Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 53 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Махӕй цы фехъуыстой, ууыл чи баууӕндыд ӕмӕ кӕмӕн раргом ис Дунедарӕджы хъару?

2 Хуыцауы раз Уый байрӕзти, сыгъд быдыры тала тыхамӕлттӕй куыд сӕвзӕры, йӕ хус уидаг фӕлурс тау куыд суадзы, уыйау. Уындӕй диссаг, кондӕй ӕрдхӕрӕн, зӕгъгӕ, афтӕ зӕгъӕн Дзы нӕ уыд. Федтам Ӕй, ӕмӕ Йын нӕ цӕст Ыл цӕмӕй ӕрӕвӕрдтаиккам, ахӕм бакаст нӕ уыд.

3 Адӕм Ӕй ницӕмӕ ӕрдардтой, сӕ чъылдым Ӕм раздӕхтой. Рис ӕмӕ Йыл низтӕ сӕ фӕд ныууагътой. Уӕдӕ Йыл мах дӕр былысчъилтӕ кодтам ӕмӕ Йӕм не ’ргом не раздӕхтам, мисхалы бӕрц дӕр Ын нӕ аргъ кодтам.

4 Афтӕмӕй нын Уый райста нӕ рынтӕ, ахаста нын нӕ хъыгтӕ, мах та афтӕ ӕнхъӕл уыдыстӕм, цыма Йын Хуыцау Йӕхи бафхӕрдта, ӕрцавта Йӕ ӕмӕ Йӕ удхарӕй мардта.

5 Уӕззау цӕфтӕ йыл ӕруади нӕ фыдракӕндты тыххӕй, сау хъизӕмар бавзӕрста нӕ азымы тыххӕй. Нӕ фарны сӕраппонд баййӕфта ӕфхӕрд, фӕлӕ мах Йӕ хъӕдгӕмтты фӕрцы сдзӕбӕх стӕм.

6 Иууылдӕр уыдыстӕм дзӕгъӕл фыстау, ӕмӕ нӕ алчидӕр аздӕхт йӕхи фӕндагыл, Дунедарӕг та Ууыл сӕвӕрдта не ’ппӕты азым.

7 Карз Ӕй ӕфхӕрдтой, фӕлӕ Уый ӕдзӕмӕй лӕууыди, ӕргӕвдынмӕ кӕй ракӕнынц, уыцы уӕрыккау, ӕлвынгӕ кӕй фӕкӕнынц, уыцы фысау. Хъыпп-сыпп дӕр не скодта.

8 Ӕрцахстой Йӕ ӕмӕ Йын раст тӕрхон нӕ рахастой. Айстой Йын Йӕ цард, Йӕ адӕмы фыдракӕндты тыххӕй Йӕ амардтой. О, фӕлӕ адӕмӕй Йӕ хъысмӕт кӕй ӕндӕвта?

9 Куы амарди, уӕд Ӕй ӕнаккӕгтимӕ, фыдгӕнджытимӕ иу ран хъуамӕ баныгӕдтаиккой, кӕд фыдгӕнӕг нӕ уыд, кӕд Йӕ дзыхӕй мӕнг ныхас дӕр никуы схауди, уӕддӕр.

10 Дунедарӕджы фӕндӕй уыди Йӕ удхар, Уый Йын схай кодта хъизӕмӕрттӕ. Тӕригъӕды нывондӕн Ӕй куы ӕрхӕссай, уӕд фендзӕни Йӕ цоты, бирӕ фӕцӕрдзӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн.

11 Бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзаргӕйӕ, фендзӕни рухс ӕмӕ сцин кӕндзӕн. Дунедарӕг Дзы зӕгъы: «Мӕ тӕрхоны фӕрцы Уый, Рӕстгӕнӕг, Мӕ цагъар, бирӕты сраст кӕндзӕн, сӕккой сын кӕндзӕни сӕ азым.

12 Уымӕ гӕсгӕ Йын бирӕтимӕ ратдзынӕн хай, хъомысджынтимӕ байуардзӕни ӕфтиаг, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕн равзӕрста мӕлӕт. Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд, афтӕмӕй та Йӕхимӕ райста бирӕты тӕригъӕд, фыдгӕнджытӕн сси хатыркурӕг».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan