Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 57 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Рӕстаджы хъысмӕт

1 «Раст адӕймаг амӕлы, ӕмӕ йыл ничи бахъынцъым кӕны, Хуыцаумӕ кувӕг цардӕй ахицӕн вӕййы, ӕмӕ йӕ ничи бамбары, цӕмӕн. Рӕстуды иуварс айстӕуы фыддзинадӕй,

2 ӕмӕ ӕрӕнцайы. Раст фӕндагыл чи цӕуы, уыдон сӕ удтӕн ӕнцой ссардзысты.

3 Мӕ цуры ӕрлӕуут, къулбадӕг усы лӕппутӕ, хӕтаг лӕг ӕмӕ хъахбай сылгоймаджы цот!

4 Сымах кӕмӕй хынджылӕг кӕнут? Ӕвзӕр дзыхӕй кӕмӕ дзурут, уе ’взаг кӕмӕ суагътат? Сымах стут фыдгӕнджыты цот, фӕлитойты байзӕддаг.

5 Алы пӕлӕхсар бӕласы бын ӕнӕуаг митӕ кӕнут уӕ мӕнгхуыцӕуттимӕ, ноджы ма къӕдзӕхты бын комы нарджыты, тӕрфыты, кусарт кӕнут уӕ сабиты.

6 Къададӕтты дойнаг дуртӕ — уӕ хай, уӕ амонд. Уыдонӕн ӕрбахӕссут сӕн, лӕвар сын кӕнут хойраджы хуынтӕ. Ӕмӕ Ӕз уыдӕттӕй райгонд куыд хъуамӕ уон?

7 Уӕ Израил! Бӕрзонд хохыл сарӕзтай де ’нӕуаг кувӕн бынат ӕмӕ йыл хӕссыс нывӕндтӕ.

8 Дӕ хӕдзары миддуар ӕмӕ дӕ тарвӕзты цур ӕрӕвӕрдтай дӕ табуйаг нысӕнттӕ. Мӕныл дӕхи атигъ кодтай ӕмӕ араст вӕййыс дӕ кувӕн бынатмӕ, ноджы йӕ фӕпарахатдӕр кодтай. Бафидыдтай, ӕнӕуаг митӕ кӕнын кӕимӕ уарзыс, уыдонимӕ ӕмӕ сын сӕ кувӕн бынӕттыл фӕлгӕсыс.

9 Мӕнгхуыцау Молохӕн снывонд кодтай сӕрдӕн сой, сарӕзтай йын бирӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ. Мӕрдтыбӕсты онг абалц кӕнын кодтай дӕ минӕвӕртты.

10 Бирӕтӕ федтай ӕмӕ-иу бастадтӕ, фӕлӕ никуы загътай, мӕ ныфс асасти, зӕгъгӕ. Бирӕ ма дын ӕнтыст ӕмӕ дӕ хъару нӕ сӕфти.

11 Афтӕ тынг кӕмӕй фӕтарстӕ, ӕмӕ Мӕныл дӕ зӕрдӕ сивай, хъуыды дӕр Мӕ мауал кӕнай? Дзӕвгар рӕстӕг дын Мӕхи кӕй нал раргом кодтон, ӕдзӕмӕй кӕй фӕлӕууыдтӕн, уый тыххӕй Мӕ нал тӕрсыс?

12 Гъемӕ дын Ӕз раргом кӕндзынӕн, дӕ митӕ куыд раст сты, уый. Ӕмӕ уӕд бӕрӕг уыдзӕни, цы пайда дын ӕрхӕссой, уый.

13 Дзыназын куы байдайай, уӕд дӕм бакӕсдзыстӕм, кӕддӕра дӕ куыд фервӕзын кӕндзысты дӕ бирӕ гуымирытӕ. Се ’ппӕты дӕр дымгӕмӕ ныддардзысты, Йӕ зӕрдӕ Мӕныл чи дары, уыдоны хай бауыдзӕни зӕхх, Мӕ уаз хох бауыдзӕни сӕ исбон».


Хуыцау ӕфхӕрд адӕмыл ауды

14 Дунедарӕг зӕгъы: «Мӕ адӕмӕн айгӕрдут фӕндаг! Айгӕрдут ӕмӕ йӕ слӕгъз кӕнут, иунӕг цӕлхдур дӕр ыл ма ныууадзут!»

15 Афтӕ зӕгъы Бӕрзонд, Кадджын, Мыггагмӕцӕрӕг, Уаз Чи хуыйны, Уый: «Ӕз цӕрын уаз бӕрзӕндты, фӕлӕ ма ноджы — састзӕрдӕтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕгтимӕ. Састзӕрдӕтӕн раттын ныфс, сӕрныллӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ райгас кӕнын.

16 Мыггагмӕ сӕ азымджын нӕ кӕндзынӕн, мӕсты нӕ кӕндзынӕн ӕдзухдӕр, науӕд адӕм, Ме сконд адӕм, бынтондӕр рафтдзысты Мӕ разы.

17 Зыд ӕмӕ кӕрӕф кӕй уыдысты, уый тыххӕй сыл Мӕ маст калдтон, цагътон сӕ ӕмӕ сӕ фыр мӕстӕй Мӕхи ӕмбӕхстон, фӕлӕ уӕддӕр кодтой, сӕхи цы фӕндыди, уый.

18 Цытӕ кодтой, уый Ӕз дзӕбӕх уыдтон. Фӕлӕ сӕ ныр сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ раст фӕндагыл сараздзынӕн. Цы мӕстытӕ бавзӕрстой, уыдоны фӕстӕ сӕ барӕвдаудзынӕн, ныфс сӕ бауадздзынӕн.

19 Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Мӕ дзыхы ныхасӕй дӕр стаудзысты. Ратдзынӕн сын амонд ӕмӕ фарн — дард чи у, уыдонӕн дӕр, ӕмӕ, хӕстӕг чи у, уыдонӕн дӕр. Се ’ппӕты дӕр сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн», — афтӕ зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг.

20 Ныр ӕнаккӕгтӕ та сты, ӕнӕнцой денджызы хуылфӕй сурмӕ лами ӕмӕ алы цъыф чи раппары, уыцы знӕт уылӕнтау.

21 «Ӕнаккӕгтӕ ӕнцой нӕ фендзысты», — афтӕ зӕгъы мӕ Хуыцау.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan