Исайа 56 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстӔцӕгӕлон адӕмты тыххӕй 1 Дунедарӕг зӕгъы: «Хӕссут раст уынаффӕтӕ, раст тӕрхон, уымӕн ӕмӕ уӕ тагъд рӕстӕджы фервӕзын кӕндзынӕн ӕмӕ уын Мӕ рӕстдзинад раргом кӕндзынӕн. 2 Тӕхудиаг сты, Мӕ уынаффӕтӕ Мын чи ӕххӕст кӕны, фидар сыл чи хӕцы, сабаты уагӕвӕрдтӕ халын чи нӕ уадзы ӕмӕ ӕнӕгъдау мийӕ йӕхи чи хизы, уыдон». 3 Дунедарӕджы адӕмы ’хсӕн чи ӕрцард ӕмӕ семӕ чи баиу, уыцы ӕцӕгӕлӕттӕй мачи зӕгъӕд, Дунедарӕг мӕ Йӕ адӕмы ’хсӕнӕй асуринаг у, зӕгъгӕ! Сахъат евнухтӕй дӕр мачи дзурӕд, уый мӕнӕ хуыскъ бӕласы къуыдыр йеддӕмӕ, куы ницы дӕн, зӕгъгӕ! 4 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг евнухты тыххӕй дӕр зӕгъы: «Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ Мын чи ӕххӕст кӕны, Мӕ уагӕвӕрдтӕ йӕ уды рӕбинаг кӕмӕн сты, 5 уымӕн Мӕ Хӕдзары ныссадздзынӕн цырт ӕмӕ йыл ныффысдзынӕн йӕ ном. Мӕ фырттӕ ӕмӕ Мын Мӕ чызджытӕй суыдзӕни ахсджиагдӕр. Ӕз ын ратдзынӕн, мыггагмӕ чи нӕ фесӕфдзӕн, ахӕм ном. 6 Уӕдӕ ӕцӕгӕлӕттӕй дӕр Дунедарӕгимӕ чи баиу ис, лӕггад Ын кӕныны охыл, Дунедарӕджы ном чи уарзы, йӕхи Йын цагъар чи скодта ӕмӕ Йын Йӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ чи ӕххӕст кӕны, Мӕ уагӕвӕрдтӕ йӕ уды рӕбинаг кӕмӕн сты, 7 уыдоны Ӕз се ’ппӕты дӕр фӕхондзынӕн Мӕ уаз хохмӕ. Мӕ кувӕн хӕдзары сын балӕвар кӕндзынӕн цин ӕмӕ Мын барст уыдзысты, Мӕ нывондхӕссӕныл Мын цы иууылсудзинӕгтӕ ӕрхӕссой ӕмӕ Мын цы кусӕрттӕ акӕной, уыдон. Ӕмӕ Мын уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмтӕ Мӕ Хӕдзар хондзысты ӕппӕт адӕмты кувӕн хӕдзар». 8 Алы бӕстӕтыл чи ныххӕлиу ис, уыцы израилӕгты фӕстӕмӕ сӕхи зӕхмӕ Чи ӕрбакодта, Уый, Дунедарӕг Хуыцау, зӕгъы: «Ӕцӕгӕлӕттӕй уемӕ чи баиу, уыдоныл ма Ӕз ноджыдӕр бафтаудзынӕн». Адӕмы зондцух раздзӕуджытӕ 9 Ӕрбацӕут, хъӕддаг сырдтӕ, хъӕды цӕрӕгойтӕ, ӕрбацӕут ӕмӕ хӕрут! 10 Мӕ адӕмы раздзӕуджытӕ иууылдӕр куырм сты, ницы ’мбарынц. Иууылдӕр сты гоби куыйтау — сӕ бон срӕйын дӕр нӕу. Хуыссын бирӕ уарзынц ӕмӕ сӕхи ауагътой, фынӕйӕ сӕнттӕ цӕгъдынц. 11 Куыйтау зыд ӕмӕ кӕрӕф сты, ӕфсис нӕ зонынц. Адӕмы хъӕр кӕмӕ нӕ хъуысы, уыцы фыййӕуттау сӕ алчи тыхсы ӕрмӕст йӕхи удыл, йӕхи пайдайыл. 12 Сидынц: «Цомут ӕмӕ абон дзӕбӕх нынцъухӕм сӕн ӕмӕ махсымӕ, райсом та дзы ноджы хуыздӕр фӕкӕсдзыстӕм нӕхимӕ!» |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia