Исайа 38 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЕзекиайы фӕрынчын ӕмӕ йе сдзӕбӕхы ӕвдисӕйнаг 1 Уыцы бонты Езекиа фӕци мӕлӕтдзаг рынчын. Амоцы фырт, пехуымпар Исайа йӕм ӕрбацыд ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг дын фӕдзӕхсы, дӕ хӕдзаронтӕн, дам, ныууадз ныстуан, уымӕн ӕмӕ мӕлӕтдзаг низӕй нал сдзӕбӕх уыдзынӕ». 2 Езекиа къулы ’рдӕм азылди ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывта: 3 «О Дунедарӕг! Рох Дӕ ма уӕд, иузӕрдион Дыл кӕй уыдтӕн, уый. Зӕрдиагӕй Дӕм хъуыстон, ӕдзух Дын Дӕ фӕндон ӕххӕст кодтон». Ӕмӕ ныккуыдта. 4-5 Уӕд Дунедарӕг Исайайӕн бафӕдзӕхста, Езекиамӕ бацу ӕмӕ йын Мӕ номӕй, Давиды Хуыцауы номӕй, зӕгъ: «Дӕ куывд дын фехъуыстон, федтон дын дӕ цӕстысыг дӕр ӕмӕ ма дын дӕттын фынддӕс азы цӕрӕнбон. 6 Ассирийы паддзахы фыдӕхӕй фервӕзын кӕндзынӕн дӕу дӕр ӕмӕ ацы сахар дӕр. Ӕз бахъахъхъӕндзынӕн Йерусалим. 7 Мӕнӕ дын нысан, Хуыцау Йӕ дзырд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый тыххӕй. 8 Ныртӕккӕ паддзах Ахазы конд асиныл дӕс къӕпхӕны бӕрц фӕстӕмӕ ссӕуын кӕндзынӕн хуры аууон». Ӕмӕ хур фӕстӕмӕ ссыди, цы дӕс къӕпхӕныл ӕрхызти, уыдоныл. Езекиайы бузныджы зарӕг 9 Езекиа йӕ низӕй куы сдзӕбӕх, уӕд ныффыста ацы куывд: 10 «Мӕхицӕн загътон, мӕ царды тӕккӕ ӕмбисы мӕ мӕрдтыбӕсты къӕсӕрыл бахизын хъӕуы. 11 Дзырдтон, нӕ фендзынӕн Дунедарӕджы, нӕ фендзынӕн Дунедарӕджы а дунейыл, нал рацӕудзынӕн адӕмы ’хсӕнмӕ. 12 Мӕ цӕрӕнуат мын ахӕсдзысты йӕ бынатӕй фыййауы мусонгау. Тынуафӕг йӕ тын куыд батухы, афтӕ батухдзынӕн мӕ цард. Ды мын ӕй алыг кӕндзынӕ, тынуафӕг цӕттӕ тын куыд алыг кӕны, уыйау. Бон ӕмӕ ӕхсӕв ӕнхъӕлмӕ кастӕн, кӕрон мын кӕд скӕндзынӕ, уымӕ. 13 Мӕхицӕн ныфсытӕ ӕвӕрдтон райсоммӕ, кӕд фӕдзӕбӕх уаин, зӕгъгӕ, фӕлӕ мын низ домбайау ме стӕг саста. О, бон ӕмӕ ӕхсӕв ӕнхъӕлмӕ кастӕн, кӕрон мын кӕд скӕндзынӕ, уымӕ. 14 Мӕ хъӕлӕс уыди зӕрватыччы цъиу-цъиуы, бӕлоны хъуырруйы хуызӕн. Арвы бӕрзондмӕ кастӕн ныфссастӕй ӕмӕ куывтон: „О Дунедарӕг! Нал фӕразын, фӕдзӕхсын дыл Мӕхи!“ 15 Ӕндӕр цы загътаин? Йӕхӕдӕг мын сарӕзта, ныфс мын цӕмӕй бавӕрдта, уый. Ӕмӕ ныр ӕнцад ӕрвитдзынӕн мӕ царды бонтӕ, мӕ уды хъизӕмар мысгӕйӕ. 16 О Дунедарӕг! Афтӕ цӕрынц адӕм, уыдӕтты мидӕг — йӕ царды мидис мӕ удӕн. Ды мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ, цард мын балӕвар кӕндзынӕ. 17 Мӕ хъизӕмар мын хорзӕрдӕм фӕци. Ингӕны къӕсӕрӕй мӕ раздӕхтай, мӕ тӕригъӕдтӕ мын Дӕ фӕсчъылдыммӕ фехстай дард. 18 Мӕрдтыбӕсты Дын ничи скад кӕндзӕн, мард чи у, уый нӕ ныззардзӕн Дӕ кадӕн. Ингӕнмӕ чи ныххиза, уый Дыл нӕ бафӕдзӕхсдзӕн йӕхи. 19 Ӕрмӕстдӕр ӕгас чи у, уый Дын скӕндзӕни кад мӕнӕ мӕнау абон. Фыд дзурдзӕн йӕ цотӕн, цӕмӕй Дыл фӕдзӕхсой сӕхи. 20 Дунедарӕг мӕ фервӕзын кӕндзӕн, ӕмӕ, цалынмӕ цӕрӕм, уӕдмӕ хъисфӕндыртӕй цӕгъддзыстӕм Йӕ Кувӕндоны». Езекиайы адзӕбӕх 21 Исайа загъта: «Ӕрбахӕссӕнт легъуиты хустӕ, йӕ хӕфдзастыл ын сӕ ӕрӕвӕрӕнт, ӕмӕ уӕд сдзӕбӕх уыдзӕн». 22 Езекиа бафарста: «Цӕмӕй базондзынӕн, ногӕй та Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ бацӕуын мӕ бон суыдзӕн, уый?» |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia