Исайа 47 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстВавилон йӕ хъал цардӕй ӕнӕхай фӕци 1 Дӕ паддзахы бадӕнӕй ӕрхиз, ӕнӕрцӕф ӕхсин Вавилон, ӕмӕ рыджы сбад зӕххыл, Халдейы чызг. Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ нал хондзысты тӕнтъихӕг ӕмӕ буцхаст. 2 Ӕрмгуыроймӕ ӕрӕвнал ӕмӕ ссын райдай! Дӕ кӕрдӕн сис, дӕ фӕччитыл схӕц, дӕ уӕрджытӕ байгом кӕн ӕмӕ дӕтты сӕрты хиз! 3 Уадз ӕмӕ дӕ буар разына, ӕмӕ дын дӕ худинаг уыной. Ӕз Мӕ маст райсдзынӕн, никӕуыл бацауӕрддзынӕн». 4 Нӕ Ирвӕзынгӕнӕг — Израилы Стыр Хуыцау, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг. 5 «Ӕнӕ хъыпп-сыппӕй бад, Халдейы чызг, аууонмӕ айс дӕхи. Амӕй фӕстӕмӕ дӕ нал хондзысты паддзахӕдты ӕхсин. 6 Ӕз смӕсты дӕн Мӕ адӕммӕ, уыдоны, Мӕ исбон, фидиссаг фӕкодтон ӕмӕ дын сӕ афтӕмӕй радтон дӕ къухмӕ. Ды сыл ницӕмӕй бацауӕрстай — зӕрӕдтыл дӕр ма дӕ уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдтай. 7 Дзырдтай, ӕнусмӕ уыдзынӕн ӕхсин, фӕлӕ, райсом цы уыдзӕни, ууыл хъуыды дӕр нӕ кодтай. 8 Уӕдӕ Мӕм ныр ӕрбайхъус, буцахуыр, ӕнӕмӕт ӕхсин, афтӕ чи зӕгъы: „Мӕнӕн ӕмбал нӕй, ӕз идӕдзӕй никуы баззайдзынӕн, мӕ цот мӕ разӕй мӕрдтӕм нӕ бацӕудзысты“. 9 Уыцы бӕллӕхтӕ ӕмбойны дӕ хай уыдзысты: дӕ цот ӕмӕ дӕ мойы быныл баззайдзынӕ. Дӕ бирӕ хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕ дӕр дын ницыуал баххуыс уыдзысты. 10 Фыдмитӕ кодтай ӕмӕ ницӕмӕй тарстӕ, дзырдтай, ничи мӕ уыны, зӕгъгӕ. Дӕ куырыхон зонд ӕмӕ дӕ дӕ зонындзинӕдтӕ фӕсайдтой, дӕ мидзӕрдӕйы, мӕнӕн ӕмбал нӕй, зӕгъгӕ, куы дзырдтай, уӕд. 11 Фӕлӕ фыдбылызы амӕттаг бауыдзынӕ. Зонгӕ дӕр ӕй нӕ бакӕндзынӕ, кӕцӕй дӕм фӕзындзӕн, уый. Дӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр нӕй, ахӕм бӕллӕх дыл ӕрцӕудзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы. 12 Гъемӕ уӕдӕ кӕлӕнтӕ кӕн ӕмӕ дӕсны фӕрс, де ’взонгӕй нырмӕ уыцы куыстыл ахуыр дӕ. Чи зоны ӕмӕ дын исты ахъаз фӕуой, ӕмӕ дӕ исчи фӕтӕрса. 13 Дӕ уынаффӕгӕнджытӕй пайда нӕй, ӕмӕ ныр та, арв чи сгары, уыдон — стъалыдӕснытӕ — ӕрбалӕууӕнт дӕ уӕлхъус ӕмӕ дӕ хизӕнт фыдбылызӕй, ӕрцӕуинаг дыл цы у, уый мӕйногмӕ гӕсгӕ дзургӕйӕ. 14 Фӕлӕ уыдон хъӕмпӕй уӕлдай не сты: арты басыгъдысты, сӕхи дӕр нӕ бахызтой артӕй. Зынджы мур дӕр нал аззад хи ахъарм кӕнынӕн, артӕн йӕ кой дӕр нал ис йӕ фарсмӕ абадынӕн. 15 Ахӕм пайда дын фӕуыдзысты, де ’взонгӕй фӕстӕмӕ кӕимӕ куыстай, сӕудӕджергӕнгӕйӕ, уыдон. Алчи сӕ къӕмдзӕстыгӕй йӕ фӕндагыл ацӕудзӕн, дӕ мӕт сӕ нӕ уыдзӕн». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia