Исайа 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстДунедарӕджы басидт Исайамӕ 1 Паддзах Озиайы амӕлӕты аз ӕз федтон Бардарӕджы. Уый бадти паддзахы бӕрзонд бадӕны ӕмӕ Йӕ пӕлӕзы фӕччитӕй Кувӕндон нал зынди. 2 Йӕ алыварс лӕууыдысты артуадзгӕ удгоймӕгтӕ — серафимтӕ, ӕхсӕзгай базыртӕ сын, ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ дыууӕ базырӕй ӕмбӕрзта йӕ цӕсгом, йе ’ннӕ дыууӕ базырӕй — йӕ къӕхтӕ, аннӕ дыууӕ базырӕй та тӕхгӕ кодта. 3 Кӕрӕдзимӕ хъӕр кодтой: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг уаз у! Ӕгас зӕхх — йемыдзаг Йӕ кадӕй!» 4 Сӕ хъӕрмӕ нынкъуыстысты Кувӕндоны къӕсӕртӕ, фӕздӕгӕй байдзаг ис агъуыст. 5 Ӕмӕ ӕз загътон: «Додойаг фӕдӕн! Ме сӕфт ӕрцыди! Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн, йе ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕймаг, стӕй цӕргӕ дӕр кӕнын, се ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ афтӕмӕй ӕз уынын Паддзахы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы!» 6 Уӕд мӕм серафимтӕй иу ӕрбатахти зынджы къӕрттимӕ — нывондхӕссӕны цӕхӕрӕй йӕ ӕртыскӕнӕй фелвӕста. 7 Уыцы зынгӕй мын бандзӕвыд мӕ былтыл ӕмӕ загъта: «Ацы зынг дӕ былтыл андзӕвыд, ӕмӕ фервӕзтӕ дӕ азымӕй, барст дын ӕрцыди дӕ тӕригъӕд». 8 Уый фӕстӕ ӕз фехъуыстон Дунедарӕджы хъӕлӕс: «Кӕй арвитон? Чи Нын суыдзӕни минӕвар?» Ӕмӕ ӕз дзуапп радтон: «Мӕнӕ дӕн, мӕн арвит!» 9 Уӕд Уый загъта: «Ацу ӕмӕ уыцы адӕмӕн афтӕ зӕгъ: „Хъусут ӕмӕ хъусут, фӕлӕ ма бамбарут! Кӕсут ӕмӕ кӕсут, фӕлӕ ма фенут!“ 10 Уыцы адӕмӕн сӕ зонд баталынг кӕн, бакъуырма, бакуырм сӕ кӕн, цӕмӕй цӕстӕй мауал уыной, хъусӕй ма фехъусой ӕмӕ зондӕй ма бамбарой, цӕмӕй сӕ галиу фӕндаг ма ныууадзой ӕмӕ ма сдзӕбӕх уой». 11 Ӕз бафарстон: «Кӕдмӕ уыдзӕнис афтӕ?» Дунедарӕг мын дзуапп радта: «Цалынмӕ сахартӕ федзӕрӕг уой, хӕдзӕрттӕ дзӕгъӕлӕй баззайой ӕмӕ зӕхх ныггӕныстон уа, уӕдмӕ. 12 Дунедарӕг адӕмы фӕсурдзӕн, ӕмӕ ацы зӕхх ныззаууат уыдзӕн бынтондӕр. 13 Адӕмӕн ма йыл сӕ дӕсӕймаг хай куы баззайа, уӕд дӕр та ногӕй гӕныстонмӕ ӕрцӕудзӕни. Фӕлӕ теревинф ӕмӕ тулдз бӕласӕй, куы сӕ акалынц, уӕд бындзӕфхад куыд баззайы, афтӕ уыдонӕй дӕр баззайдзӕни уаз мыггаг». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia