Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 62 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Сионы сӕраппонд ӕз хъусӕй нӕ лӕудзынӕн, Йерусалимы сӕрвӕлтау нӕ басабыр уыдзынӕн, цалынмӕ сӕуӕхсидау нӕ сӕрттива йӕ рӕстад, судзгӕ цырагъау — йӕ ирвӕзындзинад.

2 Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фендзысты, Дунедарӕг дын Йӕ раст тӕрхоны фӕрцы цы хӕрзты бацыд, уый. Ӕппӕт паддзӕхтӕ дӕр дын фендзысты дӕ кад. Дунедарӕг дын ратдзӕни ног ном ӕмӕ дӕм уыцы номӕй дзурдзысты иууылдӕр.

3 Дунедарӕг Хуыцауы къухы уыдзынӕ паддзахы худы хуызӕн.

4 Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ нал нымайдзысты дзӕгъӕл сахарыл, дӕ зӕхх дӕр дын нал схондзысты «ӕдзӕрӕг быдыр». Уый нӕ, фӕлӕ дын дӕхи хондзысты «Хуыцауы уарзон», дӕ зӕхх та — «моймӕдзыд»! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ фӕцӕудзынӕ, ӕмӕ Йын дӕ зӕхх суыдзӕни бинойнагау.

5 Лӕппу чызгимӕ куыд баиу вӕййы, афтӕ баиу уыдзӕни демӕ дӕ Саразӕг, усгур йӕ усагыл куыд бацин кӕны, афтӕ дыл бацин кӕндзӕни дӕ Хуыцау.

6 «Йерусалим, дӕ систы сӕрыл дын сӕвӕрдтон хъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ загътон, цӕмӕй сӕ хъӕлӕс хъуыса ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр». Йерусалимы сахары макуы ӕрмынӕг уӕд, Дунедарӕджы чи нымайы, уыдоны хъӕлӕс!

7 Ма ныхъхъус ут, кувут Дунедарӕгмӕ, цалынмӕ Йерусалимы сахар ногӕй сараза, цалынмӕ, йӕ кады ном дунейыл кӕмӕн айхъуыса, ахӕм сахар дзы сараза, уӕдмӕ!

8 Дунедарӕг ард бахордта Йе стыр хъомысӕй: «Дӕ хойраг дын нал ратдзынӕн дӕ фыдгултӕн, цы сӕныл бафыдӕбон кодтай, уый дын нал нуаздзысты ӕцӕгӕлӕттӕ.

9 Тыллӕг чи бафснайы, хӕргӕ дӕр дзы уыдон кӕндзысты ӕмӕ Дунедарӕджы стаудзысты. Сӕн дӕр, сӕнӕфсир чи тоны, уыдон Мӕ Кувӕндоны кӕртыты нуаздзысты».

10 Йерусалимы цӕрджытӕ, цӕугӕут, ахизут уӕ сахары кулдуарыл ӕрцӕттӕ кӕнут адӕмӕн фӕндаг, слӕгъз ӕй кӕнут, йӕ дуртӕй йӕ ссыгъдӕг кӕнут, адӕмтӕн уӕ тырыса сисут нысанӕн!

11 Дунедарӕг фехъусын кодта ӕгас дунейӕн: «Фехъусын кӕнут Сионы сахарӕн, дӕ ирвӕзыны сахат ӕрбаввахс ис, зӕгъгӕ! Дунедарӕг ӕрбацӕуы ӕмӕ схорзӕхджын кӕндзӕн Йӕ адӕмы».

12 Уыцы адӕмы схондзысты, Дунедарӕг кӕй фервӕзын кодта, уыцы уаз адӕм. Дӕу та схондзысты, Дунедарӕг дзӕгъӕл кӕй нӕ ныууагъта, уыцы бӕллиццаг сахар.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan