Исайа 45 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстКир — Хуыцауы байсӕрст 1 Дунедарӕг зӕгъы Йӕ байсӕрст Кирӕн: «Ӕз дын дӕ рахиз къухыл фидар хӕцдзынӕн. Дӕ дӕлбар дын бакӕндзынӕн адӕмты, паддзӕхтӕн байсдзынӕн сӕ хъомыс ӕмӕ-иу дын байгом кӕндзынӕн алы дуар, алы кулдуар. 2 Мӕхӕдӕг цӕудзынӕн дӕ разӕй ӕмӕ дын дӕ развӕндагыл зӕххӕмвӕз скӕндзынӕн алы хох, ныссӕтдзынӕн алы ӕрхуы дуар, ныппырх сын кӕндзынӕн се ’фсӕн ӕхгӕнӕнтӕ. 3 Дӕ къухмӕ ратдзынӕн дунейы мулк, арф ӕмбӕхст хӕзнатӕ. Ӕмӕ уӕд фендзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, Израилы Хуыцау, ӕмӕ дӕм дӕ номӕй кӕй дзурын, уый. 4 Нӕ Мӕ зыдтай, фӕлӕ дӕм Ӕз Мӕ цагъартӕ ӕмӕ Ме ’взӕрстыты — Йаковы байзӕддаджы, Израилы адӕмы сӕраппонд — фӕсидтӕн дӕ номӕй ӕмӕ дӕ скадджын кодтон. 5 Ӕз Дунедарӕг дӕн, Мӕн йеддӕмӕ Хуыцау нӕй. Ӕмӕ дын Ӕз радтон паддзахы бартӕ, кӕд Мӕ нӕ зыдтай, уӕддӕр. 6 Уадз ӕмӕ скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ иууылдӕр базоной, Мӕн йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау кӕй нӕй, уый. Ӕз — Дунедарӕг. 7 Ӕз фӕлдисын рухс дӕр ӕмӕ тар дӕр. Фарн дӕр ӕмӕ фыдбылыз дӕр Мӕнӕй рацӕуынц. Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕппӕт уыдӕттӕ Чи аразы, Уый. 8 Уӕлейӕ дӕлӕмӕ арвӕй зӕхмӕ ӕркӕлӕд раст тӕрхон! Ӕрцӕуӕд сӕрибары дуг! Иумӕ суадзӕнт тау раст тӕрхон ӕмӕ сӕрибар! Уыдӕттӕ фӕлдисын Мӕхӕдӕг — Дунедарӕг!» Хуыцау цы аразы, уый иууылдӕр Йӕхи бар у 9 Додой йӕ къона, йе Скӕнӕджы ныхмӕ чи рацӕуы, домгӕ Йӕ чи кӕны! Уый ницы у, дурыны саст ӕмӕ зӕххы рыджы йеддӕмӕ. Ӕлыджы мур куыд хъуамӕ бафауа дурынгӕнӕджы, уый цы ми кӕныс, зӕгъгӕ? Дурын дӕр йӕ саразӕгӕн куыд хъуамӕ бафидис кӕна, къухтӕ дын нӕй, ӕви, зӕгъгӕ? 10 Додой йӕ къона, йӕ фыдӕн афтӕ чи зӕгъы, дунейы рухс мын цӕмӕн фенын кодтай, йӕ мадӕн та — цӕмӕн мӕ ныййардтай, зӕгъгӕ! 11 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Стыр Хуыцау, йе Сфӕлдисӕг: «Мӕ адӕм цы бауыдзысты, уый тыххӕй Мӕ цы фӕрсут ӕмӕ Мын цы амонут, Мӕхи сфӕлдыстӕн цы кӕнон, уый? 12 Ӕз сарӕзтон зӕхх, сфӕлдыстон ыл адӕймаджы. Мӕхи къухтӕй айтыгътон уӕлӕрвтӕ ӕмӕ уӕларвӕфсадӕн бафӕдзӕхстон Ме ’гъдау ӕххӕст кӕнын. 13 Ӕз басидтӕн Кирмӕ, сразӕнгард ӕй кодтон Мӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынмӕ ӕмӕ йын йӕ развӕндаг слӕгъз кӕндзынӕн. Уый Мын ногӕй сараздзӕни Мӕ сахар, уацарӕй ссӕрибар кӕндзӕни Мӕ адӕмы, мызд ӕмӕ лӕвӕрттӕ нӕ бацагурдзӕн, афтӕмӕй», — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. Хуыцау ауды Йӕ адӕмыл 14 Дунедарӕг загъта: «Мысыры фӕллӕйттӕ дӕр, стӕй, Эфиопийы сӕудӕджерты къухы цы мулк бафтыд, уыдон дӕр сымахӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзысты, Мӕ адӕм, ӕмӕ, севайӕгтӕ, бӕзӕрхыг адӕм, уӕ цагъартӕ суыдзысты, ӕрбацӕудзысты уӕм рӕхысбӕстытӕй ӕмӕ уӕ разы ӕрзоныг кӕндзысты. Уӕ Хуыцаумӕ уын скувдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты, ӕрмӕстдӕр сымахӕн ис Хуыцау ӕмӕ Уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй, зӕгъгӕ». 15 Ды ӕцӕгдӕр Хуыцау дӕ, цӕстӕй фенӕн Кӕмӕн нӕй, Уый, Израилы Хуыцау, Ирвӕзынгӕнӕг. 16 Ӕмӕ, гуымирытӕ чи аразы, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр худинаджы гакк сбаддзӕн, аллайаг фӕуыдзысты ӕмӕ ӕрӕджиау сӕхиуыл ӕрхуддзысты, афтӕмӕй бабын уыдзысты. 17 Фӕлӕ Дунедарӕг мыггагмӕ фервӕзын кӕндзӕн Израилы адӕмы. Тъымы-тъыматӕм дӕр никуы фегад ӕмӕ фӕхудинаг уыдзысты. Хуыцау сиды ӕппӕт адӕмтӕм 18 Дунедарӕг Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх. Зӕххыл ӕрӕвӕрдта Йӕ фидар ӕгъдау. Афтидӕй йӕ нӕ ныууагъта, фӕлӕ йын сныв кодта, цӕмӕй йыл ӕрцӕрой Йе сконд адӕм. Ӕмӕ уыцы Хуыцау зӕгъы: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, Мӕн йеддӕмӕ ничи у Дунедарӕг. 19 Сусӕгӕй кӕнӕ талынг рӕтты никуы дзырдтон. Йаковы хӕдзарвӕндагӕн нӕ дзырдтон, дзӕгъӕлы Мӕ агурут, зӕгъгӕ. Ӕз Дунедарӕг дӕн, рӕстдзинад Чи дзуры ӕмӕ ӕцӕгдзинад Чи ӕргом кӕны, Уый. 20 Ӕрцӕут, ӕрбамбырд ут иууылдӕр, адӕмтӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззади, уыдон! Ӕнӕфенд сты, йӕ хъӕдын хуыцаугонды йӕ дӕларм чи рахӕсс-бахӕсс кӕны ӕмӕ, адӕймаджы ирвӕзын цы хуыцау нӕ кӕны, уымӕ кувджытӕ. 21 Уӕ кӕрӕдзийы афӕрсут, баныхас кӕнут ӕмӕ Мын зӕгъут, абон цытӕ цӕуы, уый тыххӕй незаманты рагацау чи загъта, Уый Ӕз — Дунедарӕг — нӕ уыдтӕн, ӕви? Мӕн йеддӕмӕ ничи у Хуыцау — рӕстӕвзар ӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау. 22 Уе ’ргом Мӕм раздахут, ӕппӕт дзыллӕтӕ, ӕмӕ фервӕзат, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн Хуыцау, Мӕн йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй. 23 Мӕхицӕй сомы кӕнын, Мӕ дзыхӕй рӕстдзинад кӕй цӕуы ӕмӕ Мӕ дзырдӕн аивӕн кӕй нӕй, уый тыххӕй: Мӕ разы ӕрзоныг кӕндзӕн алы адӕймаг, алы ӕвзаг сомы кӕндзӕни Мӕнӕй. 24 Мӕн тыххӕй дзурдзысты, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгмӕ ис рӕстдзинад ӕмӕ хъомыс, зӕгъгӕ». Дунедарӕгмӕ фыдгулы цӕстӕй чи каст, уыдон иууылдӕр ӕрхуддзысты сӕхиуыл ӕмӕ Йӕм ӕрбацӕудзысты. 25 Уый сраст ӕмӕ скадджын кӕндзӕн Израилы байзӕддӕгты се ’ппӕты дӕр. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia