Исайа 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстХуыцауыл чи не ’ууӕнды, уыцы адӕмы бӕллӕхтӕ 1 Дунедарӕг мын загъта, райс иу стыр къӕй ӕмӕ йыл, адӕймаг ӕй ӕнцонӕй куыд бакӕса, афтӕ ныффысс: «„Магер-Шалал-Хаш-Баз“. 2 Ӕмӕ уӕд Ӕз фӕсиддзынӕн ӕууӕнкджын ӕвдисӕнтӕм: сауджын Уриамӕ ӕмӕ Йеверехиайы фырт Захариамӕ». 3 Уый фӕстӕ ӕз ӕмуат ӕрцыдтӕн сылгоймаг-пехуымпаримӕ. Уый банхъӕлцау ис ӕмӕ мын ныййардта фырт. Дунедарӕг мын загъта: «Сӕвӕр ыл ном Магер-Шалал-Хаш-Баз. 4 Уый „баба“ ӕмӕ „гыцци“ дзурын нӕма базондзӕн, афтӕ Дамаскы бынтӕ ӕмӕ Самарийы хӕзнатӕ Ассирийы паддзахы хай бауыдзысты». Ассириӕгты ӕрбабырст 5 Дунедарӕг мын ноджы загъта: 6 «Ацы адӕм Силоамы сабыр доныл нал ӕввӕрсынц, фӕлӕ цин кӕнынц Рециныл ӕмӕ Ремалийы фыртыл, 7 ӕмӕ сыл уый тыххӕй Дунедарӕг рауадздзӕн Евфраты стыр ӕмӕ абухгӕ дӕттӕ — Ассирийы паддзахы йе ’ппӕт хъомысимӕ. Ӕмӕ уый йе ’ппӕт донвӕдтӕй анхъӕвздзӕни размӕ, йӕ былгӕрӕттӕ доны бын фӕуыдзысты. 8 Доны хъаймӕтау агуылф кӕндзӕн Иудейыл ӕмӕ йӕ доны бын фӕкӕндзӕн, адӕмӕн суанг сӕ къубалмӕ схӕццӕ уыдзӕн. Дӕ зӕххыл дын кӕрӕй-кӕронмӕ йӕ базыртӕ айтындздзӕн, Эммануил!» «Хуыцау немӕ ис!» 9 Хӕстмондагӕй цъӕх арт уадзут, фӕлӕ ризут, адӕмтӕ! Ӕрбайхъусут, дард бӕстӕтӕ! Хӕстмӕ сцӕттӕ кӕнут уӕхи, фӕлӕ ризут, хӕстмӕ сцӕттӕ кӕнут уӕхи, фӕлӕ ризут! 10 Сымах алы фӕндтӕ нывӕндут, фӕлӕ уын фехӕлдзысты, уӕ иу ныхас дӕр нӕ сӕххӕст уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцау немӕ ис! Адӕмӕй ма тӕрсут, фӕлӕ Хуыцауӕй 11 Дунедарӕг мыл Йӕ хъомысджын къух ӕруагъта ӕмӕ мын бафӕдзӕхста, ацы адӕмы ма бафӕзм, зӕгъгӕ. Загъта мын: 12 «Ацы адӕм сусӕгвӕнд цы хонынц, уый сымах сусӕгвӕнд ма хонут. Уыдон цӕмӕй тӕрсынц, уымӕй ма тӕрсут ӕмӕ уыл тас ма бахӕцӕд. 13 Кад кӕнут Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн, Уымӕй тӕрсут, Уымӕй стъӕлфут! 14 Уый уыдзӕни уаз — Израилы дыууӕ паддзахады кӕуыл фӕкӕлдзысты, уыцы дур ӕмӕ уыцы къӕдзӕх, Йерусалимы цӕрджытӕн — къӕппӕг ӕмӕ ахсӕн хыз. 15 Ӕмӕ бирӕтӕ фӕкӕлдзысты, ӕрхаудзысты ӕмӕ ныппырх уыдзысты, къӕппӕджы бахаудзысты, ахст ӕрцӕудзысты. 16 Ацы ӕвдисӕндар дзӕбӕх батух, ацы зондамындыл мыхуыр сӕвӕр Мӕ ахуыргӕнинӕгты раз». 17 Дунедарӕг Йе ’ргом аздӕхта Йаковы байзӕддагӕй, фӕлӕ ӕз уӕддӕр Дунедарӕгӕй ныфсджын уыдзынӕн, мӕ зӕрдӕ Йыл дардзынӕн. 18 Мӕнӕ ӕз ӕмӕ мын Дунедарӕг кӕй радта, уыцы хъӕбултӕ. Мах Израилӕн стӕм ӕвдисӕйнӕгтӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, Сионы хохыл цӕрӕгӕй. Мах стӕм Сионы хохыл цӕрӕг Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ рагнысӕнттӕ Израилӕн. Кӕлӕнгӕнджытыл ма ӕууӕндут 19 Афтӕ уын куы зӕгъой, уе ’ргом раздахут мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм — мынӕг хъӕлӕсӕй чи дзуры ӕмӕ дыгъал-дыгъул чи кӕны, уыдонмӕ, уӕд-иу сын дзуапп раттут, хъуамӕ адӕм сӕ Хуыцаумӕ кувой, стӕй удӕгӕсты тыххӕй дӕр мӕрдты нӕ фӕфӕрсынц, зӕгъгӕ. 20 Уе ’ргом раздахут Хуыцауы амындтытӕ ӕмӕ уынаффӕтӕм. Афтӕ уын чи нӕ дзура, уыдонӕн сӕ ныхӕсты рухс нӕй. Фыдохы заман 21 Рахау-бахау кӕндзысты зӕрдӕсастӕй, ӕххормагӕй. Стонгӕй мӕлгӕйӕ, фыр мӕстӕй ӕлгъитдзысты сӕ паддзахы ӕмӕ сӕ Хуыцауы. Арвмӕ скӕсдзысты, 22 зӕххыл сӕ цӕст ахӕсдзысты, алы ран дӕр — бӕллӕх ӕмӕ саудалынг, ӕмӕ саудалынджы хай бауыдзысты. Фӕлӕ ныр саудалынг кӕм ӕртыхст, уым ӕдзух афтӕ нӕ уыдзӕни. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia