Исайа 63 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстМуртаттӕгты тӕрхоны бон 1 «Уый сырх-сырхид дарӕсы Чи рацӕуы Едомы сахар Боцрайӕ? Уый Чи у уыцы хъомысджын, Чи рацӕуы уыцы барджын къахдзӕфтӕй Йӕ дарӕсы мидӕг?» «Уый Ӕз дӕн — рӕстдзинад Дзурӕг ӕмӕ хъомысджын Ирвӕзынгӕнӕг!» 2 «Ӕмӕ Дӕ дарӕс афтӕ сырх цӕмӕн у, раст цыма сӕндуцӕны сӕн лӕмӕрстай, уый хуызӕн?» — 3 «О, Ӕз иунӕгӕй лӕмӕрстон сӕн, адӕмтӕй Мӕ фарсмӕ ничи ӕрбалӕууыд. Ӕмӕ Ӕз Мӕ фыр мӕстӕй се ’ппӕты дӕр ссӕстон мӕ къӕхты бын, лӕмӕрстон сӕ сӕнӕфсиры цупӕлттау. Сӕ туг Мыл-иу ӕрбакалд ӕмӕ Мын мӕнӕ самӕста Мӕ дарӕс. 4 Ӕрцыди Мӕ адӕмы ссӕрибар кӕныны ӕмӕ сын сӕ фыдгултӕй сӕ маст райсыны заман. 5 Ӕз кастӕн, ӕмӕ Мын чи баххуыс кодтаид, иу ахӕм нӕ разынд, дисы дӕр ма бацыдтӕн, Мӕ фарсмӕ куыд ничи ӕрбалӕууыди, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Мын баххуыс кодта Мӕхи хъомыс, Мӕ маст Мын радта хъомыс. 6 Ӕмӕ уӕд фыр мӕстӕй Мӕ къӕхты бын ныссӕстон алы адӕмты, ныффалгӕрон сӕ кодтон ӕмӕ сын сӕ туг акалдтон зӕххыл». Адӕм кувынц Хуыцаумӕ 7 Мӕ зӕрдыл дарын Дунедарӕджы хӕрзтӕ, Дунедарӕджы кад. Уый Израилӕн бацыди бирӕ хӕрзты ӕмӕ сӕ ныронг дӕр дӕтты рӕдауӕй. 8 Афтӕ зӕгъы: «Адон Мӕхи адӕм сты, сайын чи нӕ зоны, ахӕм сывӕллӕттӕ». Ӕмӕ Дунедарӕг у нӕ Ирвӕзынгӕнӕг. 9 Нӕ хъынцъымы нӕ никуы ныууагъта, Йӕ зӕды-иу нӕм рарвыста ӕххуысмӕ. О, фыдау ныл ауды незамантӕй нырмӕ. Уарзы нӕ ӕмӕ нӕ ирвӕзын кӕны бӕллӕхӕй. 10 Фӕлӕ мах Йӕ ныхмӕ рацыдыстӕм, Йӕ Сыгъдӕг Уды хъыджы бацыдыстӕм, ӕмӕ нӕм уӕд Уый дӕр сызнаг ис ӕмӕ райдыдта нӕ ныхмӕ хӕцын. 11 Махӕн нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты рагзамантӕ, Моисейы хабӕрттӕ, ӕмӕ ныдздзынӕзтам: «Денджызы хуылфӕй нӕ Йӕ адӕмы фыййауимӕ Чи ракодта, Уый цы фӕцис? Кӕм ис, Моисейы Йӕ Сыгъдӕг Удӕй Чи схайджын кодта, 12 фӕндагыл ӕй Йӕ хъомысджын базыры бын Чи бакодта, йӕ разӕй йын денджызы дӕттӕ фӕйнӕрдӕм Чи фӕцӕуын кодта ӕмӕ уымӕй Йӕхицӕн мыггагмӕ ном Чи скодта, Уый? 13 Денджызы бынты акодта Йӕ адӕмы, ӕмӕ сӕ къах дӕр никуы скъуырдтой, раст цыма бӕх тыгъд быдыры фӕцӕйцыд, уый хуызӕн. 14 Фыййау йӕ фосы дзуг дӕлвӕзы ’рдӕм ривӕд кӕнынмӕ куыд рауадзы, уыйау Дунедарӕджы Уд дӕр Йӕ адӕмы ракодта тӕссаг ранӕй ӕмӕ сын радта ӕдасдзинад ӕмӕ ӕнцой». Афтӕ ракодтай Ды Дӕ адӕмы ӕмӕ уымӕй скадджын кодтай Дӕ ном! Тӕригъӕдджынты лӕгъстӕтӕ 15 Ӕркӕс уӕларвӕй, Дӕ кадджын ӕмӕ Дӕ уаз бынатӕй! Кӕм ис Дӕ уарзондзинад, Дӕ хъомыс? Куы ницыуал Дын уынӕм Дӕ бирӕ хӕрзтӕй, Дӕ хорзӕхтӕй! 16 Фӕлӕ Ды куы дӕ нӕ Фыд! Авраам нӕ зоны мах, Йаков дӕр — афтӕ. О Дунедарӕг, Ды дӕ нӕ Фыд! Дӕ ном мыггагмӕ дӕр у «нӕ Ирвӕзынгӕнӕг». 17 О Дунедарӕг, цӕмӕн нӕ бауагътай Дӕ фӕндаджы иувӕрсты ацӕуын? Цӕмӕн ӕруагътай уый, ӕмӕ Дыл нӕ зӕрдӕ сивӕм, мауал Дӕ тӕрсӕм? Ӕркӕс нӕм, Дӕ цагъартӕм, Дӕхи адӕммӕ! 18 Ацы зӕхх бирӕ рӕстӕг нӕ уыди Дӕ адӕмы исбон, уымӕн ӕмӕ Дын фыдгултӕ фӕчъизи кодтой Дӕ Кувӕндон. 19 Ӕмӕ систӕм ахӕм адӕм, цыма Ды никуы уыдтӕ нӕ паддзах, цыма Дын мах никуы зыдтам Дӕ ном. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia