Исайа 31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстДодой йӕ къона, Мысырӕй ӕххуысӕнхъӕл чи у, уымӕн 1 Додой сӕ къона, Мысырмӕ ӕххуысагур чи цӕуы, се ’нӕнымӕц тохуӕрдӕттыл, сӕ тыхджын бӕхӕфсадыл йӕ зӕрдӕ чи дары, Израилы Уаз Хуыцаумӕ та йе ’ргом чи не здахы, Дунедарӕджы уынаффӕ чи нӕ агуры, уыдонӕн! 2 Афтӕмӕй куырыхон у Уый: фыдбылыз ӕруадздзӕн ӕмӕ Йӕ фӕнд нӕ аивдзӕн. Уый сыстдзӕни ӕнӕхуыцӕутты, фыдгӕнджытӕн ӕххуыс чи куры, уыдоны ныхмӕ. 3 Мысырӕгтӕн нӕй Хуыцауимӕ абарӕн, уыдон адӕмӕй уӕлдай ницы сты, сӕ бӕхтӕ дӕр Уд нӕ, буар сты. Дунедарӕг сӕм Йӕ къух сисдзӕн, ӕмӕ фӕкӕлдзӕни сӕрылхӕцӕг, кӕй сӕрыл хӕца, уый дӕр афӕлдӕхдзӕн, ӕмӕ бабын уыдзысты иумӕ. Дунедарӕг Йерусалимы сахар Йӕхӕдӕг фервӕзын кӕндзӕн ассириӕгтӕй 4 Дунедарӕг мын загъта: «Домбай йӕ амӕттаджы сӕрмӕ куыд фӕрыхы, суанг йӕ ныхмӕ бирӕ фыййӕуттӕ куы ’рӕмбырд вӕййынц, уӕд дӕр сӕ хъӕрӕй ӕмӕ сӕ уынӕрӕй куыннӕ фӕтӕрсы, афтӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг дӕр тох кӕндзӕни Сионы сӕраппонд, ацы хохы сӕрвӕлтау. 5 Маргъ йӕ ахстоны сӕрмӕ ратӕх-батӕх куыд байдайы, йӕ лӕппынты бӕллӕхӕй бахизыны охыл, афтӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг дӕр бахиздзӕни Йерусалим, бахъахъхъӕндзӕн ӕй, ныббардзӕн ын ӕмӕ йӕ фервӕзын кӕндзӕн». 6 Израилы байзӕддӕгтӕ, уе ’ргом раздахут, афтӕ тынг Кӕмӕй адард стут, Уымӕ! 7 Сымах уӕхицӕн ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин гуымирытӕ скодтат ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын стут. Фӕлӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ сӕ уе ’ппӕт дӕр аппардзыстут. 8 «Ассириӕгтӕн се сӕфт ӕрцӕудзӕни кардӕй, фӕлӕ адӕймаджы кардӕй нӕ; карды амӕттаг фӕуыдзысты, фӕлӕ уый адӕмы кард нӕ уыдзӕн. Лидзӕг фӕуыдзысты кардӕй, сӕ сахъ хӕстонтӕ суыдзысты цагъартӕ. 9 Фыр тӕссӕй сӕ паддзах дӕр лидзӕг фӕуыдзӕн, йӕ дӕлдӕртӕ — ӕфсады хицӕуттӕ — ӕмризӕджы нырриздзысты иудейаг тырысайы уындӕй!» — зӕгъы Дунедарӕг, Сионы хохыл Йӕ арт Кӕмӕн судзы, Йӕ къона Йерусалимы Кӕмӕн ис, Уый. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia