Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 55 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Скувут Хуыцаумӕ — фервӕзын уӕ кӕна

1 «Дойны кӕмӕн у — ардӕм рацӕуӕнт ӕмӕ нуазӕнт! Ӕхца уӕ кӕмӕ нӕй — ардӕм рацӕуӕнт ӕмӕ лӕвар исӕнт сӕн ӕмӕ ӕхсыр! Ӕхца фидын сын нӕ хъӕуы.

2 Уе ’взистӕй цӕмӕн дӕттут, къӕбӕры аккаг уын цы нӕу, уый сӕрмӕ? Уӕ хъиамӕтӕй дӕр цӕмӕн фидут, уе стонг уын цы нӕ сафы, ууыл? Мӕ коммӕ куы кӕсат, уӕд уӕ хойраг уыдзӕни фӕрнӕйдзаг, уӕ удтӕ ӕфсаддзыстут хӕрзад хӕринагӕй.

3 Ӕрбайхъусут Мӕм ӕмӕ Мӕм ӕрбацӕут! Кӕсут Мӕ коммӕ ӕмӕ цӕрат! Ӕз мыггагмӕ бафидаудзынӕн уемӕ ӕмӕ, Давидӕн зӕрдӕ цы хорзӕхтӕй бавӕрдтон, уыдон бахай кӕндзынӕн сымахӕн дӕр.

4 Адӕмты раз Ӕз Мӕ цагъары скодтон Ме ’вдисӕн, адӕмтӕн — фӕтӕг ӕмӕ зондамонӕг.

5 Сымах фӕрцы Мӕ ныр базондзысты алы адӕмтӕ. Фӕдзурдзыстут, кӕй нӕ зыдтат ӕмӕ уын уӕхи чи нӕ зыдта, уыцы адӕмтӕм, ӕмӕ уӕм цӕудзысты ӕвӕстиатӕй, уымӕн ӕмӕ фендзысты, Ӕз, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Израилы Стыр Хуыцау, сымах куыд скадджын кодтон, уый».

6 Агурут Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ ссардзыстут, кувут Ӕм, уымӕн ӕмӕ уӕм ӕрӕввахс ис!

7 Ӕнаккаг йӕ хъуыддӕгтӕ ныууадзӕд, хӕлд — йӕ фӕндтӕ. Раздӕхӕнт Дунедарӕгмӕ — ныббардзӕн сын, раздӕхӕнт нӕ Хуыцаумӕ — бирӕбараг у Уый.

8 Дунедарӕг зӕгъы: «Мӕ хъуыдытӕ сымах хъуыдыты хуызӕн не сты, сымах гӕнӕнтӕ та — Мӕ гӕнӕнты хуызӕн.

9 Зӕххы сӕрмӕ арв цас бӕрзонд у, уый бӕрц бӕрзонддӕр сты Мӕ гӕнӕнтӕ дӕр сымах гӕнӕнтӕй, Мӕ хъуыдытӕ та — уӕ хъуыдытӕй.

10 Къӕвда кӕнӕ мит куы рауары, уӕд арвмӕ фӕстӕмӕ нӕ аздӕхы, цалынмӕ зӕххӕн йӕ дойны басӕтты, уӕдмӕ. Ӕмӕ афтӕмӕй зӕхх свӕййы сойджын, ӕмӕ йыл ӕрзайы хортӕ — тауинагӕн дӕр ӕмӕ хойрагӕн дӕр.

11 Гъе ахӕм хъысмӕт ис, Ӕз цы ныхас фӕзӕгъын, уымӕн дӕр. Пайда не ’рхӕсгӕйӕ Мӕм фӕстӕмӕ нӕ раздӕхы, фӕлӕ Мын сӕххӕст кӕны Мӕ фӕндон, саразы, цӕй тыххӕй йӕ рарвыстон, уый».


Сӕрибар адӕмы цин

12 Рацӕудзыстут цинимӕ, арвитдзысты уӕ фарнимӕ. Фӕндагыл уын зардзысты хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтӕ, ӕмдзӕгъд уын кӕндзысты быдыры ӕппӕт бӕлӕстӕ.

13 Сындзкъутӕры бӕсты ӕрзайдзӕни кипарис, пысырайы бӕсты та — мирт. Ӕмӕ уый уыдзӕни Дунедарӕджы кадӕн, уыдзӕни мыггагмӕйы ӕвдисӕйнаг, ӕнӕфехалгӕ нысан.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan