Исайа 34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЕдомы сӕфт 1 Ӕввахс ӕрбалӕуут, алы адӕмтӕ, алы знӕмтӕ! Лӕмбынӕг ӕрбайхъусут! Ӕрбайхъусӕд ӕгас дуне, ӕппӕт зӕхх йӕ цӕрджытимӕ! 2 Дунедарӕджы маст ссыгъд ӕппӕт адӕмтӕм, ӕппӕт дзыллӕтӕм. Йӕ азары амӕттаг сӕ бакодта, мӕлӕты тӕрхон сын рахаста. 3 Сӕ мӕрдтӕ баззайдзысты уӕлӕуыл ӕмӕ сысмаг уыдзысты, хӕхтӕ ныуудӕсдзысты сӕ туджы. 4 Стъалытӕ бастъӕлдзысты, уӕлӕрвтӕ батымбыл уыдзысты тухгӕ чиныгау, сӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ӕрызгъӕлдзысты, сӕнӕфсир ӕмӕ легъуийы хус сыфтӕрау. 5 Уӕлӕрвты кардӕлвӕстӕй лӕууы Дунедарӕг, тӕрхон кӕнынмӕ ӕрхиздзӕн Едоммӕ, Йӕ азары амӕттаг бакӕнинаг кӕй у, уыцы адӕммӕ. 6 Туг ӕмӕ сой лӕдӕрсдзысты Дунедарӕджы кардӕй, фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ ’ргӕвдгӕйӕ куыд вӕййы, афтӕ. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг кусарт кӕндзӕни Боцрайы сахары, бирӕ ӕргӕвстытӕ уыдзӕн Едомы зӕххыл. 7 Семӕ афӕлдӕхдзысты хъӕддаг галтӕ дӕр, родтӕ ӕмӕ хъомылтӕ. Зӕхх ныддымсдзӕни сӕ тугӕй, ныттыппыр уыдзӕни сӕ фиуӕй. 8 Уый уыдзӕни Дунедарӕджы мастисӕн бон, Сионы фыдгултӕн се сӕфты заман. 9 Едомӕн йӕ дӕттӕ фестдзысты писи, йӕ мӕр — сондон. Афтӕмӕй йӕ зӕхх иууылдӕр фестдзӕни судзгӕ писи, 10 судздзӕн ӕппынӕдзух, бон дӕр ӕмӕ ӕхсӕв дӕр. Йӕ фӕздӕг калдзӕн ӕнусты, мыггагӕй-мыггагмӕ уыдзӕни ӕдзӕрӕг, лӕджы къах ыл никуыуал ауайдзӕн. 11 Фестдзӕни зымтӕ ӕмӕ уызынты бӕстӕ, сидахъхъытӕ ӕмӕ сынтыты цӕрӕн. Дунедарӕг ӕй абардзӕни бӕндӕнӕй ӕмӕ йын йӕ арӕнтыл алырдыгӕй ӕрӕвӕрдзӕн арӕндуртӕ, цӕмӕй мыггагмӕ уа гӕныстон ӕмӕ ӕдзӕрӕг. 12 Иу дӕр нал баззайдзӕн Едомы уӕздӕттӕй, йе ’лдӕрттӕ бабын уыдзысты иууылдӕр. 13 Каконтӕ, сындзкъутӕр ӕмӕ ичъийы бын фӕуыдзысты сӕ галуантӕ, сӕ фидӕрттӕ. Фестдзысты мӕрдтыбирӕгъты цӕрӕнтӕ, страусты бадӕнтӕ. 14 Уым кӕрӕдзиуыл ӕмбӕлдзысты хъӕддаг гӕдытӕ ӕмӕ гиенӕтӕ, хъӕддаг сӕгътӕ уым кӕрӕдзимӕ сиддзысты. Ӕхсӕвдзу ӕндӕргтӕ дзы уадздзысты сӕ фӕллад. 15 Ахстон дзы скӕндзӕни калм, ӕйчытӕ дзы ӕрӕфтаудзӕн ӕмӕ-иу сыл ӕрбаддзӕн. Цъиусуртӕ дзы ӕмбырд кӕндзысты. 16 Дунедарӕджы чиныгмӕ ӕркӕсут ӕмӕ базонат: уыдон иууылдӕр къайгай уыдзысты уым. Уымӕн ӕмӕ сын уый Дунедарӕгӕн Йӕхи фӕдзӕхст у, ӕрӕмбырд сӕ кӕндзӕн Йӕ Уды фӕрцы. 17 Алкӕй тыххӕй дӕр дзы хал сӕппардзӕн ӕмӕ бӕндӕнӕй абардзӕн Едомы зӕххӕй. Ӕмӕ уыцы хӕйттӕ ӕнусты уыдзысты сӕ бар, цӕрдзысты дзы мыггагӕй-мыггагмӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia