Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 42 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Хуыцауы цагъар — адӕмтӕн рухсхӕссӕг

1 Дунедарӕг загъта: «Мӕнӕ Мӕ Лӕггадгӕнӕг — Йемӕ дӕн Ӕз, Ме ’взӕрст, Мӕ ахсджиаг. Мӕ Удӕй Йӕ схайджын кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмтӕн фехъусын кӕндзӕни Мӕ раст тӕрхон.

2 Быцӕу ӕмӕ хъӕр нӕ кӕндзӕн, уынгты Йын Йӕ хъӕлӕс нӕ фехъусдзысты.

3 Хъӕзы фаст зӕнг не ’рбасӕтдзӕн ӕмӕ ахуыссынӕввонг цырагъ нӕ бамынӕг кӕндзӕн. Ӕцӕг, Уый раст тӕрхон рахӕсдзӕн.

4 Не сӕдых уыдзӕни, нӕ бастайдзӕни, цалынмӕ зӕххыл раст тӕрхон ӕрфидар кӕна, уӕдмӕ. Йӕ амындтытӕм Ын ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты денджызгӕрон зӕххытӕ».

5 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, уӕлӕрвтӕ Чи сфӕлдыста ӕмӕ сӕ Чи айтыгъта, зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон сфӕлдисӕг, зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн царды комулӕфт Чи ратты, чидӕриддӕр зӕххыл цӕры, уыдонӕн царды комулӕфт Чи балӕвар кӕны, Уый:

6 «Ӕз, Дунедарӕг, фӕсидтӕн Дӕумӕ, Дӕ къухыл Дын хӕцдзынӕн ӕмӕ Дӕ хиздзынӕн фыдбылызӕй. Ды — Мӕ Фидыд адӕмимӕ — ӕппӕт адӕмтӕн рухс дӕ.

7 Куырмытӕн байгом кӕндзынӕ сӕ цӕстытӕ, ахӕстыты ракӕндзынӕ сӕ талынг ахӕстӕттӕй.

8 Ӕз Дунедарӕг дӕн. Уый Мӕ ном у, ӕмӕ Мӕ кад никӕмӕн ратдзынӕн, Мӕ намыс гуымирытӕн нӕ балӕвар кӕндзынӕн.

9 Раздӕр цы загътон, уый сӕххӕст ис. Ныр та зӕгъдзынӕн ног ныхас, зӕгъдзынӕн ӕй рагагъоммӕ, цалынмӕ нӕма сӕххӕст ис, уӕдмӕ».


Ног зарӕг скӕнут Хуыцауы кадӕн

10 Дунедарӕджы кадӕн ныззарут ног зарӕг! Стаут Ӕй, денджыздзаутӕ, денджызы цӕрӕгойтӕ ӕмӕ ӕппӕт бӕстӕтӕ, зӕххы алы кӕрӕтты!

11 Зарӕнт Ын ӕдзӕрӕг быдыры сахартӕ, Кедары байзӕддаджы хъӕутӕ, хӕхбӕсты адӕм хӕхты цъуппытӕй!

12 Кад скӕнӕнт Дунедарӕгӕн, стауӕнт ӕй алы бӕстӕты!


Хуыцау нал уромы Йӕ маст

13 Дунедарӕг рацӕудзӕни гуыппырсарау, разӕнгард уыдзӕни хӕцынмӕ. Уӕлахизы хъӕр ныккӕндзӕн ӕмӕ Йӕ хъомысӕй ныффалгӕрон кӕндзӕни Йе знӕгты.

14 Дунедарӕг зӕгъы: «Дзӕвгар фӕурӕдтон Мӕхи, ницы дзырдтон. Фӕлӕ ныр арӕг сылгоймагау хъӕрахст кӕнын, тыхулӕфтгӕнгӕ.

15 Сафтид кӕндзынӕн хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтӕ, сӕ зайӕгхал сын бахус кӕндзынӕн, байсысын кӕндзынӕн цӕугӕдӕттӕ, басур кӕндзынӕн цадтӕ.

16 Куырмыты акӕндзынӕн, нырмӕ кӕй нӕ зыдтой, ахӕм фӕндагыл, ӕнӕзонгӕ фӕндӕгтыл сӕ акӕндзынӕн. Сӕ размӕ сын тар ныррухс кӕндзынӕн, сӕ фӕндӕгтӕ сын слӕгъз кӕндзынӕн. Гъе афтӕ сыл ауддзынӕн, нӕ сӕ ныууадздзынӕн.

17 Уӕд, йӕ зӕрдӕ гуымирытыл чи дардта, сымах нӕ хуыцӕуттӕ стут, зӕгъгӕ, сын табу чи кодта, уыдон худинаджы бын фӕуыдзысты ӕмӕ алидздзысты».


Израил, Дунедарӕджы цагъар, куырм ӕмӕ къуырма у

18 Уӕ хъустӕ байгом кӕнут, къуырматӕ, уӕ цӕстытӕ байгом кӕнут, куырмытӕ, цӕмӕй уынат!

19 Афтӕ ’нхъӕл стут, ӕмӕ Дунедарӕг куырм ӕмӕ къуырма у? Уый, Йӕхицӕн лӕггадгӕнӕгӕн кӕй равзӕрста ӕмӕ Йӕ минӕвар кӕй скодта, уыдон сты куырм ӕмӕ къуырма.

20 Сымах бирӕ бӕргӕ федтат, фӕлӕ фиппайгӕ ницы кодтат, уӕ хъустӕ гом бӕргӕ уыдысты, фӕлӕ сӕ хъусгӕ нӕ кодтат.

21 Дунедарӕджы бафӕндыди Йӕ рӕстдзинад ӕрфидар кӕнын — Йӕ бӕрзонд, Йӕ кадджын Ӕгъдау, сымах бафхӕргӕйӕ, равдисын.

22 Уымӕн уӕ ныггӕныстон кодтой ӕмӕ бастыгътой, бадут ахӕстӕтты ӕмӕ хъоргъыты, уӕ фыдгулты амӕттаг баистут, ахастой уӕ, ӕмӕ уӕ ничи ссӕрибар кӕны, ничи домы фыдгултӕй, ацы адӕмы фӕстӕмӕ рауадзут, зӕгъгӕ.

23 Уыдӕттӕм уӕ йӕ хъус куыд ничи ӕрдардта, йӕ фидӕныл уӕ куыд ничи ахъуыды кодта?

24 Стигъджыты ӕмӕ абырджыты амӕттаг чи бакодта Израилы адӕмы, Йаковы байзӕддаджы? Уый Дунедарӕг уыд! — Йӕ разы кодтам тӕригъӕдджын митӕ. Йӕ амынд фӕндӕгтыл нӕ цыдыстӕм, Йе ’гъдау Ын не ’ххӕст кодтам.

25 Уӕд уыл Йӕ маст акалдта, ӕвирхъау хӕсты амӕттаг уӕ бакодта. Йӕ судзгӕ-уыраугӕ арт уыл алырдыгӕй ӕртыхсти, ӕмӕ йӕ нӕ фиппайдтат, арыдта уӕ, ӕмӕ йӕ нӕ хатыдыстут.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan