Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Израил — Дунедарӕджы уарзон дыргъдон

1 Цӕй ӕмӕ мӕ Уарзонӕн азарон Уарзоны зарӕг Йӕ сӕндоныл. Сойджын бӕрзӕндыл сӕндон скодта мӕ Уарзон,

2 йӕ мӕрмӕ йын базылд, дзӕбӕх ӕй схӕмпус кодта, йӕ дуртӕ йын ӕруыгъта, ӕвзаргӕ сӕнӕфсиры талатӕ дзы ныссагъта. Хъахъхъӕнӕн мӕсыг дзы самадта, сӕндуцӕн дӕр скъахта. Хӕрзад гагатӕм ӕнхъӕлмӕ касти, фӕлӕ йӕ сӕнӕфсир хъӕддаг разынди.

3 «Уӕ Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ иудейӕгтӕ! Цы зӕгъдзыстут Мӕ сӕндонӕй?

4 Цы кӕнгӕ йын уыд, ӕмӕ йын Ӕз цы нӕ бакодтон? Ӕз хорз цупӕлттӕм ӕнхъӕлмӕ куы кастӕн, уӕд Мӕ сӕнӕфсирыл хъӕддаг гагатӕ цӕмӕн ӕрзад?

5 Уӕдӕ уын Ӕз зӕгъдзынӕн, Мӕ сӕндонӕн цы бакӕндзынӕн, уый. Йӕ каутӕ йын афӕлдахдзынӕн — уадз ӕмӕ ныггӕныстон уа, йӕ быру йын ныппырх кӕндзынӕн — уадз ӕмӕ фосы къӕхты бын фӕуа.

6 Ныззаууат уыдзӕни, налдӕр ӕй ӕхсӕдгӕ кӕндзысты, налдӕр ын йӕ зӕхмӕ зилдзысты. Каконтӕ ӕмӕ сындзыты бынӕй зынгӕ дӕр нал кӕндзӕни. Ӕз бардзырд ратдзынӕн мигътӕн, къӕвда йыл мауал ӕруадзут, зӕгъгӕ».

7 Израилы адӕм — Уӕларвӕфсады Бардарӕджы сӕндон; Йӕ уарзон талатӕ — иудейӕгтӕ. Уый Раст тӕрхон агуырдта Йӕ адӕмӕй, фӕлӕ туг ныууарыди, рӕстдзинад сӕ домдта, фӕлӕ Йӕм мӕнӕ фӕдисхъӕр хъуысы.


Тӕригъӕдджынтӕн сар сӕ сӕр кӕны!

8 Додой уӕ къона, ӕнӕфсис тонагӕнджытӕ, иу хӕдзар иннӕйы фӕдыл, иу хуымзӕхх иннӕйы фӕдыл йӕхирдӕм чи ссивы! Иу гӕппӕл никӕмӕнуал ныууагътат, раст цыма сымах йеддӕмӕ зӕххыл цӕрӕг нал баззади, уыйау.

9 Уӕларвӕфсады Бардарӕг расомы кодта: «Сӕ бирӕ хӕдзӕрттӕ ныззаууат уыдзысты, сӕ рӕсугъд галуантӕ дзӕгъӕлӕй баззайдзысты.

10 Галты цӕд иу бонмӕ кӕй бахуым кӕнид, ахӕм сӕндон иу батӕй фылдӕр сӕн нӕ ратдзӕни, хоры хомер — ефӕйӕ фылдӕр тыллӕг».

11 Додой сӕ къона, сӕумӕйӕ нозты фӕдыл чи зилы, фӕсахсӕвӕрты дӕр ӕнӕ сӕн чи нӕ лӕууы!

12 Сӕ бӕрӕгбӕтты — хъисфӕндыртӕ, дыууадӕстӕнонтӕ, далатӕ, уадындзтӕ ӕмӕ сӕн, Дунедарӕг цы аразы, уымӕ та нӕ кӕсынц, Йӕ хъуыддӕгтыл Ын нӕ хъуыды кӕнынц.

13 Уымӕ гӕсгӕ Мӕ адӕмы ӕнӕнхъӕлӕджы акӕндзысты уацары; уым сӕ уӕздӕттӕ сыдӕй мӕлдзысты, иннӕ адӕм та — дойныйӕ.

14 Уӕрӕх байгом ис мӕрдтыбӕстӕн йӕ ком — ӕмхуызонӕй аныхъуырдзӕни уӕздӕтты ӕмӕ сау адӕмы, хъӕлӕба ӕмӕ цин чи кодта, ӕппӕт уыдоны.

15 Уӕд дӕлдзиныггонд ӕрцӕудзысты адӕм ӕмӕ алчидӕр сӕрныллӕг суыдзӕн, хъалтӕ дӕр ӕруадздзысты сӕ сӕртӕ.

16 Уӕларвӕфсады Бардарӕг сбӕрзонд уыдзӕн Йӕ раст тӕрхонӕй, Уаз Хуыцау Йӕ рӕстадӕй равдисдзӕни, уаз кӕй у, уый.

17 Уӕд уӕрыччытӕ хибарӕй хиздзысты сахары кӕлддзӕгты ’хсӕн, хӕтӕнхуаг фыййӕуттӕ та ӕрбаддзысты, бонджынты бынтӕй ма цы баззайа, ууыл.

18 Додой сӕ къона, фӕлывды бӕндӕнтӕй йӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ уӕрдонау йӕ фӕдыл чи ласы, уыдонӕн.

19 Уыдон зӕгъынц: «Хуыцау тагъддӕр рахӕссӕд Йӕ тӕрхон, цӕмӕй Йын ӕй фенӕм, сӕххӕст кӕнӕд Йӕ фӕнд, ӕмӕ Йын ӕй базонӕм!»

20 Додой сӕ къона, фыдракӕнд хорз чи хоны, хорздзинад та — фыдракӕнд, тар рухсыл чи нымайы, рухс та — тарыл, маст — хӕрзадыл, хӕрзад та — мастыл!

21 Додой сӕ къона, йӕхи цӕсты куырыхон чи у ӕмӕ йӕхи зондджын чи хоны!

22 Додой сӕ къона, йе ’хсар сӕн нуазыныл кӕмӕн у, йӕ хъомыс та — хъӕбӕр нозт уадзыныл.

23 Уыдон гӕртамы фӕрцы азымджыны сраст кӕнынц, раст лӕджы та фӕзылын кӕнынц.

24 Уымӕ гӕсгӕ, хъӕмп зынджы амӕттаг куыд бавӕййы, хосы мӕкъуылтӕ пиллон арты куыд асудзынц, афтӕ сӕ уидаг амбидзӕн, сӕ дидинвӕлыст рыг фестдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон се ’ргом аздӕхтой Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕгъдауӕй, ницӕмӕ ӕрдардтой Израилы Уаз Хуыцауы ныхас.


Ӕндӕрбӕстӕгты ӕрбабырст — Дунедарӕджы цӕф

25 Уый тыххӕй Дунедарӕджы маст рафыцдзӕни Йӕ адӕммӕ, Йӕ къух сӕм сисдзӕн ӕмӕ сын ахӕм цӕф ныккӕндзӕн, ӕмӕ хӕхтӕ нырриздзысты, адӕмы мӕрдтӕ фосы фаджысау уынгты лӕзӕрдзысты. Фӕлӕ суанг уӕд дӕр Дунедарӕджы маст не ’рсабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни ма сӕм ноджы.

26 Дард чи цӕры, уыцы адӕмтӕм сидгӕйӕ, сисдзӕни тохы тырыса, зӕххы кӕрӕтты цӕрджытӕм фехситт кӕндзӕни ӕмӕ уыдон фӕстиат нӕ фӕкӕндзысты.

27 Уыдон нӕдӕр фӕлмӕцгӕ бакӕндзысты, нӕдӕр сӕ удтӕ рафтдзысты, нӕдӕр сӕ хуыссӕг ӕрцахсдзӕн. Уыдзысты ронбаст, сӕ дзабыры бостӕ дӕр нӕ райхӕлдзысты.

28 Сӕ фаттӕ уыдзысты цыргъ, се ’рдынбостӕ — ӕлвӕст. Сӕ бӕхты сӕфтджытӕ — ӕхсондуртау фидар, сӕ уӕрдӕтты цӕлхытӕ размӕ тӕхдзысты зилгӕ уадау.

29 Уыдон ныррыхдзысты домбӕйттау, ратӕлӕт кӕндзысты сӕ фосы хай, ахӕсдзысты йӕ, ӕмӕ йӕ уыдоны дзыхӕй никӕйуал бон бауыдзӕн фӕстӕмӕ байсын.

30 Уыцы бон сӕ рыхын уыдзӕни денджызы рыхынау. Зӕххыл йӕ цӕст чи ахӕсса, уый фендзӕни саудалынг ӕмӕ фыдох, сау мигътӕй рухсы цъыртт нал зындзӕн.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan