Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уӕд авд сылгоймаджы иу нӕлгоймагыл ныххӕцдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Нӕхицӕн къӕбӕр ӕмӕ дарӕс нӕхӕдӕг амал кӕндзыстӕм, ӕрмӕст нӕ дӕхицӕн устытӕ скӕн, худинагӕй нӕ фервӕзын кӕн».


Йерусалимы цӕрджытӕ сыгъдӕджытыл нымад ӕрцӕудзысты

2 Ахӕм заман ралӕудзӕн, ӕмӕ, Израилы ма удӕгасӕй чи баззайа, уыдонмӕ Дунедарӕджы фӕндонӕй фӕзындзӕнис ӕвзонг тала — зӕххы гуырдз, ӕмӕ уый Дунедарӕгӕн кӕндзӕни кад ӕмӕ цыт.

3 Сионы цӕрджытӕй удӕгасӕй чи баззайа, Йерусалимы сахары чи аирвӕза ӕмӕ, цӕмӕй Йерусалимы цӕрой, уый тыххӕй сӕ нӕмттӕ чиныджы фыст кӕмӕн ӕрцӕуой, уыдоны схондзысты уаз адӕм.

4 Афтӕмӕй Дунедарӕг се ’лгъаг чъизитӕ ӕрӕхсдзӕни Сионы чызджытӕн, Йӕ арттӕрхоны фӕрцы Йерусалимы сахар йӕ тугтӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн.

5 Дунедарӕг Сионы хох ӕмӕ, йӕ алфамбылӕйтты адӕм бӕрӕгбоны охыл кӕмӕ ӕрӕмбырд вӕййынц, уыцы бынӕтты сӕрмӕ равдисдзӕн, Йӕхӕдӕг уым кӕй ис, уый нысан: боныгон — ӕврагъ, ӕхсӕвы та — фӕздӕг ӕмӕ пиллон арты цӕджындз. Уыцы кады ӕмбӕрзӕн тыгъд уыдзӕн ӕппӕт сахары сӕрмӕ.

6 Адӕмӕн уыдзӕни цатырау, цӕмӕй сын аууон дара боны ӕнтӕфы, бааууон-иу сӕ кӕна къӕвда ӕмӕ тыгъдызӕйы заман.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan