Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 61 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Пехуымпар хъусын кӕны фарны уац

1 Мӕныл ис Дунедарӕг Хуыцауы Уд, уымӕн ӕмӕ Мӕ Хуыцау байсӕрста мӕгуыртӕн фарны уац фехъусын кӕнынмӕ, састзӕрдӕты сдзӕбӕх кӕнынмӕ, уацайрӕгтӕ ӕмӕ ахӕстытӕн, се ссӕрибары рӕстӕг кӕй ралӕууыд, уый зӕгъынмӕ.

2 Рарвыста мӕ, Дунедарӕгӕн Йӕ хорзӕхы аз кӕй ралӕууыд ӕмӕ Йӕ адӕмы маст фыдгултӕй кӕй райсдзӕн, уый фехъусын кӕнынмӕ. Рарвыста мӕ хъынцъымгӕнджыты зӕрдӕ фӕфидар кӕнынмӕ,

3 Сионы сахары хъынцъымгӕнджытӕн сӕ зӕрдӕ барухс кӕнынмӕ. Нырӕй фӕстӕмӕ-иу фӕнычы бӕсты сӕ сӕртыл кады худтӕ ’ркӕндзысты, цӕссыджы бӕсты-иу цины сойӕ байсӕрддзысты сӕхи, сӕхъисы бӕсты-иу кады пӕлӕз скӕндзысты. Адӕмтӕ фендзысты, сӕ хъомыс Хуыцауӕй кӕй у, уый ӕмӕ сӕ бардзысты, Дунедарӕг Едемы дыргъдоны кӕй ныссагъта, уыцы бӕлӕстимӕ. Ӕмӕ Дунедарӕгӕн Йӕ кады ном айхъуысдзӕни дунейыл.

4 О, сымах ногӕй рацараздзыстут, незамантӕй нырмӕ хӕлддзӕгты бын чи баззад, уыцы сахартӕ.

5 Ӕрбацӕудзысты уӕм ӕндӕрбӕстӕгтӕ ӕмӕ уын хиздзысты уӕ фосы дзугтӕ, кусдзысты уын уӕ хуымты ӕмӕ уын зилдзысты уӕ сӕндӕттӕм.

6 Уӕхӕдӕг та суыдзыстут Дунедарӕджы нымад сауджынтӕ, нӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ. Адӕмты хъӕздыгдзинӕдтӕ уыдзысты уӕхи, иууылдӕр уыдзысты сымах.

7 Уӕ фыдгултӕй ӕгад ми ӕмӕ фидисӕй цас бавзӕрстат, уымӕй дыууӕ ахӕмы фылдӕрӕй райсдзыстут хӕрзтӕ. Цинӕй райдзыстут уӕ зӕххыл, мыггагмӕ цӕрдзыстут зӕрдӕрухсӕй.

8 Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз уарзын рӕстдзинад, ӕнӕуынон Мын сты тыхгӕнджытӕ, стигъджытӕ. Мӕ адӕмыл уыдзынӕн иузӕрдион ӕмӕ сӕ ӕнӕмӕнг схорзӕхджын кӕндзынӕн. Семӕ сараздзынӕн мыггагмӕйы фидыд.

9 Ӕмӕ сӕ цотӕн алы адӕмтыл айхъуысдзӕни сӕ хорзы кой, сӕ байзӕддӕгтӕ скадджын уыдзысты алы знӕмты астӕу. Чи-иу сӕ фена, уыдон ӕмбардзысты, Дунедарӕг арфӕ кӕмӕн ракодта, ахӕм адӕм кӕй сты, уый».


Адӕмы арфӕйы зарӕг

10 Цинӕй райӕм, цин кӕнӕм Дунедарӕгыл, нӕ Хуыцауыл. Ирвӕзындзинадӕй нӕ дарӕсау сфӕлыста, рӕстдзинадӕй нӕ ’рбатыхта пӕлӕзау. Афтӕ усгурыл дӕр кады худ ӕркӕнынц, йӕ усагыл — чындзы фӕлыст.

11 Зӕххыл зайӕгойтӕ билцъ куыд суадзынц ӕмӕ куыд байрӕзынц, уыйау Дунедарӕг ӕппӕт адӕмтӕн равдисдзӕн Йӕ рӕстдзинад ӕмӕ Йӕ кад.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan