Исайа 51 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстХуыцау фервӕзын кӕндзӕни Йӕ адӕмы 1 «Ӕрбайхъусут-ма Мӕм, раст хъуыддӕгтӕ аразыныл йӕхи чи хъары ӕмӕ Мӕнмӕ чи кувы, уыдон! Скӕсут-ма, цы къӕдзӕхӕй уӕ ӕркарстӕуыд, уымӕ! Ныккӕсут-ма, цы донуатӕй уӕ скъахтӕуыд, уымӕ дӕр! 2 Бакӕсут-ма уӕ фыдӕл Аврааммӕ ӕмӕ уӕ мадӕл Саррӕмӕ! Аврааммӕ куы басидтӕн, уӕд ӕнӕбындар уыд, фӕлӕ Йын Ӕз раарфӕ кодтон, ӕмӕ йӕ байзӕддаг ныббирӕ сты. 3 Ныр Дунедарӕг барӕвдаудзӕни Сионы, ногӕй йын рацараздзӕни йӕ хӕлддзӕгтӕ, ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзӕни дзӕнӕт, сыгъд быдыр та — Дунедарӕджы дыргъдон. Цинӕй дзы райдзысты адӕм, кад кӕндзысты Хуыцауӕн ӕмӕ Йын зардзысты. 4 Ӕрбайхъусут Мӕм, Мӕ адӕм, Ӕрбайхъусут Мӕм, Мӕ дзыллӕ! Ӕз уын ӕрӕвӕрдзынӕн Ӕгъдау, Мӕ амындтытӕ рухсдӕттӕг суыдзысты адӕмтӕн. 5 Мӕ рӕстдзинад ӕрӕввахс ис. Ме ’ххуыс уӕм фӕхӕццӕ кӕны. Мӕ хъомыс адӕмтӕн уыдзӕни фидауынгӕнӕг. Денджызгӕрон сахартӕ Мыл сӕхи бафӕдзӕхсдзысты, Мӕ хъомысӕй уыдзысты ныфсджын. 6 Афӕлгӕсут-ма уӕлӕрвтыл! Ӕркӕсут-ма зӕхмӕ дӕр! Уӕлӕрвтӕ ӕрбайсӕфдзысты фӕздӕгау, зӕхх дӕр алӕбырдзӕн дарӕсау, йӕ цӕрджытӕн сыскъуыйдзӕни сӕ мыггаг. Ӕцӕг, Ӕз цы ирвӕзындзинад дӕттын, уымӕн йӕ фарн нӕ фесӕфдзӕни мыггагмӕ дӕр, Мӕ рӕстдзинадӕн сӕфӕн нӕй. 7 Ӕрбайхъусут Мӕм, Мӕ рӕстдзинад Мын чи зоны, Ме ’гъдау йӕ зӕрдӕйы фыст кӕмӕн у, уыдон! Искӕй фидистӕй ма тӕрсут, искӕй ӕлгъыстытӕ уыл тас ма ’фтауӕнт! 8 Уӕ фыдгултӕ бабын уыдзысты, рӕмпӕг дарӕс куыд бахӕры, къуыдыргалм та — къуымбил, уый хуызӕн». Арв ӕмӕ зӕхх сфӕлдисӕг Хуыцау — Израилы ирвӕзынгӕнӕг 9 Раст-ма, раст, Дунедарӕг! Равдис Дӕ хъомыс! Раст-ма, рагзаманты-иу куыд растадтӕ, афтӕ! Ды акъӕртт кодтай Рагавы. Скъуыхтӕ кодтай залымы. 10 Басур кодтай денджыз, йӕ бынты йын, йе ’рфыты, айгӕрстай фӕндаг, кӕй фервӕзын кодтай, уыцы адӕмӕн. 11 Дунедарӕг кӕй ссӕрибар кӕна, уыдон цингӕнгӕ ӕрбаздӕхдзысты Сионмӕ, ӕнусон цин ӕнхъӕвздзӕни сӕ сӕрмӕ. Цинӕй райдзысты, мӕт ӕмӕ хъынцъымӕн та сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. 12 «Ӕз, Ӕз Мӕхӕдӕг куы дӕн уӕ Ныфс, уӕд цӕмӕй тӕрсут адӕймагӕй, уый мӕлӕты фос куы у, тихалӕгӕй уӕлдай куы ницы у? 13 Цӕмӕн ферох кодтат Дунедарӕджы, уе Скӕнӕджы, уӕлӕрвтӕ Чи айтыгъта ӕмӕ зӕхх Чи сарӕзта, Уый? Фыр тӕссӕй цы ризут тыхгӕнджыты раз, цы сӕ бон у, цы уын ракӕндзысты? Уадз ӕмӕ абухой! 14 Рӕхджы ссӕрибар уыдзысты ахӕстытӕ, ныггӕнды сыдӕй нӕ амӕлдзысты. 15 Уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, денджыз Чи сызмӕнты, Чи йӕ сабухын кӕны, Уый. Уӕларвӕфсады Бардарӕг — Мӕ ном. 16 Ӕз айтыгътон уӕлӕрвтӕ ӕмӕ фидар сарӕзтон зӕхх. Ӕмӕ Сионы цӕрджытӕн зӕгъын, сымах Мӕ адӕм стут! Фӕдзӕхсын уын, адӕмы рӕгъмӕ куыд хӕссат Мӕ уынаффӕтӕ. Ӕмӕ уӕ Ӕз Мӕ базыры бын бакӕндзынӕн». Уӕлӕмӕ сыст, Йерусалимы чызг! 17 Раст-ма, раст, Йерусалимы чызг, слӕуу дӕ къӕхтыл! Дунедарӕг дын радта Йӕ фыдӕхы нуазӕн. Ануӕзтай йӕ ӕмӕ, цудтытӕгӕнгӕ, фӕцӕйцыдтӕ дӕ адзалы фӕндагыл. 18 Цы цот дын рацыд, уыдонӕй ничи ӕрлӕууыд дӕ фарсмӕ, ничи сӕ ныххӕцыд ӕнцойӕфсон дӕ къухыл. 19 Ӕрцыди дыл дывӕр бӕллӕх, ӕмӕ дын чи батӕригъӕд кӕндзӕн, чи дын фӕфидар кӕндзӕни дӕ зӕрдӕ? — Бӕстӕ ныггӕныстон ис, адӕмӕй та чи сыдӕй амарди, чи кардылӕфтыд баци. 20 Дӕ цот рафтыдысты, тигътыл ныффӕлдӕхтысты ӕмӕ удхар кӕнынц, сӕгуыт ахсӕн хызы куыд фӕудхар кӕны, афтӕ. Ахӕм ӕвирхъау уавӕры сыл сӕмбӕлди Дунедарӕджы азар, Хуыцауы фыдӕх. 21 Гъемӕ уӕдӕ ӕрбайхъусут, сӕны хъӕстӕ чи нӕ фӕци, афтӕмӕй расыгау цух-мухтӕ чи кӕны, уыдон! 22 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕ адӕмы Мастисӕг: «Уӕ къухӕй уын фӕстӕмӕ исын Мӕ азар ӕмӕ Мӕ фыдӕхы нуазӕн. Нырӕй фӕстӕмӕ уын ӕй нал дӕтдзынӕн. 23 Ратдзынӕн ӕй уе ’фхӕрджыты къухмӕ, афтӕ уын чи дзырдта, ныддӕлгом ут зӕххыл ӕмӕ уыл къахӕй балӕгӕрдӕм. О, сымах-иу ныддӕлгом стут сӕ разы, ӕмӕ-иу уыдон, надвӕдыл цӕуӕгау, алӕгӕрстой уӕ чъылдымтыл». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia