Исайа 39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстВавилоны паддзахы минӕвӕрттӕ ӕмӕ Езекиа 1 Уыцы заман Баладаны фырт Меродах-Баладан, Вавилоны паддзах, фехъуыста, Езекиа кӕй фӕрынчын ӕмӕ йӕ низӕй кӕй сдзӕбӕх ис, уыцы хабар ӕмӕ йын лӕвӕрттӕ ӕрбарвыста фыстӕгимӕ. 2 Езекиайӕн ӕхсызгон уыди минӕвӕртты ӕрбацыд. Равдыста сын йӕ хӕзнадоны ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринтӕ, йӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, зынаргъ сой, йӕ хотыхты ӕфтауцуат ӕмӕ йе ’ппӕт ӕвӕрӕнтӕ, йӕ хӕлц. Цы нӕ сын равдыста Езекиа, ахӕмӕй йӕм ницыуал баззад йӕ галуаны дӕр ӕмӕ йӕ паддзахады дӕр. 3 Уӕд пехуымпар Исайа бацыди паддзах Езекиамӕ ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Цы дын дзырдтой уыцы адӕм? Кӕцӕй дӕм ӕрбацыдысты?» Езекиа загъта: «Дард бӕстӕй мӕм ӕрбацыдысты, Вавилонӕй». 4 Исайа та йӕ ноджыдӕр фӕрсы: «Дӕ галуаны цы федтой?» Езекиа йын дзуапп радта: «Ницы сӕ басусӕг кодтон. Мӕ галуаны ӕмӕ ме ’вӕрӕнты цыдӕриддӕр ис, уый сын равдыстон». 5 Уӕд Исайа загъта Езекиайӕн: «Байхъус, уӕдӕ, Уӕларвӕфсады Бардарӕг цы зӕгъы, уымӕ! 6 Ралӕудзӕн ахӕм заман, ӕмӕ дӕ галуаны цыдӕриддӕр ис, дӕ фыдӕлтӕ ныронг цыдӕриддӕр исбон самал кодтой, уый Вавилонмӕ ласт ӕрцӕудзӕн, иу мисхалы бӕрц дӕр дын дзы нал ныууадздзысты, — зӕгъы Дунедарӕг. — 7 Цы фырттӕ ма дын рантыса, уыдоны дӕр дын ахӕсдзысты Вавилонмӕ ӕмӕ сӕ уым паддзахы галуаны бафтаудзысты лӕггад кӕныныл». 8 Езекиа загъта: «Дунедарӕджы дзырд рӕстдзӕвин у». Йӕ ныхасыл ма бафтыдта: «Фӕлӕ ма уӕддӕр, цалынмӕ ӕз цӕрон, уӕдмӕ ӕдас уӕд нӕ бӕстӕ, йӕ фарн ма фесӕфӕд!» |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia