Исайа 46 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстИзраилы Хуыцау ӕмӕ вавилойнаг гуымирытӕ 1 Йӕ уӕрджытыл ӕрхауд Бел, афӕлдӕхти Нево. Хуыцаугӕндты хайуантыл сӕвӕрдтой ӕмӕ сӕ аластой. Раздӕр уӕхӕдӕг кӕй хастат, уыдон ӕгӕр уӕззау разындысты фӕллад хайуантӕн. 2 Афӕлдӕхтысты мӕнг хуыцӕуттӕ, сӕхи нал фӕрӕзтой ӕмӕ сӕ уӕрджытыл ӕрхаудысты дыууӕйӕ дӕр, ӕмӕ афтӕмӕй уацармӕ ласт ӕрцыдысты. 3 Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕрбайхъусут-ма, Йаковы хӕдзарвӕндаг, Израилы адӕмӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззади, уыдон иууылдӕр! Гуыргӕ-гуырын Мӕ къухтӕм кӕй райстон, сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ Мӕ къухтыл кӕй хӕссын, уыдон. 4 Уӕ зӕронды бонтӕм дӕр Ӕз уыцы Хуыцау уыдзынӕн, уӕ сӕрыхил куы сурс уа, уӕд дӕр уыл Ӕз ауддзынӕн. Ӕз уӕ сфӕлдыстон, ӕмӕ уыл Ӕз Мӕ арм дардзынӕн, ауддзынӕн уыл ӕмӕ уӕ хиздзынӕн фыдбылызӕй. 5 Кӕй халдих Мӕ схондзыстут? Кӕимӕ Мӕ абардзыстут, мӕнӕ уый ӕнгӕс у, зӕгъгӕ? 6 Сӕ чыссӕтӕй скалынц сӕ сыгъзӕринтӕ, тӕразыл абарынц ӕвзист ӕмӕ баххуырсынц згъӕртайынгӕнӕджы, цӕмӕй сын сӕ скӕна хуыцау. Сӕ хуыцау куы сцӕттӕ вӕййы, уӕд йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхауынц ӕмӕ йӕм бакувынц. 7 Уый фӕстӕ йӕ сӕ уӕхсчытыл ахӕссынц ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрынц, рагацау ын цы бынат ӕрцӕттӕ кӕнынц, уым. Уый фӕлӕууы ӕнцад, йӕ бынатӕй ӕнкъуысгӕ дӕр нӕ кӕны, адон ӕм хъӕрахст кӕнынц, фӕлӕ сын уый ницы дзуапп ратты, фыдбылызӕй сӕ нӕ фервӕзын кӕны. 8 Ӕмӕ уыдӕттӕ ма рох кӕнут, хивастытӕ, уӕ зӕрдыл сӕ дарут! 9 Уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут, тӕккӕ райдианы, незаманты, цытӕ сарӕзтон, уый. Ӕз Хуыцау дӕн, Мӕн йеддӕмӕ нӕй Хуыцау, Мӕн хуызӕн никуы ис ӕндӕр. 10 Исты ӕрцӕуинаг хабары тыххӕй дзӕвгар раздӕр фӕзӕгъын, ахӕм ӕмӕ ахӕм хабар ӕрцӕудзӕни, зӕгъгӕ. Ӕз кӕддӕриддӕр сӕххӕст кӕнын Мӕ фӕнд, Мӕ мидзӕрдӕйы цы фӕзӕгъын, уый. 11 Скӕсӕнӕй, дард бӕстӕй, фӕсидтӕн цӕргӕсмӕ, Мӕ фӕнд Мын чи сӕххӕст кӕндзӕн, уыцы лӕгмӕ. Ӕз, рагагъоммӕ цы загътон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн, цы скарстон, уымӕн ӕнӕ ’рцӕугӕ нӕй. 12 Ӕрбайхъусут-ма Мӕм, хивастытӕ, йӕ амондӕй дардмӕ чи лидзы, уыдон: 13 уӕ сӕрибары дуг уын ӕрбаввахс кодтон, дард нал у. Рӕхджы рахӕцдзынӕн Сионы хохы сӕраппонд, Израил суыдзӕни Мӕ фӕлындӕн. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia