Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 52 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Раст-ма, раст, Сион, ӕмӕ равдис дӕ кӕддӕры хъомыс! Ӕрбакӕн дӕ уӕлӕ дӕ кады фӕлыстытӕ, уаз сахар Йерусалим! Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ кулдуарӕй мидӕмӕ нал бахиздзӕн иунӕг ӕнӕсунӕтгонд ӕмӕ, чи фӕчъизи ис, уый дӕр.

2 Дӕ рыгтӕ ’рцӕгъд ӕмӕ дӕхиуыл уӕлӕмӕ схӕц, Йерусалим! Дӕ рӕхыстӕ де уӕнгтӕй раппар, Сионы уацайраг чызг!

3 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Уӕйгӕнӕггаг уӕ сӕрмӕ ницы райстон ӕмӕ ӕлхӕнӕггаг дӕр уӕ сӕрыл ницы ратдзынӕн, афтӕмӕй уӕ ссӕрибар кӕндзынӕн».

4 Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Кӕддӕр Мӕ адӕм ацыдысты Мысырмӕ, цардысты дзы ӕрцӕуӕггӕгты цардӕй. Фӕстӕдӕр сын ассириӕгтӕ дӕр сӕ уд сӕ хъуырмӕ скодтой, ӕфхӕрдтой сӕ.

5 Ӕмӕ Мын цы кӕнгӕ у ныр? Мӕ адӕмы Мын акодтой лӕвар, сӕ хицӕуттӕ дзыназынц, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Мын ӕппынӕдзух, ӕрвылбон фауынц Мӕ ном.

6 Уымӕ гӕсгӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ Мӕ адӕм бамбардзысты, Ӕз Чи дӕн, уый. Базондзысты, кӕддӕр Йӕ ном „Ӕз дӕн“ Чи схуыдта, Уый Ӕз кӕй дӕн!»


Цины хабар: хаст адӕмы ӕрбаздӕхт Йерусалиммӕ

7 Куыд рӕсугъд, куыд аив сты йӕ къахдзӕфтӕ, хӕхты бӕрзӕндтыл фарны уац, цины уац ӕмӕ сӕрибары уац чи хӕссы, уымӕн! Сионӕн зӕгъы: «Дӕ Хуыцау дӕ Паддзах у!»

8 Дӕ хъахъхъӕнджытӕ сӕ хъӕлӕсы дзаг цинхъӕр кӕнынц, уымӕн ӕмӕ сӕхи цӕстӕй уынынц, Дунедарӕг Сионмӕ куыд ӕрбаздӕхы, уый.

9 Уӕлахизы хъӕр, цины хъӕр кӕнут иумӕ, Йерусалимы хӕлддзӕгтӕ! Дунедарӕг батӕригъӕд кодта Йӕ адӕмӕн, ссӕрибар кодта Йерусалим.

10 Дунедарӕг Йӕ уаз хъомыс равдыста адӕмтӕн се ’ппӕтӕн. Дунейӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ иууылдӕр уыдзысты ӕвдисӕн, нӕ Хуыцау нӕ куыд фервӕзын кодта, уымӕн.

11 Цӕугӕут, цӕугӕут! Рацӕут уырдыгӕй! Уӕхи хизут, сыгъдӕг цы нӕу, ахӕм истӕуыл бандзӕвынӕй! Ӕцӕгӕлон адӕмы ’хсӕнӕй рацӕут ӕмӕ уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндонӕн йӕ мигӕнӕнтӕ сымах хӕсдзыстут!

12 Сындӕг-иу рацӕут, тындзгӕ цыдӕй нӕ, фӕлӕ. Ма-иу разгъорут, уымӕн ӕмӕ уыл разӕй дӕр ӕмӕ фӕсте дӕр ауддзӕни Дунедарӕг, Израилы Хуыцау.


Дунедарӕджы цагъары хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ кад

13 Дунедарӕг зӕгъы: «Мӕ цагъар суыдзӕни куырыхон хъуыддӕгтӕ аразӕг. Скадджын уыдзӕн, схиздзӕн уӕлӕмӕ, сбӕрзонд уыдзӕн.

14 Бирӕтӕ Йӕм кастысты дисгӕнгӕйӕ: адӕймаджы хуызӕн дӕр нал уыди, Йӕ буар Ын афтӕ ныггуылмызтӕ кодтой.

15 Фӕлӕ Уый стыр дисы бафтаудзӕни бирӕ адӕмты. Паддзӕхтӕ багомыг уыдзысты Йӕ разы, уымӕн ӕмӕ сӕхи цӕстӕй фендзысты, цӕй тыххӕй сын никуыма загъдӕуыд, уый, бамбардзысты, цы никуыма фехъуыстой, уый».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan