Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Сабырдзинады паддзах

1 Ныронг Зевулон ӕмӕ Неффалимы зӕххытӕ ӕгады бынаты уыдысты, фӕлӕ фидӕны скадджын уыдзысты уыдон: Галилейы денджызгӕрон бӕстӕ дӕр ӕмӕ Иорданы фаллаг фарс, муртаттӕгтӕ кӕм цӕрынц, уыцы Галилей дӕр.

2 Талынджы цы адӕм цардысты, уыдон ӕгӕрон рухс федтой, саудалынджы бӕстӕйы чи царди, уыдоны сӕрмӕ рухс сӕрттывта.

3 О Хуыцау, Ды сбирӕ кӕндзынӕ ацы адӕмы, стыр цин сын бауадздзынӕ сӕ зӕрдӕты. Уыдон цин кӕндзысты Дӕ разы, цыма зӕххӕй бӕркадджын тыллӕг исынц кӕнӕ ӕфтиаг уарынц, уыйау.

4 Кӕддӕр сӕ мидианӕгтӕй куыд фервӕзын кодтай, афтӕ сын Ды ныр дӕр ныппырх кӕндзынӕ сӕ уӕззау ӕфсондз — ӕцӕгӕлон ӕлдарады ӕфсондз ӕмӕ фыдӕбойнаг рӕхыс, стӕй, цы лӕдзӕгӕй сӕ ӕфхӕрдтой, уый дӕр.

5 Хӕстонтыл тохы быдыры цы къахыдарӕс уыди, уыдон ӕмӕ сӕ тугамӕст пӕлӕзтӕ арты амӕттаг бауыдзысты.

6 Уымӕн ӕмӕ нын райгуырди Саби — рардӕуыди нын Фырт. Уый у не суинаг Паддзах. Сӕвӕрдзысты Йыл кадджын нӕмттӕ: Ӕрдхӕрӕны Уынаффӕгӕнӕг, Хъомысджын Хуыцау, Ӕнусон Фыд, Фидыды Ӕлдар.

7 Паддзах Давиды бадӕны ӕрбаддзӕн, Йӕ паддзахы бартӕ уыдзысты ӕгӕрон ӕмӕ зӕххыл расиддзӕни фидыд. Давиды паддзахад мыггагмӕ ӕрфидар кӕндзӕни, раст тӕрхон хӕсгӕйӕ. Уӕларвӕфсады Бардарӕг Ыл ауддзӕн.


Дунедарӕг мӕсты кӕны Израилмӕ

8 Дунедарӕг Израилы паддзахадӕн, Йаковы байзӕддагӕн, хӕссы Йӕ тӕрхон.

9 Хъуамӕ адӕм иууылдӕр — Ефремы байзӕддӕгтӕ ӕмӕ Самарийы цӕрджытӕ — уыцы хъуыддаг базоной, уымӕн ӕмӕ схъӕл ныхас кӕнынц стырзӕрдӕйӕ:

10 «Агуыридуртӕ куы ӕркӕлой — лӕгъз дурӕй сӕ самайдзыстӕм, сикомортӕ сӕ рӕбынӕй куы акалой — кедртӕй сӕ баивдзыстӕм».

11 Уымӕ гӕсгӕ сын Дунедарӕг Рецины ӕфсад сӕ ныхмӕ сыстын кӕндзӕн, хӕцӕнгарзӕй сифтонг кӕндзӕн фыдгулты:

12 скӕсӕнӕй — арамейӕгты, ныгуылӕнӕй — филистимӕгты. Уыцы кӕрӕфтӕ аныхъуырдзысты Израилы. Фӕлӕ Дунедарӕджы маст ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.

13 Адӕм, чи сӕ цӕвы, Уымӕ нӕ раздӕхынц, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы нӕ агурынц.

14 Ӕмӕ Дунедарӕг Израилӕн ӕмбойны ракъуырдзӕни йӕ сӕр ӕмӕ йӕ дымӕг, йӕ пальмӕйы къалиу ӕмӕ йӕ хъӕз:

15 адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ сӕ дзырддзӕугӕтӕ — сӕр, мӕнгпехуымпартӕ — дымӕг.

16 Адӕмы сӕ фӕтӕгтӕ фӕрӕдийын кӕндзысты, рӕдыд фӕндагыл сӕ акӕндзысты, цӕмӕй бабын уой.

17 Уымӕ гӕсгӕ сын Дунедарӕг нӕ бацин кӕндзӕни сӕ лӕппутыл, нӕ сын батӕригъӕд кӕндзӕни сӕ сидзӕртӕ ӕмӕ сӕ идӕдзтӕн, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр цӕстфӕлдахджытӕ ӕмӕ фыдгӕнджытӕ сты, сӕ дзыхы ныхас — ӕлгъаг. Фӕлӕ Дунедарӕджы маст ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.

18 Уымӕн ӕмӕ се ’нӕуагдзинад арт уадзы, каконтӕ ӕмӕ сындзытӕ ныхъуыры, тар хъӕды бӕлӕстӕ судзы, ӕмӕ арвмӕ арты фӕздӕг къуыбылӕйттӕй ссӕуы.

19 Уӕларвӕфсады Бардарӕджы азар сараудзӕни зӕхх, адӕм арты амӕттаг бауыдзысты, иу сӕ иннӕуыл нал ауӕрддзӕн.

20 Сӕ къух-иу цӕуыл фӕхӕст уа, уый ӕргӕвддзысты ӕмӕ хӕрдзысты, фӕлӕ-иу уӕддӕр се стонг нӕ басӕтдзысты, сыдӕймӕлӕгау сын бафсис нӕ уыдзӕн. Алчи йӕ хионы хӕрдзӕни:

21 Менассиа — Ефремы, Ефрем — Менассиайы, сӕ дыууӕ та — Иудӕйы. Фӕлӕ Дунедарӕджы маст ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan