Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Израилы фидӕны рӕстаг паддзах

1 Рӕхджы уын уыдзӕни рӕстаг Паддзах, ӕмӕ уӕд паддзӕхтӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ хицауиуӕг кӕндзысты.

2 Алчидӕр сӕ йӕ адӕмӕн уыдзӕни, сис дымгӕйӕ куыд бахизы, уӕлхӕдзар — тыгъдызӕйӕ, суадӕттӕ хус быдыры куыд бахъӕуынц, бӕрзонд къӕдзӕхы аууон ӕдзӕрӕг ран фӕллад лӕгӕн куыд баххуыс кӕны, уыйау.

3 Уӕд адӕмӕн сӕ цӕстытӕ райдайдзысты уынын, хъустӕ — хъусын.

4 Рӕузондты сӕры бацӕудзӕни зонд, гуылӕвзӕгтӕ райдайдзысты раст дзурын.

5 Ӕдылыдзӕфӕй, кадджын у, зӕгъгӕ, нал дзурдзысты фӕлитойы нал хондзысты ӕууӕнкджын.

6 Уымӕн ӕмӕ ӕнӕхуыцау ӕнӕхуыцау ныхӕстӕ кӕны, фыдвӕндтӕ кӕны йӕхимидӕг, ӕнӕхуыцау сты йӕ митӕ, Дунедарӕджы тыххӕй тӕригъӕд дзуры, ӕххормагӕн комдзаг хӕлӕг кӕны, дойныйӕ мӕлӕгӕн — дон.

7 Фӕлитой адӕймаг фыдбылыз аразӕг у, тӕрхоны раз йӕ налат ӕвзаг суадзы ӕмӕ мӕгуыр лӕджы бабын кӕны рӕстӕй.

8 Ӕууӕнкджын лӕгӕн та йӕ фӕндтӕ дӕр ӕфсармджын сты. Алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг у йӕ цӕсгом.


Фӕдзӕхст Йерусалимы сылгоймӕгтӕн

9 Ӕнӕсагъӕс сылгоймӕгтӕ ӕмӕ ӕнӕмӕт чызджытӕ, ӕрбайхъусут-ма, цы уын зӕгъон, уымӕ!

10 Иу афӕдз ӕмӕ къорд боны фӕстӕ фыр тӕссӕй нырриздзыстут, ӕнӕмӕттӕ! Уымӕн ӕмӕ нӕдӕр сӕнӕфсиртонӕнтӕ ралӕудзысты, нӕдӕр — тыллӕгӕфснайӕнтӕ.

11 Ӕмризӕджы ризут, ӕнӕмӕттӕ! Тӕрсут, ӕнӕмӕттӕ! Уӕ дарӕстӕ раласут ӕмӕ уӕ уӕлӕ сӕхъистӕ скӕнут.

12 Фыр адӕргӕй хойут уӕ риутӕ! Кӕут рӕсугъд хуымтӕ ӕмӕ сӕнӕфсиры зад талайыл!

13 Кӕут Мӕ адӕмы хуымтыл: каконтӕ ӕмӕ сындзыты бын фӕуыдзысты. Кӕут, уымӕн ӕмӕ хӕдзӕртты бамыр уыдзӕни цин, сахары мидӕг хъӕлдзӕгӕн йӕ кой, йӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕн.

14 Уымӕн ӕмӕ галуан дӕр сафтид, сахар дӕр федзӕрӕг уыдзӕн. Ныккӕлдзысты Офел ӕмӕ хъахъхъӕнӕн мӕсыг, ӕмӕ дзы мыггагмӕ ӕрбынат кӕндзысты хъӕддаг хӕрджытӕ, ривӕд дзы кӕндзысты фосы дзугтӕ,

15 цалынмӕ ныл Дунедарӕг бӕрзондӕй Йӕ Уды арфӕ не ’руадза, уӕдмӕ. Ӕмӕ уӕд ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕни дыргъдон, дыргъдон та хъӕды хуызӕн суыдзӕн.

16 Уӕд Хуыцауы раст тӕрхон ӕрфидар уыдзӕн алы ран дӕр, ӕдзӕрӕг быдыры уа ӕви дыргъдоны.

17 Уӕд раст тӕрхоны фӕрцы мыггагмӕ ӕрбынӕттон уыдзысты фарн, ӕнцой ӕмӕ ӕдасдзинад.

18 Мӕ адӕм цӕрдзысты фӕрнджын ран, ӕдас, ӕнӕмастӕй.

19 Их-иу куы ныууара — ӕрмӕстдӕр хъӕды бӕлӕстыл. Сахары цӕрджытӕ-иу дӕлвӕзмӕ ӕрхиздзысты ӕдасӕй, ӕнӕкъуылымпыйӕ.

20 Тӕхудиаг уыдзыстут: байтаудзыстут донӕфсӕст хуымтӕ иууылдӕр, алы ран хиздзыстут уӕ галтӕ ӕмӕ уӕ хӕрджыты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan