Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Фидӕны ӕдас замантӕ Сионы хохыл

1 Додой дӕ къона, гӕныстонгӕнӕг, ныронг гӕныстойнаг чи нӕма фӕци! Додой дӕ къона, фӕлитой стигъӕг, ныронг стигъджыты амӕттаг чи нӕма баци! Дӕрӕн кӕнын ӕмӕ стигъын куынӕуал фӕразай, уӕд дын дӕхи дӕр ныддӕрӕн кӕндзысты, дӕхи дӕр дын бастигъдзысты.

2 Дунедарӕг, тӕригъӕд бакӕн, мах нӕ зӕрдӕ Дӕуыл дарӕм, ӕрвылрайсом нӕ цонджы хъару басгуых, фыд заман нӕ фервӕзын кӕн!

3 Дӕ хъӕлӕсы ныннӕрдӕй адӕмтӕ лидзӕг фесты, Дӕ бынатӕй сыстадтӕ — фӕйнӕрдӕм ныххӕлиу сты.

4 Мӕтыхтау уын уыдон уӕ фӕллоймӕ бырстой, мӕтыхты ӕвзӕнау ыл сӕхи цавтой.

5 Цытджын у Хуыцау, уӕлӕрвты цӕрӕг! Сионы хохыл ӕрфидар кӕндзӕн Йӕ раст тӕрхон.

6 Уый уыдзӕни уӕ царды фидар бындур, фӕрныгӕй уын ратдзӕн ирвӕзындзинад, уӕлзонд ӕмӕ зонынад, Хуыцауы тас уе стырдӕр хӕзна суыдзӕн.

7 Йерусалимы цӕрджытӕ хъӕр кӕнынц уынгты, фидыды минӕвӕрттӕ сӕхи кӕуынӕй марынц.

8 Фӕндӕгтӕ сафтид сты, цӕуӕг сыл нӕй. Фыдгулты паддзах йӕ ныхас фӕсайдта, гадзрахатӕй ныл рацыд, фидыды ӕвдисӕнтӕ ницӕмӕ ӕрдардта. Нӕ адӕм ӕм нымады дӕр не сты.

9 Зӕхх ныххус ис, хъӕрзы. Ливан уӕнтӕхъилӕй баруад, Шарон ӕдзӕрӕг фестад, Башан ӕмӕ Кармелы бӕлӕстӕн сӕ сыфтӕр азгъӕлд.

10 Дунедарӕг зӕгъы: «Ныр Ӕз растдзынӕн, слӕудзынӕн ӕмӕ Ме ’ппӕт хъомыс раргом кӕндзынӕн.

11 Хосӕнхъӕлӕй хъӕмп ныййардзыстут. Уӕхи комулӕфт уын артау уӕхи басудздзӕн.

12 Адӕмтыл удӕст чъыры бон акӕндзӕн, бынсыгъд бауыдзысты хӕмпӕлгӕрдӕгау.

13 Дард Мӕм стут ӕви хӕстӕг — иууылдӕр ӕрбайхъусут ӕмӕ Мын Мӕ хъомыс базонут!»

14 Сионы тӕригъӕдджынтӕ фӕтарстысты, ӕмризӕджы барызтысты ӕмӕ загътой: «Ӕнауӕрдон артӕн чи бафӕраздзӕн? Ӕнӕхуысгӕ пиллоны мидӕг цӕрын кӕй бон бауыдзӕн?»

15 Ӕрмӕстдӕр уый бон, йӕ хъуыддӕгтӕ раст кӕмӕн сты, ӕдзух йе ’взаг рӕстдзинад кӕмӕн дзуры, мулк скӕныны охыл искӕй чи не ’фхӕры, гӕртӕмттӕ чи нӕ исы, туг ныккалыны уынаффӕтӕ чи нӕ хӕссы, хӕрам митӕ ӕнӕуынон кӕмӕн сты.

16 Ахӕм уаг кӕмӕдӕриддӕр уа, уыдонӕн сӕ цӕрӕнуӕттӕ уыдзысты бӕрзонд, ӕдас ран — хӕхты фидӕртты. Къӕбӕр ӕмӕ сӕ доны мӕт никуы уыдзӕн.


Дунедарӕг — нӕ Паддзах

17 Уӕхи цӕстӕй фендзыстут уӕ цытджын Паддзахы, фендзыстут парахат бӕстӕ.

18 Ӕрмӕстдӕр ма уӕ мысинӕгты баззайдзысты ацы ныхӕстӕ: «Мӕнӕ не ’фхӕрджытӕ», «Мӕнӕ хъалонисджытӕ», «Мӕнӕ, нӕ фидӕрттыл нын йӕ цӕст чи ӕрӕвӕрдта, уыдон».

19 Никуыуал фендзыстут уыцы къӕйных адӕмы, нал сын фехъусдзыстут се ’нахуыр, сӕ зынӕмбарӕн ӕвзаг.

20 Уӕ цӕст ахӕссут Сионыл, нӕ бӕрӕгбӕтты сахарыл, ӕмӕ фендзыстут Йерусалим, йӕ фӕрнджын бынат, йе ’нӕфенкъуысгӕ Уаз цатыр. Уымӕн йӕ цӕджындзтӕ никуы ӕрцӕудзысты къахт, никуы атондзӕн йӕ бӕндӕнтӕй иу дӕр.

21 Уыцы сахар фыдгулӕй бахизынӕн нал бахъӕудзӕн йӕ алыварс цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ уӕрӕх къанӕуттӕ кӕнын, Дунедарӕг ӕй хъахъхъӕндзӕн Йӕхӕдӕг. Фыдгулты бӕлӕгътӕ ӕмӕ наутӕй сахармӕ иу дӕр ӕввахс не ’рбацӕудзӕн.

22 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг нӕ Тӕрхонгӕнӕг у, нӕ Уагӕвӕрӕг, нӕ Паддзах! Фыдгулӕй нӕ бахиздзӕн.

23 Нӕ бӕстӕ у денджызы науау, йӕ бӕндӕнтӕ — лӕмӕгъ, сӕ бон нал у наухъилтӕ бауромын, наупӕлӕзтӕ ныттынг кӕнын. Фӕлӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм заман, ӕмӕ, фыдгултӕй цы бирӕ фӕллой баззайа, уый дихгонд ӕрцӕудзӕн нӕ адӕмыл, суанг ма къуылыхтӕ дӕр райсдзысты се ’фтиаджы хай.

24 Бӕстӕйы цӕрджытӕй ничиуал рахъаст кӕндзӕн, ӕдзухъом, рынчын дӕн, зӕгъгӕ. Се ’ппӕтӕн дӕр барст ӕрцӕудзӕни сӕ азым.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan