Исайа 48 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстНог рагуац 1 Ӕрбайхъусут, Йаковы байзӕддӕгтӕ, Израилы ном чи хӕссы ӕмӕ Иудӕйы артӕй рацӕугӕ чи у, уыдон! Сымах ард фӕхӕрут Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауыл нымайут Израилы Хуыцауы, фӕлӕ Йыл не стут иузӕрдион, не стут рӕстгӕнӕг. 2 Дзурут, зӕгъгӕ, уаз сахарӕй рацыдыстӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ дарӕм Израилы Хуыцауыл. Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг. 3 Рагацау цы дзырдтон, Мӕ дзыхӕй цы рацыди, уый сӕххӕст. Ныр дӕр, цы фӕзӕгъын, уый сӕххӕст вӕййы уайтагъд. 4 Хиваст стут, уый зыдтон: уӕ бӕрзӕйы нуӕрттӕ — ӕндон, уӕ ных — ӕрхуы. 5 Ӕмӕ уын уымӕн дзырдтон рагагъоммӕ, цӕмӕй афтӕ ма зӕгъат, уыцы хъуыддаг нӕ гуымирытӕ сарӕзтой, хъӕд ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй кӕй скодтам, уыдон. 6 Мӕ ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст сты, уымӕн уӕхӕдӕг — ӕвдисӕн, уӕдӕ куыннӕ сӕттут? Ныр та Ӕз рагацау зӕгъын, сымахӕй ӕмбӕхст чи у, чи нӕма раргом, уыцы фидӕны тыххӕй. 7 Уыцы хабар раджы дӕр ӕмӕ ӕрӕджы дӕр не ’рцыди, фӕлӕ ӕрцӕудзӕни рӕхджы, уымӕ гӕсгӕ йӕ сымах нӕма фехъуыстат ӕмӕ уӕ бон зӕгъын нӕу, нӕхӕдӕг дӕр ӕй зыдтам, зӕгъгӕ. 8 Сымах ницы фехъуыстат, ницы зыдтат уый тыххӕй. Ӕцӕг, уӕ хъустӕ рагӕй нырмӕ дӕр ӕхгӕд сты. Ӕз рагацау зыдтон, фӕлитой кӕй стут, суанг уӕ мады гуыбынӕй фыдзыкъуыр кӕй рахастат, уый. 9 Фӕлӕ Мӕ ном ӕмӕ Мӕ кады сӕраппонд урӕдтон Мӕ маст, хӕцыдтӕн Мӕхиуыл ӕмӕ уӕ нӕ бабын кодтон. 10 Ныр уӕ батайын кодтон, фӕлӕ ӕвзисты хуызӕн нӕ — хъизӕмӕртты куынцгомы уӕ сфӕлтӕрдтон. 11 Мӕхи сӕраппонд, ӕрмӕстдӕр Мӕхи сӕраппонд ирвӕзын кӕнын сымах — Мӕ ном фегад кӕнын нӕ бауадздзынӕн. Мӕ кад никӕмӕн ратдзынӕн. 12 Ӕрбайхъусут Мӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ, кӕмӕ фӕсидтӕн, уыцы Израил! Уый Ӕз дӕн! Ӕз — Фыццаг, ӕмӕ Ӕз — Фӕстаг! 13 Ӕз ӕрӕвӕрдтон зӕххы бындуртӕ, уӕлӕрвтӕ дӕр айтыгътон Мӕ къухӕй. Фӕсиддзынӕн сӕм — ӕмӕ иумӕ ӕрлӕудзысты Мӕ разы. 14 Уе ’ппӕт дӕр ӕрбамбырд ут ӕмӕ байхъусут! Мӕн йеддӕмӕ рагацау чи фехъусын кодта, ныр цы ӕрцӕудзӕн, уый? Ӕз ацы лӕджы бауарзтон ӕмӕ Мын уый сӕххӕст кӕндзӕни Мӕ фӕндон — Вавилонӕн цы тӕрхон рахастон, уый. Халдейӕгтӕн фенын кӕндзӕни Мӕ хъомыс. 15 Ӕз Мӕхӕдӕг рагацау загътон уый тыххӕй, фӕсидтӕн ӕм ӕмӕ йӕ скӕндзынӕн уӕлахиздзау. 16 Ӕрлӕуут-ма Мӕ разы ӕмӕ байхъусут! Райдианы дӕр Ӕз ӕргом дзырдтон. Уыцы цауты райдианӕй фӕстӕмӕ Ӕз уым дӕн. Ныр мӕ Йӕ фӕдзӕхст сӕххӕст кӕнынмӕ ӕрвитынц Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ Йӕ Уд. 17 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Израилы Уаз Хуыцау: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, ӕмӕ уӕ размӕ хонын уӕ царды фӕндагыл, ахуыр уӕ кӕнын, ахъаз уын цы фӕуыдзӕн, ууыл. 18 Тӕхуды ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кодтаиккат! Уӕд уӕ амонд ивылдаид фурдау, уӕ фарн та — абухгӕ денджызау. 19 Даргъ-уӕрӕх ацыдаид уӕ мыггаг, денджызы змисау ныббирӕ уыдаид уӕ байзӕддаг ӕмӕ сӕфты къахыл нӕ ныллӕууыдаиккой, никуы фесӕфтаид Мӕ разы сӕ ном». Рацӕут Вавилонӕй! 20 Рацӕут Вавилонӕй, лидзгӕ кӕнут халдейӕгтӕй, цинимӕ хъусын кӕнут ацы фарны уац, хӕццӕ йӕ кӕнут зӕххы цъары алы кӕрӕттӕм, дзурут: «Дунедарӕг фервӕзын кодта Йӕ цагъары, Йаковы байзӕддаджы!» 21 Дунедарӕг сӕ кӕны сыгъд быдыртыл, фӕлӕ дойныйӕ нӕ мӕлынц — дуры гуыбынӕй дӕр рауадзы дон, акъӕртт сын кӕны айнӕг къӕдзӕх, ӕмӕ дзы дон фемӕхсы! 22 «Ӕнаккӕгтӕ ӕнцой нӕ фендзысты!» — зӕгъы Дунедарӕг. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia