Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 40 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


«Дунедарӕгӕн фӕндаг скӕнут»

1 Уӕ Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ныфс бауадзут, ныфс, Мӕ адӕмы зӕрдӕйы!

2 Йерусалиммӕ рӕвдаугӕ дзурут. Зӕгъут ын, дӕ уацары бонтӕ, зӕгъ, фӕцыбыр сты, дӕ азым дын барст ӕрцыди. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы къухӕй дывӕр ӕфхӕрд баййӕфта йӕ тӕригъӕдты тыххӕй!»

3 Хъуысы фидиуӕджы хъӕлӕс: «Ӕрцӕттӕ кӕнут Бардарӕгӕн фӕндаг ӕдзӕрӕг быдыры, сӕмраст кӕнут нӕ Хуыцауӕн Йӕ цӕуӕнтӕ.

4 Алы дӕлвӕз дӕр йӕхиуыл схӕцӕд, алы хох, алы къуыбыр дӕр ӕрныллӕг уӕд, гакъӕттӕ сӕмраст уӕнт, къуыппытӕ, дзыхъхъытӕ слӕгъз уӕнт.

5 Ӕмӕ Дунедарӕджы кад раргом уыдзӕн, ӕмӕ Йӕ алы адӕймаг дӕр фендзӕн! Дунедарӕг Йӕхӕдӕг загъта афтӕ».

6 Цавӕрдӕр хъӕлӕс мын загъта: «Рахабар кӕн дӕ адӕмӕн!» Ӕз бафарстон: «Цы сын рахабар кӕнон?» «Адӕймаг кӕрдӕджы хуызӕн у, рӕсугъдӕй та — быдираг дидинӕджы ӕнгӕс.

7 Кӕрдӕг бахус вӕййы, дидинджытӕ баруайынц, Дунедарӕг сыл куы бафу кӕны, уӕд. О, адӕм кӕрдӕджы хуызӕн сты.

8 Кӕрдӕг бахус вӕййы, дидинджытӕ баруайынц, фӕлӕ нӕ Хуыцауы дзырд та баззайдзӕн ӕнустӕм».

9 Бӕрзонд хохмӕ схиз, Сионы сахар, фарны уац хӕссӕг! Дӕ хъӕлӕсы дзаг ныхъхъӕр кӕн, фарны уац хӕссӕг Йерусалим! Ныхъхъӕр кӕн, ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс! Мӕнӕ — уӕ Хуыцау, зӕгъгӕ, зӕгъ Иудейы сахартӕн!

10 Ӕрцӕуы Дунедарӕг Хуыцау — Уӕлахиздзау, хъомысджын ӕлдариуӕггӕнӕг. Йӕ хъомыс дӕр ӕмӕ Йӕ хъуыддӕгтӕ дӕр Йӕхи бар сты.

11 Йӕ адӕмы Йӕ фӕдыл хондзӕни, уӕрыччыты йӕ къухмӕ чи сисы, йӕ хъӕбысы сӕ чи хӕссы, сӕ мадӕлты сын йӕ фӕдыл рӕвдаугӕ хъӕлӕсӕй чи хоны, уыцы хорз фыййауы хуызӕн.


Хуыцау стыр у, гуымирытӕ та ницы сты

12 Денджыз армыдзаггай равдӕлон кӕнын кӕй бон у? Кӕй бон у уылынгӕй уӕлӕрвтӕ абарын? Зӕххы сыджыт чи бацӕуын кӕндзӕни къӕртайы мидӕг? Хӕхтӕ ӕмӕ къуылдымтӕ чи сбардзӕни тӕрӕзтыл?

13 Дунедарӕджы Удӕн фӕндагаразӕг чи уыд? Чи Йын уыди уынаффӕгӕнӕг? Ахуыр Ӕй чи кодта?

14 Кӕимӕ уынаффӕ кӕны, чи Йын амоны зонд, раст фӕндагыл Ӕй чи аразы? Чи Йын дӕтты зонындзинӕдтӕ, уӕлзонды фӕндаг Ын чи амоны?

15 Адӕмтӕ — доны ’ртах къӕртайы, тӕразы уӕлӕ — рыджы мур. Миты тъыфылау фелвасдзӕни денджызы сакъадӕхтӕ.

16 Ливаны хъӕды бӕлӕстӕ фаг не сты Дунедарӕджы аккаг нывонд басудзынӕн, йӕ цӕрӕгойтӕ та — иууылсудзинагӕн.

17 Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр ницы сты Йӕ разы — ницыдзинадӕй, афтиддзинадӕй къаддӕрыл нымад сты Уымӕ.

18 Уӕдӕ кӕимӕ абаринаг стут Хуыцауы? Кӕм ссардзыстут Уый хуызӕн?

19 Ӕрмдӕсныйы арӕзт джиппыуагъд хуыцаугонд? Зӕрингуырд ӕй скӕны сыгъзӕринӕй, сфӕлынды йӕ ӕвзист рӕхыстӕй.

20 Йӕ къух кӕмӕн нӕ амоны, уый та ахӕм лӕвар бакӕнынӕн равзары, ӕмбигӕ чи нӕ кӕны, ахӕм хъӕды лыггаг, ссары арӕхстджын ӕрмдӕсны, ӕмӕ йын уыцы хъӕдӕй скӕнын кӕны хуыцаугонд, йӕ бынаты фидар чи лӕууа, ахӕм.

21 Ау, ницы ’мбарут? Ницы фехъуыстат? Нӕ уын загъдӕуыди тӕккӕ райдианӕй? Зӕхх Чи скодта, уый уын ӕнӕзонгӕ у?

22 Зӕххы зиллаккӕн йӕ сӕрмӕ бады Уый. Зӕххыл чи цӕры, уыдон цъырцъырӕгтӕй уӕлдай не сты. Уый та уӕлӕрвтӕ айтыгъта уӕздан уӕфтӕй, ӕрцарӕзта сӕ цатырау, цӕмӕй сӕ быны уа цӕрӕн.

23 Зӕххон барджынтӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ Йӕ цуры ницы сты, ӕмӕ сӕ бабын кӕндзӕн.

24 Куыддӕр сӕхиуыл уӕлӕмӕ схӕцой ӕмӕ зӕгъой, мӕнӕ ныр нӕ къӕхтыл фидар слӕууыдыстӕм, зӕгъгӕ, афтӕ сыл Дунедарӕг дымгӕ радымын кӕндзӕн, ӕмӕ бахус уыдзысты. Уаддымгӕ сӕ ахӕсдзӕни зыгуымау.

25 «Уӕдӕ Мӕ кӕй халдихыл нымайут, Мемӕ чи бары йӕхи?» — зӕгъы Стыр Хуыцау.

26 Уӕ цӕстытыл схӕцут уӕлӕмӕ, скӕсут уӕлӕрвтӕм ӕмӕ ахъуыды кӕнут, Чи сӕ сфӕлдыста, Ууыл. Чи сфӕлдыста уый бӕрц стъалытӕ? Чи сӕ базмӕлын кодта ӕнӕнымӕц ӕфсадау? Уый сӕ алкӕцымӕ дӕр дзуры йӕ номӕй. Иумӕ дӕр сӕ нӕ фӕвӕййы ӕнӕ фӕсидгӕ.

27 Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ, куыд дзурут сымах, Дунедарӕг Хуыцау ныл нӕ тыхсы, ферох нӕ кодта, зӕгъгӕ?

28 Ау, ницы зонут? Нӕ фехъуыстат, ӕнӕмӕлгӕ Дунедарӕг — Дунедарӕг Хуыцау — фӕллайгӕ ӕмӕ фӕлмӕцгӕ кӕй нӕ кӕны, уый?

29 Фӕлмӕст ӕмӕ стад лӕгӕн Йӕхӕдӕг куы дӕтты хъомыс.

30 Ӕрыгон лӕппутӕ дӕр бастайынц, сӕдых вӕййынц, сӕ къӕхтыл нал фӕлӕууынц.

31 Фӕлӕ Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕн ӕфтдзӕни сӕ хъаруйыл ӕмӕ цӕргӕсау айтынг кӕндзысты сӕ базыртӕ. Згъордзысты ӕмӕ фӕллад нӕ зондзысты, уайдзысты ӕмӕ нӕ бастайдзысты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan