Исайа 30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстМысыримӕ цӕдис аразӕн нӕй! 1 «Хивӕнд цот, додой сӕ къона! — зӕгъы Дунедарӕг. — Фӕндтӕ, уынаффӕтӕ кӕнынц Ме ’вастӕй, цӕдисонтӕ скӕнынц сӕхицӕн, фӕлӕ Мӕ Уды амындӕй нӕ. Афтӕмӕй тӕригъӕд тӕригъӕдыл ӕфтауынц. 2 Мӕ пехуымпары ӕвастӕй ацӕуынц Мысырмӕ, фараон нӕ сӕрыл рахӕцдзӕн, йӕ базыры бын нӕ бакӕндзӕн, зӕгъгӕ. 3 Фӕлӕ фӕхудинаг уыдзысты ахӕм сӕрылхӕцӕгимӕ, сӕгад уыдзысты Мысыры базыры бын. 4 Сӕ паддзахы барджынтӕ ныридӕгӕн Цоаны сахармӕ бахӕццӕ сты, сӕ минӕвӕрттӕ та — Ханесмӕ. 5 Фӕлӕ фӕхудинаг уыдзысты се ’ппӕт дӕр, уымӕн ӕмӕ уыцы бӕстӕйы адӕмӕй нӕдӕр ӕххуыс фендзысты, нӕдӕр — пайда; ӕрмӕст фӕхудинаг ӕмӕ фӕфидиссаг уыдзысты». 6 Рагуац Негевы цӕрӕгойты тыххӕй: «Уӕззау ӕргъӕмтты бын тӕссаг фӕндагыл хуссармӕ фӕцӕуынц хайуантӕ. Сӕ размӕ ӕвиппайды фӕвӕййынц домбӕйттӕ, маргджын кӕлмытӕ ӕмӕ фат-кӕлмытӕ. Адӕм хӕрджытӕ ӕмӕ теуатыл ласынц хъӕздыг лӕвӕрттӕ, хӕзнатӕ — пайда кӕмӕй нӕ фендзысты, уыцы адӕмӕн лӕварӕн. 7 Мысырмӕ бынтон дзӕгъӕлы у сӕ каст, ницы дзы рауайдзӕн ӕппындӕр. Уымӕ гӕсгӕ Ӕз Мысыры схуыдтон ӕнӕзмӕлгӕ Рахав. 8 Уӕдӕ цу, фӕйнӕджы гӕбаз райс ӕмӕ йыл, цыдӕриддӕр дын загътон, уыдӕттӕ ныффыс. Уадз ӕмӕ уыцы фыст баззайа мыггагмӕ. 9 Ацы адӕм хиваст сты, фӕлывд цот Мын сты, Дунедарӕджы Ӕгъдаумӕ хъусын сӕ нӕ фӕнды. 10 Уыдон зонынджынтӕн фӕзӕгъынц, мауал, дам, дзурут рагуацтӕ, пехуымпартӕн та — мауал, дам, нын хъусын кӕнут рагацау рӕстдзинад, кӕнут нын козбау ныхӕстӕ, дзурут нын зӕрдӕхцон цӕстылуайӕнтӕ. 11 Рӕстдзинады фӕндагӕй, дам, иуварс ахизут ӕмӕ нын Израилы Уаз Хуыцауӕн Йӕ кой дӕр мауал кӕнут. 12 Уымӕ гӕсгӕ Израилы Уаз Хуыцау афтӕ зӕгъы: „Сымах уӕхи кӕй атигъ кодтат ацы ныхасыл, тыхми ӕмӕ мӕнгдзинадыл уӕ зӕрдӕ кӕй дарут, 13 уымӕ гӕсгӕ, бӕрзонд быру куы аскъуыйы ӕмӕ йын ӕвиппайды рафӕлдӕхынӕй тас куыд вӕййы, уыйау уыдзӕни сымах хъуыддаг дӕр уӕ азымы тыххӕй. 14 Уӕ хъысмӕт уыдзӕн, ӕлыгӕй конд дурын ӕнауӕрдонӕй куыд ныппырх кӕнынц, уый хуызӕн — дурын базгъӕлӕнтӕ вӕййы, ӕмӕ дзы иу сӕстаг дӕр ахӕм нал баззайы, къонайы артӕй зынг цӕмӕй райсай, донуатӕй дон цӕмӕй сисай“». 15 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, Израилы Уаз Хуыцау: «Фӕстӕмӕ куы раздӕхиккат ӕмӕ куы ӕрӕнцаиккат, уӕд фервӕзиккат. Уӕ зӕрдӕ Мыл куы дариккат, куы Мыл ӕууӕндиккат, уӕд уаиккат хъомысджын». Фӕлӕ сымах уый нӕ фӕнды 16 ӕмӕ дзурут, зӕгъгӕ, бӕхтыл алидздзыстӕм. Уӕдӕ алидздзыстут ӕцӕгдӕр! Дзурут, зӕгъгӕ, фӕтары уыдзыстӕм дугъон бӕхтыл. Гъемӕ уӕ фӕсте чи асура, уыдон уӕ баййафдзысты. 17 Иу лӕджы тасӕй уӕ лидзӕг фӕуыдзысты мин лӕджы, фондз лӕджы тасӕй та афтӕ лидздзыстут, ӕмӕ ма уӕ чи баззайа, уый уыдзӕни хохы цъуппыл сагъд наухъилау кӕнӕ къуылдымы сӕрыл сагъд тырысайау. 18 Фӕлӕ Дунедарӕг нӕ тагъд кӕны уӕ бафхӕрыныл, уромы Йӕхи; фӕнды Йӕ сымахӕн ныббарын, фӕтӕригъӕд уын кӕнын. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг раст тӕрхоны Хуыцау у. Тӕхудиаг сты, йӕ зӕрдӕ Йыл чи дары, уыдон! Дунедарӕг Йӕ адӕмы хъӕдгӕмттӕ байгас кӕндзӕн 19 Сионы хохыл цӕрджытӕ, Йерусалимы адӕм, бирӕ нӕ калдзыстут уӕ цӕссыг. Хуыцау уын ныббардзӕни, куы Йӕм сдзыназат, уӕд. Куыддӕр уын фехъуса уӕ дзыназын, афтӕ уын дзуапп ратдзӕни. 20 Дунедарӕг уӕ бафсаддзӕни хъыджы дзулӕй, хъизӕмары донӕй. Фӕлӕ уӕ Зондамонӕг Йӕхи нал ӕмбӕхсдзӕн сымахӕй, уӕ Зондамонӕджы уӕхи цӕстӕй фендзыстут. 21 Уӕ фӕндагыл галиуӕрдӕм кӕнӕ рахизӕрдӕм куы здӕхат, уӕд уӕ фӕсчъылдымӕй фехъусдзыстут: «Мӕнӕ ацы фӕндагыл ацӕут!» 22 Уӕд уын фенад уыдзысты уе ’взистахуырст гуымирытӕ, стӕй зӕриндонытылд гуымирытӕ. Ӕлгъыст фӕут, зӕгъгӕ, зӕгъдзыстут ӕмӕ сӕ фехсдзыстут бырӕттау. 23 Хуыцау уын уӕ хоры хуымтӕн ратдзӕни къӕвда, стӕй уӕ бафсаддзӕни дзаджджын тыллӕгӕй, ныккӕнӕн дӕр нӕ уыдзӕни уӕ хортӕн. 24 Уӕ галтӕ ӕмӕ уӕ хӕрджытӕ — уӕ хуымтӕ уын чи бакусы, уыдон — хӕрдзысты, бел ӕмӕ сагойӕ дымгӕмӕ кӕй ныддардтой, ахӕм холлаг, хуырхӕгимӕ хӕццӕйӕ. 25 Фыдгултӕ цагъды куы фӕуой, сӕ фидӕрттӕ куы ныппырх уой, уыцы бон хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтӕй азгъордзысты суадӕттӕ, къададӕттӕ. 26 Мӕй сӕрттивдзӕни хурау, хур та, цы у, уымӕй авд хатты рухсдӕрӕй, авд боны дӕргъы цы рухс ратты, уый йын цыма иу бонмӕ ӕрӕмбырд уыдзӕн, уыйау. Уыцы бон Дунедарӕг бабӕтдзӕни Йӕ адӕмы цӕфтӕ, байгас сын кӕндзӕни сӕ хъӕдгӕмттӕ. Хуыцау тӕрхон кӕны Ассирийӕн 27 Дардӕй ӕрбаввахс кӕны Дунедарӕджы ном! Йӕ маст судзы пиллон артау, ничи йын бафӕраздзӕн. Йӕ ком — йемыдзаг мастӕй, Йе ’взаг — алцы ныхъуырӕг артау. 28 Йӕ раулӕфт — абухгӕ фурдау, куы раивылы ӕмӕ дзы лӕг йӕ къубалы онг куы аныгъуылы, уыйау. Уый адӕмты сӕфты сасирӕй балуардзӕн; адӕмтыл бакӕндзӕни дзылар ӕмӕ сӕ уый рӕдыд фӕндагмӕ сараздзӕн. 29 Сымахӕн та азӕлдзысты уӕ зарджытӕ, уӕ уаз бӕрӕгӕхсӕв куыд уыдис, афтӕ. Цинӕй райдзӕни уӕ зӕрдӕ, Хуыцауы хохмӕ, Израилы фидармӕ, уадындзӕй цӕгъдгӕ чи ссӕуы, уыйау. 30 Уӕд ныййазӕлдзӕни Дунедарӕджы нӕргӕ хъӕлӕс; Йӕ хъомыс равдисдзӕни Йӕ фыр мӕстӕй пиллонкалгӕ арт, тыгъдызӕй ӕмӕ ихуарды хуызы. 31 Ассири ӕмризӕджы нырриздзӕн Дунедарӕджы хъӕрӕй, Йӕ лӕдзӕджы цӕфӕй. 32 Йӕ лӕдзӕджы алы цӕфимӕ дӕр айзӕлдзӕни далатӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъд. Дунедарӕг Ассирийы ныхмӕ схӕцдзӕни Йӕхӕдӕг ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кӕндзӕни. 33 Рагӕй цӕттӕ у, паддзах кӕм басудздзӕн, уыцы бынат; арф ӕмӕ уӕрӕх у уый, бирӕ цӕхӕр, бирӕ суг ис йӕ мидӕг. Дунедарӕджы раулӕфтӕй ныггуыпп кӕндзӕни, цыма йыл сондон ӕркалдӕуыд, уыйау. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia