыгъдӕг Уд сӕм нӕй. Кӕронбӕттӕн 20 Сымах та, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, рӕзут уӕ сыгъдӕг уырнындзинады бындурыл, кувут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй, 21 фидар хӕцут Хуыцауы уарзтыл, ӕнхъӕлмӕ кӕсут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕхмӕ, мыггагмӕйы цардӕй куыд схайджын уат, афтӕ. 22 Иутӕм, дызӕрдыггӕнджытӕм, кӕсут зӕрдӕхӕларӕй, 23 иннӕты ратонут арты дзыхӕй, ӕмӕ фервӕзой, аннӕтӕм ут зӕрдӕхӕлар, фӕлӕ уӕхи хизут, сӕ тӕригъӕдджын митӕй цы дарӕс фелгъаг, суанг уымӕй дӕр куыд нӕ фӕчъизи уат, афтӕ. 24 Фӕкӕлынӕй уӕ бахизын ӕмӕ уӕ Йӕ намысмӕ ӕнаиппӕй ӕмӕ райгӕйӕ бакӕнын Кӕй бон у, 25 Бардарӕг Йесо Чырыстийы фӕрцы мах Чи фервӕзын кодта, уыцы иунӕг Хуыцауӕн уӕд кад ӕмӕ стырад, паддзахад ӕмӕ хъомыс — ӕнусты размӕ, ныр ӕмӕ ӕнустӕм! Аммен. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia