Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 59 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Пехуымпары уайдзӕф йӕ адӕмӕн

1 Дунедарӕджы къух нӕ фӕцыбыр — ис Ӕм сымах фервӕзын кӕныны хъомыс. Уӕдӕ уӕзхъус дӕр нӕ нӕу — ӕххуысагур Ӕм куы скувиккат, уӕд уӕ ӕнӕмӕнг фехъусид.

2 О, фӕлӕ уӕ фыдракӕндтӕ ӕмдзӕхгӕр быруйау уырдыг слӕууыдысты сымах ӕмӕ уӕ Хуыцауы ’хсӕн. Йе ’ргом уӕ аздӕхта уӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕмӕ уӕ нал хъусы!

3 Уымӕн ӕмӕ уӕ къухтӕ — тугӕйдзаг, уӕ былалгъыл ӕдзух — фӕлывд, фӕлитой ныхӕстӕ.

4 Рӕстдзинады сӕрыл чи сдзура, йӕ фарс чи рахӕца, иу ахӕм сӕм нӕ разынд. Сӕ зӕрдӕ дарынц сӕ ницӕйаг, сӕ мӕнг ныхӕстыл. Сӕхи хъарынц фыдбылызтӕ, бӕллӕхтӕ аразыныл.

5 Сӕ къухы цӕфтӕ — гуыппытӕ маргджын кӕлмыты ӕйчытау мӕлӕтдзаг сты: уыдонӕй чи сахода, уый амӕлдзӕн, чи сӕ асӕтта, уыдонмӕ та сӕ хуылфӕй рабырдзысты маргджын кӕлмытӕ. Цыма хӕлуарӕджы тынтӕ уафынц, уыйау сты сӕ митӕ,

6 фӕлӕ уыцы тынтӕй нӕдӕр уӕлӕдарӕс скӕнӕн ис, нӕдӕр ӕмбӕрзӕн бауафӕн. Уыдон сты фыдгӕнӕг адӕм, тыхгӕнджытӕ.

7 Дугъы фӕцӕйуайынц фыдбылыз аразынмӕ, ӕназым туг ныккалынмӕ. Сӕ сагъӕстӕ, сӕ фӕндтӕ сты ӕнаккаг — бастигъын, ныппырх кӕнын.

8 Фидыды фӕндаг нӕ зонынц, раст хъуыддӕгтӕ нӕ аразынц. Цӕуынц галиу фӕндӕгтыл ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фарн не ссардзысты сӕхӕдӕг дӕр.

9 Раст хъуыддӕгтӕ кӕй нӕ кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ сӕрыл нӕ хӕцы Хуыцау дӕр. Рухсмӕ бӕлгӕйӕ, саудалынджы, уырзӕй сгаргӕйӕ, хилӕм.

10 Куырмытау быруйы ӕнцӕйтты цӕуӕм. Рухс бонрӕфты фӕцӕйкӕлӕм, талынджы цӕуӕгау. Нӕ цардӕн йӕ тӕккӕ тӕмӕны мардау стӕм.

11 Иууылдӕр ниуӕм ӕрсытау, хъуыр-хъуыр кӕнӕм бӕлӕттау. Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Дунедарӕджы тӕрхонмӕ, нӕ хъизӕмӕрттӕй нӕ кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ, фӕлӕ нӕм ӕмгӕрон нал цӕуы.

12 Нӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты Дӕ разы, комдзог ныл цӕуынц нӕ тӕригъӕдтӕ; уӕз ныл кӕнынц нӕ фыдракӕндтӕ, зонӕм нӕ азым:

13 Дунедарӕгыл нӕ зӕрдӕ сивтам, мӕнг ныхӕстӕ дзырдтам, нӕ Хуыцауы фӕдыл цӕуын нӕ разы кодтам; гадзрахатмӕ, ӕгъатыр митӕм сидтыстӕм, мысыдыстӕм, хъусын кодтам мӕнгдзинад.

14 Раст тӕрхонӕн нӕм йӕ кой дӕр нал ис, нӕ рӕстад фесӕфтам, фӕзы фӕкалди рӕстдзинад; ӕууӕнк цы у, уый нал зонӕм.

15 Рӕстдзинад нал ис, фыдракӕндӕй йӕхи чи хизы, уый та искӕй амӕттаг свӕййы. Дунедарӕг федта, раст тӕрхон кӕй нал ис, уый, ӕмӕ Йын ӕхсызгон нӕ уыди.

16 Стыр дисы бафтыд, сӕрылхӕцӕг кӕй нӕ разынд, ууыл. Ӕмӕ Йын уӕд Йӕхи къух ӕрхаста уӕлахиз, Йӕ раст тӕрхон Ын баххуыс кодта.

17 Йӕ раст тӕрхон у згъӕрхӕдонау, Йӕ ирвӕзын кӕныны хъомыс та — такайау. Фыдгӕнджыты бафхӕрынӕн цы тӕрхон рахаста, уым Йӕхи ӕрбатыхта пӕлӕзау.

18 Ӕмӕ Йӕ тӕрхоны амӕттаг бакӕндзӕн, Йӕ ныхмӕ чи рацыди, уыдоны, Йӕ маст райсдзӕн Йе знӕгтӕй, денджызгӕрон сахарты цӕрджыты бафхӕрдзӕни се ’наккаг хъуыддӕгты тыххӕй.

19 Уӕд ныгуылӕн ӕмӕ скӕсӕны адӕмтыл тас бафтаудзысты Дунедарӕджы ном, Йӕ кады хабӕрттӕ. Тыхгӕнджытӕ цӕугӕдонау куы ’рбагуылф кӕной, уӕд сӕ Дунедарӕг ныффалгӕрон кӕндзӕн уадау.

20 «О, ӕрцӕудзӕн Ирвӕзынгӕнӕг Сионмӕ, Йаковы байзӕддӕгтӕм, йӕ фыдракӕндтӕ чи ныууагъта, уыдонмӕ», — зӕгъы Дунедарӕг.

21 «Мӕнӕ Мӕ фидыды нысан семӕ. Ӕз дӕ схайджын кодтон Мӕ Удӕй, Дӕ дзыхы дын бавӕрдтон Мӕ ныхӕстӕ, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ ныр мыггагмӕ уыдзысты дӕхи, дӕ байзӕддӕгты ӕмӕ сӕ фӕстагӕтты былалгъыл», — зӕгъы Дунедарӕг.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan