Исайа 35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстФидӕны фарн 1 Райӕд фыр цинӕй ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ хус зӕхх, ӕрнӕг тыгъдад цинхъӕр кӕнӕд ӕмӕ дидинфӕз фестӕд! 2 Дидинӕг ракалӕд, цины хъӕр самайӕд, ма уӕд йӕ абухгӕ цинӕн кӕрон! Лӕвӕрд ын ӕрцӕуӕд Ливаны нӕргӕ кад, фестӕд Кармелау, Шаронау рӕсугъд! Уадз ӕмӕ адӕм сӕхи цӕстӕй феной не Скӕнӕг Хуыцауы кад ӕмӕ цыт! 3 Хъару та бауадзут уӕ лӕмӕгъ ӕмӕ ӕдых цӕнгты, ӕндон фестӕнт уӕ ризгӕ уӕрджытӕ! 4 Ныфссаст чи у, дзурут сын: фидар лӕуут, мацӕмӕй тӕрсут, уӕ Хуыцау ӕрцӕуы, фыдгултӕй райсдзӕн уӕ маст, ӕрцӕуы — сӕрибар уын ратдзӕн. 5 Уӕд куырмытӕн байгом уыдзысты сӕ цӕстытӕ, байгом уыдзысты къуырматӕн сӕ хъустӕ; 6 асӕррӕтт кӕндзӕни сагау къуылых, гоби чи уыди, уый цины хъӕр сисдзӕн. Фестдзӕни суадӕтты гуырӕн сыгъд быдыр, тыгъд быдыр — цӕугӕдӕтты бӕстӕ. 7 Тӕвд змис кӕм уыди, уым фестдзӕни цад, хуыскъ зӕххы та суадӕттӕ кӕлдзӕн. Мӕрдтыбирӕгътӕн сӕ цӕрӕн кӕм уыд — цъӕх-цъӕхид фӕз фестдзӕн, уым зайдзӕн цъӕнут ӕмӕ хъӕз. 8 Уыдзӕни уӕрӕх фӕндаг уым, Уазвӕндаг — йӕ ном. Ӕнӕсыгъдӕг ыл йӕ къах не ’рӕвӕрдзӕн, уый ӕрмӕстдӕр Йӕ агурӕгӕн уыдзӕн, ӕмӕ ӕдылы дӕр нӕ фӕдзӕгъӕл уыдзӕн, фыццаг хатт куы цӕуа, уӕд дӕр. 9 Никуы фендӕуыдзӕн уыцы фӕндагыл домбай кӕнӕ ’ндӕр тугдзых сырд. Дунедарӕг кӕй фервӕзын кодта, уыцы адӕм ыл цӕудзысты ӕрмӕстдӕр. 10 Дунедарӕг сӕрибар кӕмӕн радта, уыдон здӕхдзысты уыцы фӕндагыл Сионмӕ. Азӕлдзӕн дардыл сӕ цинхъӕр, мыггагмӕ сӕ цӕстытӕй ивылдзӕн цин. Алцӕмӕй уыдон уыдзысты райгонд, ферох кӕндзысты сӕ хъыг ӕмӕ маст. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia