Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 65 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Хуыцау хорзӕхджын кӕны Йӕ иузӕрдионты ӕмӕ ӕфхӕры, йӕ зӕрдӕ Йыл чи сивта, уыдоны

1 «Ӕз раргом дӕн, чи Мӕм нӕ куывта, уыдонмӕ. Чи Мӕ нӕ агуырдта, уыдон Мӕ ссардтой. „Мӕнӕ дӕн, мӕнӕ!“ — дзырдтон, Мӕхи чи нӕ уыд, уыцы адӕммӕ.

2 Алы бон дӕр мӕ цӕнгтӕ ивӕзтон, ӕнаккаг митӕ чи кодта ӕмӕ йӕхи фӕнд чи тардта, Мӕ уыцы ӕгоммӕгӕс адӕммӕ.

3 Ӕнӕсцухӕй Мӕ ӕргом ӕфхӕрынц сӕ митӕй. Сӕ кувӕн къохты сӕ мӕнгхуыцӕуттӕн хӕссынц нывӕндтӕ, ӕмбӕрзӕн дурӕй ӕхгӕд уӕлхӕдзӕрттыл судзынц буд,

4 бадынц зӕппӕдзты ӕмӕ ӕхсӕвиуат кӕнынц лӕгӕтты. Хӕрынц хуыйы фыд, сӕ мигӕнӕнты дарынц ӕлгъаг, нӕфӕтчиаг бас.

5 Чи сыл амбӕлы, уымӕн фӕзӕгъынц, ӕрлӕуу, хӕстӕг мӕм ма ’рбацу, дӕуӕй хъауджыдӕр ӕз сыгъдӕг дӕн. Ацы адӕм Мын Мӕ маст рафыцын кодтой, ӕмӕ алы бон дӕр судзы ӕнӕахуысгӕ пиллон артау.

6 Се ’наккаг митӕ Мӕм фыст сты, ӕмӕ Ӕз нӕ банцайдзынӕн, цалынмӕ сӕ Мӕ маст райсон, уӕдмӕ.

7 Бафхӕрдзынӕн сӕ сӕхи ӕмӕ сӕ фыдӕлты азымы тыххӕй. Уыдон хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтыл сыгътой буд ӕмӕ Мын уымӕй ӕгад кодтой Мӕ ном. Гъемӕ ныр ӕфхӕрд баййафдзысты се ’ппӕт хъуыддӕгты тыххӕй дӕр». Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.

8 Ноджы ма Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕфхӕрд сӕнӕфсиры зӕнгыл дӕр рӕгъӕд цупал куы разыны, донджын цупал, уӕд ын йӕ тонӕгӕн фӕзӕгъынц: „Ма йӕ ацъӕл кӕн, уымӕн ӕмӕ уый арфӕгонд у“. Афтӕ бакӕндзынӕн Ӕз дӕр Мӕ цагъарты сӕраппонд, се ’ппӕты нӕ фесафдзынӕн.

9 Мӕ хӕхбӕстӕ исбонӕн кӕмӕн радтон, уыцы Йаков ӕмӕ Иудӕйӕн фидӕнмӕ сбирӕ кӕндзынӕн сӕ байзӕддӕгты. Ме ’взӕрст цагъартӕн уыцы хӕхбӕстӕ суыдзысты фыдӕй-фыртмӕйы исбон, ӕмӕ дзы цӕрдзысты мыггагмӕ.

10 Мӕ кувӕг адӕмы лыстӕг фосӕн Шарон уыдзӕни хизӕнуат, се стуртӕн та Ахоры дӕлвӕз — ривӕддон.

11 Сымах та, Мӕныл йӕхи чи атигъ кодта, Мӕ уаз хох кӕмӕй ферох ис, Гадӕн фынгтӕ чи ӕвӕры, Менийӕн, алы хъацӕнтӕ кӕуыл ис, ахӕм сӕнӕй кӕхцытӕ чи байдзаг кӕны, уыдоны,

12 Ӕз карды амӕттаг бакӕндзынӕн, сӕргӕвддзысты уӕ фосау! Уымӕн ӕмӕ уӕм Ӕз сидтӕн, фӕлӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдтат, дзырдтон, фӕлӕ сымах нӕ хъуыстат, ӕнӕуынон Мын цы хъуыддӕгтӕ сты, уыдоныл бафтыдыстут».

13 Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг зӕгъы: «Мӕ цагъартӕн уыдзӕни хӕринаг, сымах та сыдӕй мӕлдзыстут. Мӕ цагъартӕн уыдзӕни нуазинаг, сымах та мӕлдзыстут дойныйӕ.

14 Мӕ цагъартӕ цинӕй райдзысты, зардзысты сӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн, сымах та хъыгзӕрдӕйӕ ӕрдиаг кӕндзыстут, дзыназдзыстут ныфссастӕй.

15 Ме ’взӕрстытӕ уӕ номӕй пайда кӕндзысты ӕлгъыстӕн, Дунедарӕг Хуыцау уӕ мӕлӕты хай бакӕндзӕн, Йӕ цагъартӕн та ратдзӕни ног ном.

16 Зӕххыл арфӕ чидӕриддӕр кура, уый скувдзӕн иузӕрдион Хуыцаумӕ, зӕххыл чидӕриддӕр ард хӕра, уый сомы ракӕндзӕн иузӕрдион Хуыцауӕй». Дунедарӕг зӕгъы: «Уӕ хъизӕмӕрттӕ уӕ ферох уыдзысты, уӕ цӕстӕй дӕр сӕ нал фендзыстут.


Хуыцау Йӕ адӕмӕн зӕрдӕ ӕвӕры ног арв ӕмӕ ног зӕххӕй

17 Мӕнӕ фӕлдисын ног арв ӕмӕ ног зӕхх. Раздӕры арв ӕмӕ зӕхх нал ӕрымысдзыстут, нал ӕрлӕудзысты уӕ зӕрдыл.

18 Цин кӕнут, цинӕй райут мыггагмӕ, ныр цы фӕлдисын, уыдӕттыл. Ӕз аразын цины сахар Йерусалим, йӕ цӕрджыты зӕрдӕ йын дзаг кӕнын рухс амондӕй.

19 Мӕхӕдӕг дӕр цин кӕндзынӕн Йерусалимыл, цинӕй райдзынӕн Мӕ адӕмыл. Никуыуал сын ничи фехъусдзӕни сӕ дзыназын, сӕ кӕуын хъӕлӕс.

20 Уым никуыуал ахуысдзӕни сабийы зынг, иу ацӕргӕ дӕр дзы нал амӕлдзӕни, цалынмӕ хӕрз зӕронд бауа, уӕдмӕ. Сӕдӕаздзыдӕй чи амӕла, уымӕй дзурдзысты, цардхъуаг уыди, зӕгъгӕ. Ӕнус чи нӕ фӕцӕра, уымӕй, ӕлгъыст фӕци, зӕгъгӕ, дзурдзысты.

21 Араздзысты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ цӕрдзысты. Садздзысты сӕнӕфсиры талатӕ ӕмӕ сӕхицӕн тондзысты сӕнӕфсир.

22 Хӕдзӕрттӕ нӕ араздзысты ӕмӕ дыргъдӕттӕ нӕ кӕндзысты ӕцӕгӕлӕттӕн. Ме ’взӕрст адӕм цӕрдзысты, бӕлас цас цӕры, уый бӕрц, цӕрдзысты сӕ къухты фӕллойӕ.

23 Ӕнӕхъуаджы нал уыдзӕни сӕ фӕллой, ӕвгъӕддон сылгоймӕгтӕ сӕ сабитӕн нал тӕрсдзысты ӕлгъыст фидӕнӕй, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй арфӕгонд уыдзысты сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддаг дӕр.

24 Ӕз-иу сӕ фехъусдзынӕн, нӕма-иу Мӕм скувдзысты, афтӕ. Сӕ курдиат-иу нӕма зӕгъдзысты, афтӕ-иу сын ӕй сӕххӕст кӕндзынӕн.

25 Иумӕ хиздзысты бирӕгъ ӕмӕ уӕрыкк. Домбай стурау хӕрдзӕни хъӕмп, калм та цӕрдзӕни зӕххы рыгӕй. Фыдракӕнд ӕмӕ зиан ничи кӕндзӕни Мӕ уаз хохыл». Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan