Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Арамейӕгты бабырст Йерусалиммӕ. Исайа ӕмӕ Ахав

1 Иотамы фырт Ахаз, Озиайы фырты фырт, Иудейы паддзах куы уыди, уыцы заман Арамы паддзах Рецин ӕмӕ Ремалийы фырт Феках, Израилы паддзах, Йерусалимы ныхмӕ хӕстмӕ рацыдысты, фӕлӕ йӕ сӕ бон бацахсын не сси.

2 Давиды хӕдзармӕ фӕхӕццӕ чындӕуыд, Арамы ӕфсад Ефремы зӕххыл рӕсӕнуат скодтой, зӕгъгӕ, ӕмӕ паддзах ӕмӕ йӕ адӕмы зӕрдӕтӕ барызтысты, хъӕды бӕлӕстӕ дымгӕмӕ куыд баризынц, уыйау.

3 Дунедарӕг Исайайӕн бафӕдзӕхста: «Дӕ фырт Шеар-Йашувимӕ Ахазы размӕ ацу, Чъырӕйцӕгъдӕджы быдырмӕ фӕндагыл Уӕллаг цадӕй цы дондзӕуӕн цӕуы, уымӕн йӕ ратӕдзӕнмӕ.

4 Зӕгъ Ахазӕн: „Лӕмбынӕг кӕс, ӕрсабыр у ӕмӕ мацӕмӕй тӕрс. Дӕ ныфс ма асӕттӕд Рецин ӕмӕ арамейӕгты, стӕй Ремалийы фырты пиллонкалгӕ мастӕй — дыууӕ фӕздӕгкалгӕ ӕхсидавӕй уӕлдай ницы сты уыдон.

5 Арамейӕгтӕ дын ефремонтӕ ӕмӕ Ремалийы фыртимӕ фыдвӕнд аразынц дӕ ныхмӕ. Уыдон зӕгъынц,

6 цом ӕмӕ, дам, Иудеймӕ ссӕуӕм, фыд тас ын бафтауӕм йӕ адӕмыл, бацахсӕм ӕй ӕмӕ йын Тавалы фырты паддзахӕй сӕвӕрӕм.

7 Фӕлӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: нӕ уыдзӕн уый, ницы дзы рауайдзӕн.

8 Дамаск Арамы сӕйраг сахар у, Дамаскы сӕр та — Рецин. Фондз ӕмӕ ӕртиссӕдз азы куы рацӕуа, уӕд ефремонтӕ адӕмты хыгъды дӕр нал уыдзысты.

9 Ефремонты сӕйраг сахар — Самари, Самарийы сӕргъы — Ремалийы фырт. Сӕ уырнындзинад фидар куы нӕ уа, уӕд сӕ быныхъӕр айхъуысдзӕн“».


Эммануил

10 Дунедарӕг ма Ахазӕн ноджы загъта:

11 «Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй, ӕвдисӕйнаг ракур, фӕнды дӕлдзӕхӕй, фӕнды уӕларвӕй — уӕлдай нӕу».

12 Ахаз загъта: «Нӕ ракурдзынӕн, Дунедарӕджы фӕлварын мӕ нӕ фӕнды».

13 Уӕд Исайа загъта: «Ӕрбайхъусут-ма ардӕм, Давиды байзӕддаг! Адӕмы фыдӕбоны хай фӕкодтат, уый уын ӕгъгъӕд нӕу, ӕмӕ ма мын мӕ Хуыцауы дӕр фыдӕбоныл бафтауинаг стут?

14 Уӕдӕ уын Бардарӕг Йӕхӕдӕг фенын кӕндзӕн ӕвдисӕйнаг: Чызг банхъӕлцау уыдзӕн ӕмӕ Фырт ныййардзӕн, схондзӕн Ӕй Эммануил.

15 Уый хӕрдзӕни нӕлхӕ ӕмӕ мыд, цалынмӕ ӕвзӕр ӕмӕ хорз кӕрӕдзийӕ иртасын райдайа, уӕдмӕ.

16 Ӕвзӕр ӕмӕ хорз кӕрӕдзийӕ иртасын нӕма райдайдзӕн, афтӕ, цы дыууӕ паддзахӕй тӕрсыс, уыдоны бӕстӕтӕ федзӕрӕг уыдзысты.

17 Ӕцӕг, Дунедарӕг дӕуыл дӕр ӕмӕ дӕ адӕмыл дӕр ныххуырсдзӕн, ефремонтӕ иудейӕгтимӕ куы байуӕрстой, уӕдӕй фӕстӕмӕ чи нӕма уыд, ахӕм фыд заман. Ассирийы паддзахы амӕттаг фӕуыдзыстут.


Мысырӕгтӕ ӕмӕ ассириӕгты ӕрбабырстытӕ

18 Уӕд Дунедарӕг фехситт кӕндзӕн бындзытӕм — Нилы донгуырӕнты цӕрджытӕм ӕмӕ Ассирийы мыдыбындзытӕм.

19 Уыдон ӕрбатӕхдзысты ӕмӕ иууылдӕр ӕрбаддзысты ӕдзӕрӕг тӕрфыты, къӕдзӕхты скъуыдты, сындзкъутӕртыл, дондарӕнты цур.

20 Бардарӕг Евфраты фале баххуырсдзӕн Ассирийы паддзахы, ӕмӕ уын уый адасдзӕни уӕ сӕртӕ ӕмӕ уӕ къӕхтӕ, суанг ма уын уӕ боцъотӕ дӕр алвындзӕн.

21 Уыцы заман алкӕмӕ дӕр уыдзӕн ӕрмӕстдӕр иу хъуг ӕмӕ дыууӕ фысы.

22 Уыдон уый бӕрц ӕхсыр дӕтдзысты, ӕмӕ ӕппӕт бинонтӕ дӕр царвӕй ӕфсӕст уыдзысты. Ацы зӕххыл ма чи баззайа, уыдон иууылдӕр царв ӕмӕ мыд хӕрдзысты.

23 Фӕлӕ мингай сӕнӕфсиры талатӕ цы бынӕтты рӕзыд — алы тала дӕр — ӕвзисты къӕртты аргъ — уым уыцы заман ӕрзайдзӕни какон сындзытӕ ӕмӕ бӕхгӕрдӕг.

24 Зӕхх какон сындз ӕмӕ бӕхгӕрдӕджы бын фӕуыдзӕн, ӕмӕ дзы адӕм цуан кӕндзысты фат ӕмӕ ӕрдынимӕ.

25 Раздӕр-иу къӕпийӕ кӕмӕ базалдысты, уыцы къуылдымтӕм нал ссӕудзынӕ ды, каконтӕ ӕмӕ сындзытӕй тӕрсгӕйӕ. Уыцы рӕтты хиздзысты галтӕ, лыстӕг фос сӕ ссӕнддзысты сӕ къӕхтӕй».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan