Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 58 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг загъта: «Хъӕр кӕн дӕ тых, дӕ бонӕй, сыкъауадындзау азӕлӕд дӕ хъӕлӕс! Мӕ адӕмӕн, Йаковы байзӕддӕгтӕн, бауайдзӕф кӕн сӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй!

2 Уыдон Мӕ алы бон дӕр фӕрсынц, цы фӕндӕгтӕм сӕ хонын, уыдонӕй. Цыма рӕстгӕнджытӕ сты ӕмӕ Мын Мӕ уагӕвӕрдтыл фидар хӕцынц, уыйау Мӕ домынц, цӕмӕй тӕрхон кӕнон сӕ сӕраппонд, цӕмӕй лӕууон сӕ фарсмӕ.

3 Хъаст кӕнынц, Дӕ сӕраппонд, дам, ком куы дарӕм, ӕмӕ нӕм Ды кӕсгӕ дӕр куы нӕ кӕныс, сӕрныллӕг нӕхи куы кӕнӕм, ӕмӕ нӕ Ды хъуыды дӕр куы нӕ кӕныс, зӕгъгӕ. Фӕлӕ сымах, ком даргӕйӕ, ӕрмӕст уӕхи фӕнд тӕрут, уе ’ххуырстыты иууылдӕр тухӕнӕй марут.

4 О, ком даргӕйӕ, хыл ӕмӕ хъаугъа самайут ӕмӕ тымбыл къухӕй нӕмут уе ’ххуырстыты. Ӕмӕ уын афтӕмӕй куыд хъуамӕ фехъусон уӕ ком дарыны куывдтытӕ?

5 Ау, ӕмӕ Ӕз цы комдарӕн равзӕрстон, уый ахӕм у, адӕймаг йӕхи сӕрныллӕг куы фӕкӕны, уӕд? Хъамылау сӕркъулӕй цӕуын, сӕхъисыл кӕнӕ фӕнычы хуыссын — гъе уый хонут комдарӕн, Дунедарӕгӕн ӕхцон чи у, ахӕм бон?

6 Мӕнӕ уын, Ӕз цы комдарӕн равзӕрстон, уый: уацайрӕгтӕн сӕ хъадамантӕ ныссӕтт, се ’фсондз сын сис сӕ бӕрзӕйӕ, ӕфхӕрд адӕмӕн ратт сӕрибар ӕмӕ макӕйуал бассӕнд.

7 Дӕ къӕбӕр адих кӕн стонгимӕ, рахау-бахаугӕнӕг мӕгуыры дӕ хӕдзармӕ бахон, гомгӕрцц адӕймагыл уӕлӕдарӕс скӕн. Дӕ адӕмӕй ӕххуысхъуаг чи у, уымӕй дӕхи ма аиуварс кӕн.

8 Гъеуӕд уӕ фарн сӕрттивдзӕн сӕууон хурау, ӕмӕ байгас уыдзысты уӕ хъӕдгӕмттӕ. Уӕ хорз хъуыддӕгтӕ цӕудзысты уӕ разӕй, ӕмӕ уыл Ме стыр арфӕ ’рцӕудзӕн.

9 Уӕд-иу Мӕм скувут, ӕмӕ уын уӕ куывд айсдзынӕн. Ӕххуысагур Мӕм куы сдзыназат, уӕд уын дзуапп ратдзынӕн, Ӕз мӕнӕ дӕн, зӕгъгӕ. Хынджылӕггаг куы никӕйуал кӕнат, хахуыртӕ куынӕуал хӕссат,

10 ӕххормагӕн уӕ уд дӕр куынӕ бавгъау кӕнат ӕмӕ ӕфхӕрд адӕймаджы куы барӕвдауат, уӕд уӕ талынг ныррухс уыдзӕни, ӕмӕ бонрӕфты хурау тӕмӕнтӕ калдзӕни уӕ рухс.

11 Уӕдӕй фӕстӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, ӕдзухдӕр цӕудзынӕн уӕ разӕй. Сыгъд быдыры-иу уӕ бафсаддзынӕн, дӕтдзынӕн уын хъару. Ӕмӕ уӕд суыдзыстут донӕфсӕст дыргъдон ӕмӕ ӕнӕбайсысгӕ суадонау.

12 Уӕд ногӕй сараздзыстут, раджы пырхон чи ӕрцыд, уыцы бӕстыхӕйттӕ, рагон бындуртыл сараздзыстут ног агъуыстытӕ, ӕмӕ уӕ ӕппӕлдзысты, адон, сахары быруйы гӕмттӕ чи бампъызта ӕмӕ адӕмы сӕраппонд хӕлӕттаг бынӕттӕ ногӕй чи рацарӕзта, уыдон сты, зӕгъгӕ».


Уаз сабат нымайыны тыххӕй

13 Дунедарӕг зӕгъы: «Сабат Мӕ уаз бон кӕй у, уый уӕ макуы ферох уӕд, ӕмӕ йӕ нымайут. Нымайут ӕй цытджын бӕрӕгбоныл ӕмӕ уӕхиуыл хӕцут, сабатбон мацы хъуыддаг кӕнут. Кад ын скӕндзыстут уымӕй дӕр, стӕй, уыцы бон уӕ алы зӕрдиаг фӕндтӕ куы аиргъӕват, ноджы ма ӕдзӕлгъӕд ныхӕстӕ дӕр куынӕ кӕнат, уӕд.

14 Ӕмӕ уӕд Мӕхӕдӕг суыдзынӕн уӕ цины суадон. Сисдзынӕн уӕ алы бӕрзӕндтӕм ӕмӕ уын саккаг кӕндзынӕн, кӕддӕр уӕ фыдӕл Йаковӕн цы исбон балӕвар кодтон, уый». Афтӕ загъта Дунедарӕг.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan