Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 64 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Дунедарӕг, хъизӕмӕрттӕй нӕ бахиз!

1 Тӕхуды ӕмӕ куы байгом кӕнис уӕлӕрвтӕ, куы ’рхизис дӕлӕмӕ, цӕмӕй хӕхтӕ ӕмризӕджы нырризой!

2 Фӕзын нӕм, зынг пыхсыл куыд сирвӕзы кӕнӕ дон куыд рафыцын кӕны, уыйау! Уадз ӕмӕ Дын Дӕ фыдгултӕ базоной Дӕ ном, Дӕ койӕ ӕмризӕджы нырризой адӕмтӕ!

3 Ӕнӕнхъӕлӕджы тасӕфтауӕг хъуыддӕгтӕ куы арӕзтай ӕмӕ-иу уӕларвӕй куы ’рхызтӕ, уӕд-иу ӕмризӕджы ныррызтызты хӕхтӕ.

4 Ды иунӕг Хуыцау дӕ, йӕ зӕрдӕ Дыл чи дардта, уыдонӕн бирӕ хӕрзты Чи бацыд, Уый. Ӕндӕр хуыцауы тыххӕй нӕдӕр фехъуыстӕуыд, нӕдӕр ӕй цӕстӕй фендӕуыд.

5 Ды хӕлар цӕстӕй кастӕ рӕстгӕнджытӕм, Дӕ фӕдзӕхстытӕ Дын чи нӕ рох кодта, уыдонмӕ. Фӕлӕ нӕм смӕсты дӕ, уымӕн ӕмӕ незамантӕй фӕстӕмӕ Дӕ цӕсты раз кодтам тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ. Фервӕзын нӕ кӕн!

6 Мах иууылдӕр фӕчъизи стӕм, чъизи дарӕсау — не ’ппӕт рӕстдзинад. Бахус стӕм сыфтӕрау, нӕ фыдракӕндтӕ нӕ сӕ уӕлныхты систой уадау ӕмӕ нӕ фӕхӕссынц.

7 Ӕххуысагур дӕр Дӕм ничиуал кувы. Ӕмӕ нӕм Ды дӕр нал ӕвдисыс Дӕ цӕсгом. Ныууагътай нӕ, ӕмӕ сӕфты къахыл ныллӕууыдыстым нӕ фыдмиты тыххӕй.

8 О, фӕлӕ, Дунедарӕг, Ды нӕ Фыд дӕ! Мах ӕлыг стӕм, Ды та — не Скӕнӕг. Скодтай нӕ Дӕхи къухтӕй.

9 Ӕгӕр нӕм ма мӕсты кӕн, Дунедарӕг, мыггагмӕ Дӕ зӕрдыл ма дар нӕ азым. Ӕркӕс-ма нӕм, мах иууылдӕр Дӕ адӕм куы стӕм!

10 Дӕ уаз сахартӕ федзӕрӕг сты. Федзӕрӕг ис Сион, гӕныстон фестад Йерусалим.

11 Нӕ фыдӕлтӕ Дын кад кӕм кодтой, уыцы Кувӕндон арты хай баци, йӕ хӕзнатӕ стигъджыты баисты.

12 О Дунедарӕг, ӕппӕт уыдӕттӕ Дӕм ӕгъгъӕд нӕ кӕсынц, ӕви? Кӕдмӕ лӕудзынӕ хъусӕй ӕмӕ нӕ афтӕ тынг кӕдмӕ ӕфхӕрдзынӕ?

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan