Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 37 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Езекиа уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта, скодта сӕхъис ӕмӕ Дунедарӕджы хӕдзармӕ бацыд.

2 Йӕ галуаны бӕрнылӕг Елиакимы, нымӕрдар Шевнайы ӕмӕ хистӕр сауджынты, сӕ уӕлӕ сӕхъистӕ, афтӕмӕй арвыста Амоцы фыртмӕ, пехуымпар Исайамӕ.

3 Уыдон ын загътой: «Езекиа афтӕ зӕгъы: ацы бон нӕ Хуыцау бафхӕрдта нӕ тӕригъӕдты тыххӕй. Нӕ фыдох ӕмӕ нӕ худинаджы заман ралӕууыд. Арын афон ӕрхӕццӕ ис, фӕлӕ ныййарынӕн хъару нӕй.

4 Ассирийы паддзах йӕ хистӕр дзагдары ӕрбарвыста цардӕгас Хуыцауӕн фидистӕ кӕнынмӕ. Тӕхуды ӕмӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, куы фехъусид, куыд ӕй фауынц, уый! Гъемӕ скув, удӕгас ма нӕ чи баззад, уыдоны тыххӕй».

5 Паддзах Езекиайы дӕлдӕртӕ Исайамӕ бацыдысты ӕмӕ йын паддзахы ныхӕстӕ рафӕзмыдтой.

6 Исайа сын загъта: «Уӕ хицауӕн зӕгъут, Дунедарӕг дын, зӕгъ, фӕдзӕхсы, Ассирийы паддзахы дӕлдӕртӕ Мӕн цы ныхӕстӕй фаудтой, уыдонӕй ма тӕрс.

7 Ӕз ын йӕ фӕнд аивын кӕндзынӕн. Ахӕм хабар фехъусдзӕн, ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхдзӕн йӕ бӕстӕм, ӕмӕ йӕ Ӕз йӕхи зӕххыл карды амӕттаг бакӕндзынӕн».


Ассириӕгты ног ӕртхъирӕнтӕ

8 Ассирийы паддзахы сӕйраг уырдыгыстӕг аздӕхти фӕстӕмӕ, ӕмӕ йӕм фӕндагыл фӕхабар чындӕуыд, Санхериб Лахишы сахар ныууагъта, зӕгъгӕ. Йӕ паддзахы баййӕфта Ливнӕйы сахары ныхмӕ хӕцгӕйӕ.

9 Санхерибмӕ фӕхабар чындӕуыд, Эфиопийы паддзах Тирхака йӕ ныхмӕ хӕцынмӕ рацыди, зӕгъгӕ. Иудейаг паддзах уый куы фехъуыста, уӕд иудейаг паддзах Езекиамӕ минӕвӕрттӕ арвыста,

10 цӕмӕй йын зӕгъой: «Сайгӕ дӕ кӕны дӕ Хуыцау, дӕ зӕрдӕ Кӕуыл дарыс, Уый, Йерусалим Ассирийы паддзахы къухтӕм нӕ бахаудзӕн, зӕгъгӕ дын кӕй дзуры, уымӕй.

11 Ӕнӕфехъусгӕ нӕ фӕуыдаис, Ассирийы паддзӕхтӕ ӕппӕт бӕстӕтӕн цытӕ бакодтой ӕмӕ сӕ куыд бабын кодтой, уый. Уӕд ма ды та куыд аирвӕздзынӕ?

12 Ау, мӕ фыдӕлтӕ кӕй ныццагътой, уыцы адӕмты — Гозан, Харан, Рецеф ӕмӕ, Телассары чи ис, уыцы Едены цӕрджыты — сӕ хуыцӕуттӕ фервӕзын кодтой?

13 Кӕм сты ныр Хамат ӕмӕ Арпады паддзӕхтӕ? Цы фесты Сефарваимы, Хенайы ӕмӕ Иввайы паддзӕхтӕ?»


Езекиайы куывд

14 Езекиа минӕвӕртты къухӕй фыстӕг райста ӕмӕ йӕ бакаст. Уый фӕстӕ Дунедарӕджы хӕдзармӕ бацыд ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы раз райхӕлдта.

15 Езекиа Дунедарӕгмӕ скуывта:

16 «Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, херувимтыл Ӕнцайӕг! Ды дӕ дунейы ӕппӕт паддзахӕдты иунӕг Хуыцау. Ды сфӕлдыстай арв ӕмӕ зӕхх.

17 О Дунедарӕг, ӕркӕс нӕм! Ӕркӕс нӕм ӕмӕ фехъус, Санхериб Дӕуӕн, цардӕгас Хуыцауӕн, цы фидистӕ кӕны, уый.

18 Ӕцӕгдӕр, о Дунедарӕг, Ассирийы паддзӕхтӕ ныггӕныстон кодтой ӕппӕт ацы бӕстӕтӕ,

19 басыгътой сын сӕ хуыцӕутты. Фӕлӕ уыдон хуыцӕуттӕ нӕ уыдысты. Адӕймаг сӕ хъӕд ӕмӕ дурӕй скодта, ӕмӕ ассириӕгты бон уымӕн баци сӕ ныппырх кӕнын.

20 Ды нӕ, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, фервӕзын кӕн Ассирийы паддзахӕй. Уадз ӕмӕ ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕ дӕр базоной, Ды, Дунедарӕг, иунӕг Хуыцау кӕй дӕ, уый».

21 Амоцы фырт Исайа арвыста Езекиамӕ, цӕмӕй йын рафӕзмой Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, ныхӕстӕ: «Ды Мӕм ӕххуысагур скуывтай Ассирийы паддзах Санхерибы ныхмӕ,

22 ӕмӕ йын Ӕз загътон: „Ӕлгъ дыл кӕндзысты ӕмӕ дыл худдзысты Сионы хохы цӕрджытӕ, Йерусалимы адӕм.

23 Кӕй фаудтай ды, Кӕмӕн фӕкодтай фидистӕ? Кӕуыл хъӕр кодтай, Кӕмӕ кастӕ ӕнӕввӕрсон цӕстӕй? Израилы Стыр Хуыцаумӕ.

24 Дӕ цагъартӕн бафӕдзӕхстай Мӕн фауын. Дӕхи стыдтай, мӕ бирӕ бӕхӕфсадимӕ, дам, схызтӕн хӕхты бӕрзӕндтӕм, Ливаны рӕгътӕм. Ныццагътон, дам, ын йӕ бӕрзонд кедр бӕлӕстӕ, йӕ хуыздӕр кипаристӕ. Схызтӕн, дам, ын йӕ бӕрзонддӕр хохмӕ, бацыдтӕн йӕ хуыздӕр хъӕдмӕ.

25 Ме знаджы зӕххыл дам-иу мӕхицӕн скъахтон цъайтӕ мӕ дойны сӕттынӕн. Мысырӕн, дам, йӕ цӕугӕдӕттӕ та байсысын кӕндзынӕн мӕ къӕхты бын.

26 Фӕлӕ-ма зӕгъ, дӕ хъустыл никуы ӕрцыдис, Ӕз уыдӕттӕ незаманты кӕй стӕрхон кодтон, уый? Ныр сӕ ӕххӕст кӕнын, ды сахартӕ куыд гӕныстон кӕныс, куыд сӕ пырх кӕныс, уыцы хуызы.

27 Сӕ цӕрджытӕн сӕ уд сӕ хъуырмӕ сси, ризӕг сыл бахӕцыд, худинаджы гакк сыл сбадти. Систы сыгъд быдыры кӕрдӕгау — куыддӕр схӕцы, афтӕ бахус вӕййы. Кӕнӕ уӕлхӕдзӕртты тыд мӕнӕуау — бахус вӕййы, ӕфсир нӕма рафтауы, афтӕмӕй.

28 Цыдӕриддӕр дӕм фӕндтӕ фӕзыны — зонын дын сӕ рагацау. Зонын, Мӕ разы куыд къӕйных дӕ, уый дӕр.

29 Дӕ къӕйных ӕмӕ де схъӕлдзинады кой Мӕ хъустыл кӕй ауад, уый тыххӕй дын дӕ фындзыл цӕг бакӕндзынӕн, дӕ дзыхы — идоны къӕбӕлтӕ ӕмӕ дӕ, кӕуылты ӕрбацыдтӕ, ууылты фӕстӕмӕ аздахдзынӕн“.

30 Дӕуӕн та, Езекиа, мӕнӕ нысан: ацы аз хӕрут, хӕдӕвзӕрдӕй цы хор ӕрзади, уый, иннӕ аз дӕр хӕрдзыстут, йӕхигъӕдӕй цы хор ӕрзайа, уый, ӕртыккаг аз та-иу байтаут ӕмӕ бафснайут уӕ хортӕ, скӕнут сӕндӕттӕ ӕмӕ хӕрут сӕнӕфсир.

31 Уӕд та, Иудӕйы байзӕддагӕй чи фервӕза, уыдон ауадздзысты арф уидӕгтӕ ӕмӕ ратдзысты хъӕздыг тыллӕг.

32 Уыцы байзӕддаг рацӕудзӕн Йерусалимӕй, Сионы хохӕй. Уыцы хъуыддаг ӕрцӕудзӕн, Уӕларвӕфсады Бардарӕг уыл ӕнувыд кӕй у, уый фӕрцы.

33 Уымӕ гӕсгӕ ма дын Ӕз, Дунедарӕг, ноджыдӕр зӕгъын: Ассирийы паддзах нӕ бафтдзӕни ацы сахармӕ, иу фат дӕр ыл не суадздзӕн, нӕ йӕм бацӕудзӕни кард ӕмӕ уартимӕ, нӕ йын самайдзӕн йӕ алыварс сыджытбыру.

34 Ардӕм кӕуылты ӕрбацыд, ууылты аздӕхдзӕни фӕстӕмӕ. Нӕ йын бантысдзӕн ацы сахармӕ бабырсын. Уый зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг!

35 Ӕз бахъахъхъӕндзынӕн ацы сахар, фервӕзын ӕй кӕндзынӕн Мӕхи ӕмӕ Мӕ цагъар Давиды сӕраппонд».


Дунедарӕджы зӕд цӕгъды ассириӕгты

36 Уӕд ассириӕгты рӕсӕнуатмӕ бацыди Дунедарӕджы ӕрвыст удхӕссӕг ӕмӕ сӕ амардта сӕдӕ ӕстай фондз мин хӕстоны. Райсомӕй се ’ппӕты дӕр ссардтой мардӕй.

37 Ӕмӕ уӕд фӕстӕмӕ аздӕхт Ассирийы паддзах Санхериб ӕмӕ баззади Ниневийы.

38 Йӕ хуыцау Нисрохы кувӕндоны кувгӕ куыд кодта, афтӕмӕй йӕ кардӕй амардтой йӕ фырттӕ Адрамелех ӕмӕ Сарецер ӕмӕ алыгъдысты Арараты бӕстӕм. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Есар-Хаддон.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan