Исайа 60 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЙерусалимы сахарӕн йӕ фидӕны кад 1 Дунедарӕг зӕгъы: «Сыст, сӕрттив, Йерусалим, — ссыгъди дӕ рухс, дӕ сӕрмӕ тӕмӕнтӕ калы Дунедарӕджы кад! 2 Ӕппӕт дуне нытталынг уыдзӕн. Сау мылазон тары бын фӕуыдзысты алы адӕмтӕ. Ӕрмӕст дӕ сӕрмӕ рухс тӕмӕн скалдзӕни Дунедарӕджы кад. 3 Адӕмтӕ ӕрӕмбырд уыдзысты дӕ рухсмӕ, сӕ паддзӕхты ӕрфӕнддзӕн дӕ тӕмӕнкалгӕ рухс фенын. 4 Афӕлгӕс-ма алырдӕм! Адӕмтӕ се ’ппӕт дӕр ӕмбырдтӕ кӕнынц, ӕрбацӕуынц дӕм. Дӕ фырттӕ дӕм ӕрбацӕуынц дардӕй, сӕ хъӕбысы ӕрбахӕссынц дӕ чызджыты. 5 Куы сӕ фенай, уӕд дӕ цӕсгом барухс уыдзӕн. Фыр цинӕй дӕ зӕрдӕ нырриздзӕни, арвыл абаддзӕн. Адӕмты хъӕздыг фӕллӕйттӕ дӕ къухы бафтдзысты, денджызы сӕрты дӕм ӕрбахӕццӕ уыдзысты. 6 Теуаты чырӕты бын фӕуыдзынӕ. Ӕрбатӕрдзысты дын сӕ Мидиан ӕмӕ Ефӕйы бӕстӕтӕй. Савайы бӕстӕй дын ӕрбаласдзысты сыгъзӕрин ӕмӕ буд ӕмӕ кад кӕндзысты Дунедарӕгӕн. 7 Ӕрбатӕрдзысты дӕм Кедары бӕстӕй лыстӕг фос, дӕу уыдзысты Невайоты фырытӕ. Мӕ зӕрдӕмӕ сӕ чи фӕцӕуа, уыдоны Мын ӕвӕрдзыстут Мӕ нывондхӕссӕныл, ӕмӕ Ӕз Мӕ Кувӕндон скадджын кӕндзынӕн. 8 Уый цы ’рбатӕхы ӕврӕгътау, сӕ бынӕттӕм здӕхӕг бӕлӕттау? 9 Уый денджызы сакъадӕхты цӕрджытӕн Ӕз сдӕн сӕ зӕрдӕдарӕн, се ’нхъӕлцау, ӕмӕ дын Таршишы наутӕ дардӕй ӕрбаласынц дӕ фыртты. Ноджы ма ӕрбаласынц ӕвзист, сыгъзӕрин, цӕмӕй Йӕ ном ссарой Дунедарӕгӕн — дӕ Хуыцауӕн, Израилы Стыр Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ Уый скадджын кодта. 10 Ӕндӕрбӕстӕгтӕ дын ног самайдзысты дӕ систӕ, сӕ паддзӕхтӕ дын кӕндзысты лӕггад. Куы-иу Мӕ смӕсты кодтай, уӕд дӕ кодтон Мӕ фыдӕхы амӕттаг, фӕлӕ дын ныр ныххатыр кӕндзынӕн, фӕфӕлмӕн дӕм уыдзынӕн. 11 Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ кулдуӕрттӕ никуыуал рахгӕндзынӕ, ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр уыдзысты гом, цӕмӕй дӕм ӕнӕсцухӕй ласой адӕмты хъӕздыг фӕллӕйттӕ, уыдоны разӕй та дӕм цӕуой сӕ паддзӕхтӕ. 12 Дӕуӕн лӕггад кӕнын цы адӕмты ӕмӕ цы паддзахӕдты нӕ бафӕнда, уыдон быныскъуыд фӕуыдзысты. 13 Ливанӕй дын ӕрбаласдзысты диссаджы хорз хъӕдӕрмӕг: кипарис, тӕгӕр ӕмӕ кедр, цӕмӕй Мын рӕсугъд сфӕлындой Мӕ Кувӕндон — Мӕ къахӕвӕрӕн. 14 Ӕфхӕргӕ дӕ чи кодта ӕмӕ дӕ чи ницӕмӕ дардта, уыдоны фырттӕ дӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты. Схондзысты дӕ Дунедарӕджы, Израилы Стыр Хуыцауы сахар — Сион. 15 Нырӕй фӕстӕмӕ нал уыдзынӕ, дзӕгъӕлӕй чи баззад ӕмӕ фыдгулы цӕстӕй кӕмӕ кастысты, йӕ иувӕрсты кӕмӕн цыдысты, ахӕм сахар. Ӕз дӕ скадджын кӕндзынӕн мыггагмӕ, цин дыл кӕндзысты фидӕны фӕлтӕртӕ. 16 Адӕмтӕ ӕмӕ дыл паддзӕхтӕ ауддзысты, мад йӕ дзидзидай сабийы йӕ риуы ’хсырӕй куыд фӕхӕссы, уыйау. Ӕмӕ уӕд базондзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ дӕ Сӕрибаргӕнӕг, Йаковы хъомысджын Хуыцау. 17 Ӕрхуыйы бӕсты дӕ ифтонг кӕндзынӕн сыгъзӕринӕй, ӕфсӕйнаджы бӕсты — ӕвзистӕй, хъӕдӕрмӕджы бӕсты — ӕрхуыйӕ, дурты бӕсты та — ӕфсӕйнагӕй, дӕ хицау суыдзӕни рӕстад. 18 Дӕ зӕхх никуыуал бавзардзӕн тыхми, гӕныстон ӕмӕ заууатмӕ никуыуал ӕрцӕудзӕн. Дӕ систӕ дын суыдзысты ирвӕзынгӕнӕг, дӕ кулдуӕрттӕ та — кад хӕссӕг. 19 Хур ӕмӕ мӕй нал уыдзысты дӕ рухсгӕнджытӕ, фӕлӕ дын Дунедарӕг Хуыцау уыдзӕни мыггагмӕйы рухс ӕмӕ кад. 20 Дӕ рухс никуыуал ахуысдзӕн, хур ӕмӕ мӕйы аныгуылды фӕстӕ куыд вӕййы, уыйау, уымӕн ӕмӕ дын Дунедарӕг уыдзӕни мыггагмӕйы рухс, ӕмӕ дӕ саударӕн бонтӕн ӕрцӕудзӕн кӕрон. 21 Дӕ адӕм уыдзысты рӕстгӕнджытӕ, ӕмӕ, цы зӕхх сфӕлдыстон, дыргъдонау кӕй сарӕзтон, уый мыггагмӕ уыдзӕни сӕ исбон. Ӕмӕ Мӕ кады ном айхъуысдзӕн адӕмтыл. 22 Чысыл къордӕй рантысын кӕндзынӕн минтӕ, цауд адӕмы скӕндзынӕн хъомысджын. Афон куы ’рцӕуа, уӕд Ӕз, Дунедарӕг, уыцы хъуыддаг сараздзынӕн уадидӕгӕн». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia